Нееми
9 Уыцы мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон+ та Израилы фырттӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты, сӕ уӕлӕ хъисынтӕ+ скодтой, сӕ сӕртыл сыджыт+ байзӕрстой ӕмӕ ком дардтой+. 2 Израилы байзӕддӕгтӕ иннӕ адӕмтӕй+ фӕхицӕн сты+ ӕмӕ слӕууыдысты ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй+ ӕмӕ сӕ фыдӕлты фыдракӕндты тыххӕй+ ӕргом дзырдтой+. 3 Ӕртӕ сахаты бӕрц*+ сӕ бынӕтты лӕугӕйӕ+ сӕ Хуыцау Йегъовӕйы закъоны чиныг хъӕрӕй кастысты+, ӕртӕ сахаты бӕрц та сӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕргом дзырдтой+ ӕмӕ-иу йӕ разы сӕ зонгуытыл лӕууыдысты+.
4 Йешуа, Вани, Кадмиил, Шевани, Вунни, Шереви+, Вани ӕмӕ Хенани лӕууыдысты, левиттӕн цы бӕрзонд лӕууӕн бынат+ уыд, уым ӕмӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хъӕрӕй+ куывтой. 5 Уый фӕстӕ левиттӕ Йешуа, Кадмиил, Вани, Хашавни, Шереви, Годи, Шевани ӕмӕ Петахи загътой: «Сыстут ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ+ арфӕ кӕнут+. О Хуыцау, арфӕ дын кӕнӕнт дӕ кадджын номӕн+, уымӕн ӕмӕ дӕ ном цыфӕнды кад ӕмӕ цыфӕнды арфӕйӕ дӕр бӕрзонддӕр у.
6 Иунӕг ды дӕ Йегъовӕ+. Ды скодтай уӕлӕрвтӕ+, суанг арвы бӕрзӕндтӕ дӕр ӕмӕ уӕларвон ӕфсӕдтӕ иууылдӕр+, зӕхх+ ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый+, денджызтӕ+ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уый+. Иууылдӕр дӕ фӕрцы сты удӕгас, ӕмӕ дын уӕларвон ӕфсӕдтӕ+ табу кӕнынц. 7 Йегъовӕ, ды дӕ ӕцӕг Хуыцау. Ды равзӕрстай Аврамы+, халдейаг+ Урӕй йӕ ракодтай ӕмӕ йӕ схуыдтай Авраам+. 8 Ды федтай, иузӕрдион дыл кӕй уыд, уый+, ӕмӕ йемӕ бадзырд скодтай+, загътай йын, ханаайнӕгты, хетты, аморейты, ферезейты, йевусейты ӕмӕ гергесейты зӕхх йӕ байзӕддӕгтӕн кӕй ратдзынӕ+. Ӕмӕ дӕ ныхас ӕххӕст кӕнын дӕр райдыдтай, уымӕн ӕмӕ ды раст Хуыцау дӕ+.
9 Ды федтай+, нӕ фыдӕлтӕ Египеты куыд хъизӕмар кодтой, уый. Сырх денджызы раз сын сӕ дзыназын фехъуыстай+. 10 Ӕмӕ нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдыстай, цӕмӕй фараоны, йӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ йӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр бафхӕрдтаис+, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтай, уыдон нӕ фыдӕлты ныхмӕ сӕ сӕрбӕрзондӕй+ кӕй цыдысты. Ды дӕ ном скадджын кодтай+, ӕмӕ дын ӕй абоны онг дӕр зонынц. 11 Сӕ разы сын денджыз адих кодтай+, ӕмӕ уыдон денджызы астӕуты сур зӕххыл ахызтысты+. Фӕстейӕ сӕ чи сырдта, уыдоны та денджызы арфмӕ нысхуыстай+, дур+ абухгӕ дӕтты+ куыд нысхойынц, афтӕ. 12 Бонӕй мигъы хуызӕн цӕджындзы цыдтӕ сӕ разӕй+, ӕхсӕвы та – артау судзгӕ цӕджындзы+ ӕмӕ сын цы фӕндагыл цӕугӕ уыд, ууыл сын рухс кодтай+. 13 Ды ӕрцыдтӕ Синайы хохмӕ+, уӕларвӕй семӕ ныхас кодтай+ ӕмӕ сын раст тӕрхӕттӕ+, рӕстаг закъӕттӕ+, хорз уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ+ радтай. 14 Загътай сын, цӕмӕй сын сабатбон+ уыдаид сыгъдӕг бон ӕмӕ сын дӕ лӕггадгӕнӕг Моисейы уылты фӕдзӕхстытӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъон радтай+. 15 Уӕларвӕй сын дзул радтай ӕмӕ сӕ бафсӕстай+, къӕдзӕхӕй сын дон рауагътай ӕмӕ сын сӕ дойны басастай+. Загътай сын, цӕмӕй ацыдаиккой+ ӕмӕ сӕхи бакодтаиккой, дӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ сын цы зӕххы тыххӕй расомы кодтай, сымахӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уый+.
