Иов
23 Уӕд Иов загъта:
2 «Абон дӕр мӕ уавӕрыл нӕ разы кӕнын ӕмӕ хъаст кӕнын+,
Фырхъӕрзынӕй мӕ къухтӕ ӕруӕззау сты.
4 Мӕ хъуыддаг йӕ размӕ тӕрхонмӕ рахӕссин,
Ӕз дӕр ӕрхӕссин бӕлвырдгӕнӕнтӕ.
5 Ӕз бамбарин, цы дзуапп мын раттид, уый,
Цы мын зӕгъид, ууыл дзӕбӕх ахъуыды кӕнин+.
6 Ау, мемӕ йе стыр тыхӕй тох кӕнид?
Нӕ, нӕ! Уый мӕм ӕнӕмӕнг байхъусид+.
7 Уым рӕстзӕрдӕ адӕймаг йемӕ бафидаудзӕн.
Мӕ тӕрхонгӕнӕг мӕ ӕнустӕм ӕнаххосыл банымаид, ӕмӕ афтӕмӕй рацӕуин йӕ разӕй.
8 Скӕсӕнырдӕм ацӕуын – уым нӕй,
Фӕстӕмӕ раздӕхын, фӕлӕ йӕ нӕ фенын+.
9 Ацӕуын галиуырдӕм, кӕм архайы, уырдӕм, фӕлӕ йыл мӕ цӕст не ’рхӕцы.
Рахизырдӕм фӕзилы, фӕлӕ йӕ уӕддӕр нӕ ауынын.
11 Ӕз цӕуын йӕ къахвӕдтыл,
Ӕз цӕуын йӕ фӕндагыл ӕмӕ дзы иуырдӕм дӕр нӕ хизын+.
12 Йӕ дзыхӕй цы фӕдзӕхстытӕ рацыд, уыдоныл фидар хӕцын+.
Йӕ ныхӕстӕ+ йын хӕзнайау мӕ зӕрдӕйы ӕвӕрын, мӕ хӕс цы у, уымӕй сӕ тынгдӕр хъахъхъӕнын.
14 Мӕн тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн+,
Ӕмӕ ахӕм цыдӕртӕ уымӕ бирӕ ис.
15 Уый тыххӕй бацӕуын катайы йӕ разы,
Лӕмбынӕг ыл ахъуыды кӕнын, ӕмӕ дзы стӕрсын+.
17 Мӕ цӕсгом мын саудалынг ӕрӕмбӕрзта,
Фӕлӕ ӕз уӕддӕр хъусӕй нӕ лӕудзынӕн.