16 Фӕлӕ нӕ фыдӕлтӕ сӕрбӕрзонд митӕ кодтой+. Схивӕнд сты+ ӕмӕ дын дӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. 17 Нӕ сӕ фӕндыд дӕумӕ хъусын+, ферох сӕ сты+, уыдоны тыххӕй кӕй сарӕзтай, уыцы диссӕгтӕ. Схивӕнд сты+ ӕмӕ сӕхицӕн хицау сӕвӕрдтой+, цӕмӕй фӕстӕмӕ Египетмӕ, цагъартӕ кӕм уыдысты, уырдӕм аздӕхтаиккой. Фӕлӕ ды хатыргӕнаг+, тӕригъӕдгӕнаг+ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау дӕ, ды мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс+, ӕгӕрон+ у де ’нувыд уарзт, ӕмӕ сӕ нӕ ныууагътай+. 18 Уыдон сӕхицӕн сызгъӕрин род скодтой+ ӕмӕ загътой: «Мӕнӕ дӕ Хуыцау – Египетӕй дӕ уый ракодта!»+ Ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдыстой, ӕппындӕр дӕ кӕй ницӕмӕ дардтой. 19 Фӕлӕ сӕ ды уӕд дӕр де стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ныууагътай+. Раздӕрау сӕ сӕрмӕ бонӕй цыди мигъы хуызӕн цӕджындз ӕмӕ сын фӕндаг амыдта+, ӕхсӕвы та – арты хуызӕн цӕджындз ӕмӕ сын цы фӕндагыл цӕугӕ уыд, ууыл сын рухс кодта+. 20 Дӕ тыхӕй*+ сӕ хайджын кодтай, цӕмӕй ӕмбаргӕ уыдаиккой. Маннӕйӕ сӕ цух нӕ уагътай+ ӕмӕ сын дон лӕвӕрдтай, цӕмӕй-иу сӕ дойны басастаиккой+. 21 Цыппор+ азы сын ӕдзӕрӕг быдыры хӕринаг лӕвӕрдтай. Ницы цух уыдысты+. Сӕ уӕлӕдарӕс нӕ ихсыд+ ӕмӕ-иу сӕ къӕхтӕ не срӕсыдысты+.
22 Паддзахӕдтӕ+ ӕмӕ сын адӕмты радтай ӕмӕ сыл сӕ зӕххытӕ байуӕрстай+. Гъемӕ Есевоны+ паддзах Сигоны+ зӕххытӕ ӕмӕ Васаны+ паддзах Огы+ зӕххытӕ бацахстой. 23 Арвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты, афтӕ сын сбирӕ кодтай сӕ фыртты+. Ӕмӕ сӕ бакодтай, сӕ фыдӕлтӕн сын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтай+, уыцы зӕхмӕ+, цӕмӕй йӕ бацахстаиккой. 24 Ӕмӕ сӕ фырттӕ+ ӕрцыдысты ӕмӕ уыцы зӕхх бацахстой+. Сӕхи цӕстӕй федтой, уыцы зӕххыл цӕрӕг ханаайнӕгты+ куыд басастай+, уый. Ды сын уыцы зӕххыл цӕрӕг паддзӕхты+ ӕмӕ адӕмты сӕ къухмӕ радтай+, цы уӕ фӕнды, уый сын кӕнут, зӕгъгӕ+. 25 Фидаргонд горӕттӕ+ ӕмӕ хъӕздыг зӕххытӕ+ бацахстой, сӕхи бакодтой алы диссӕгтӕй дзаг хӕдзӕрттӕ+, донӕн къахт дзыхъхъытӕ+, сӕнӕфсирдӕттӕ, оливӕбӕлӕсты дыргъдӕттӕ+ ӕмӕ алыхуызон дыргъбӕлӕстӕ. Ӕмӕ хордтой ӕмӕ бафсӕстысты+, цардӕй къӕртт ӕппӕрстой+ ӕмӕ де стыр хорздзинадӕй+ рӕвдыд уыдысты.
26 Фӕлӕ ӕгоммӕгӕс систы+, дӕ ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ дын дӕ закъоныл сӕ къух систой+. Дӕ пехуымпартӕ-иу сӕ фӕдзӕхстой, цӕмӕй сӕ дӕумӕ раздӕхтаиккой+, фӕлӕ-иу сӕ уыдон амардтой+. Ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, ӕппындӕр дӕ кӕй ницӕмӕ дардтой+. 27 Уый тыххӕй сӕ ды се знӕгты къухмӕ радтай+, ӕмӕ сӕ уыдон ӕфхӕрдтой+. Фӕлӕ-иу дӕм зын сахат ӕххуысмӕ дзыназын райдыдтой+, ӕмӕ-иу сӕ ды уӕлӕрвтӕй фехъуыстай+ ӕмӕ-иу сын де стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ+ гӕсгӕ ирвӕзынгӕнӕджы радтай+, цӕмӕй-иу сӕ се знӕгты къухӕй фервӕзын кодтаид+.
28 Фӕлӕ-иу сын куы фенцондӕр, уӕд та-иу, дӕ цӕсты ӕвзӕр цы у, уый аразын райдыдтой+, ӕмӕ-иу сӕ ды дӕр се знӕгты къухмӕ радтай, ӕмӕ-иу сӕ уыдон хӕрдмӕ скӕсын нӕ уагътой+. Стӕй та-иу дӕм раздӕхтысты ӕмӕ та-иу дӕм ӕххуысмӕ дзыназын райдыдтой+, ӕмӕ-иу сӕ уӕлӕрвтӕй фехъуыстай+ ӕмӕ та-иу сӕ де стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ фервӕзын кодтай+. 29 Ды сӕ фӕдзӕхстай+, цӕмӕй сын се ’ргом фӕстӕмӕ дӕ закъонмӕ раздӕхтаис+, фӕлӕ уыдон сӕрбӕрзонд митӕ кодтой+ ӕмӕ дын дӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Дӕ закъӕттӕ дын не ’ххӕст кодтой+ ӕмӕ уымӕй тӕригъӕд арӕзтой+, афтӕмӕй та сӕ чи ӕххӕст кӕна, уый уыдоны фӕрцы цӕрдзӕн+. Сӕ чъылдым* дӕм сыздӕхтой+, сӕхи цы фӕндыд, уый кодтой*+ ӕмӕ дӕм нӕ хъуыстой+. 30 Фӕлӕ сын ды бирӕ азты дӕргъы фӕрӕзтай+, дӕ пехуымпарты-иу дӕ тыхӕй схайджын кодтай ӕмӕ-иу сӕ уыдоны уылты фӕдзӕхстай+, фӕлӕ-иу дӕм хъусӕг нӕ уыди+. Ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты къухмӕ радтай+. 31 Фӕлӕ сӕ де стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ бындзагъд нӕ фӕкодтай+ ӕмӕ сӕ нӕ ныууагътай+, уымӕн ӕмӕ ды тӕригъӕдгӕнаг+ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау дӕ.
32 О нӕ Хуыцау, адӕймагыл тас чи ’фтауы+, уыцы стыр+ ӕмӕ хъомысджын+ Хуыцау, ды дӕ бадзырд ӕххӕст кӕныс+ ӕмӕ де ’нувыд уарзт не ’вгъау кӕныс+. О Хуыцау, гыццыл дӕм ма фӕкӕсӕнт+, Ассирийы паддзӕхты замантӕй абоны онг+ мах, нӕ паддзӕхтӕ+, нӕ кънйӕзтӕ+, нӕ сауджынтӕ+ ӕмӕ нӕ пехуымпартӕ+, нӕ фыдӕлтӕ+ ӕмӕ дӕ адӕм се ’ппӕт дӕр цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдон+. 33 Кӕд ныл ахӕм бӕллӕхтӕ ӕрцыд, уӕддӕр ды раст дӕ+, уымӕн ӕмӕ ды иузӕрдион+ уыдтӕ, мах та фыдхъуыддӕгтӕ арӕзтам+. 34 Нӕ паддзӕхтӕ, нӕ кънйӕзтӕ, нӕ сауджынтӕ ӕмӕ дын нӕ фыдӕлтӕ+ дӕ закъон не ’ххӕст кодтой+, дӕ фӕдзӕхстытӕ дын ницӕмӕ дардтой+ ӕмӕ-иу сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн куы лӕууыдтӕ+, уӕд-иу дӕм нӕ хъуыстой. 35 Сӕ паддзӕхты рӕстӕджы+, алцыдӕр сын парахатӕй куы лӕвӕрдтай+ ӕмӕ сын кӕй радтай ӕмӕ цӕст кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы хъӕздыг зӕххыл куы цардысты+, уӕд дын нӕ лӕггад кодтой+ ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ нӕ ныууагътой+. 36 Ӕмӕ абон мах стӕм цагъартӕ+. Ды нӕ фыдӕлтӕн ацы зӕхх уый тыххӕй радтай, цӕмӕй йын йӕ дыргътӕй хордтаиккой ӕмӕ сын йӕ хорздзинӕдтӕй хай уыдаид, мах та йыл цагъартӕ стӕм+. 37 Ацы зӕххы хъӕздыг тыллӕг+ хӕрынц, нӕ тӕригъӕдты+ тыххӕй нын нӕ сӕргъы кӕй сӕвӕрдтай, уыцы ӕцӕгӕлон паддзӕхтӕ+. Ӕмӕ сӕ цы фӕнды, уый нын кӕнынц нӕхицӕн дӕр ӕмӕ нӕ фосӕн дӕр, ӕмӕ цы фӕуӕм, уый нал зонӕм+.
38 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах фидар дзырд дӕттӕм+, фыссӕм ӕй ӕмӕ йыл нӕ кънйӕзты, нӕ левитты ӕмӕ нӕ сауджынты+ мыхуыр ӕвӕрӕм»+.