2 Самуилы
19 Уый фӕстӕ Иоавӕн загътой: «Паддзах Авессаломыл кӕуы ӕмӕ хъыг кӕны»+. 2 Ӕмӕ уыцы бон адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр ирвӕзындзинады бон нӕ, фӕлӕ масты бон фестад, уымӕн ӕмӕ адӕм фехъуыстой, паддзах йӕ фыртыл кӕй хъыг кӕны. 3 Ӕмӕ адӕм горӕтмӕ хъуызгӕ цыдысты+, тохы быдырӕй чи алыгъд, уыдон сӕ худинаг ӕмбӕхсгӕйӕ хъуызгӕ куыд фӕцӕуынц, афтӕ. 4 Паддзах та йӕ цӕсгом бамбӕрзта ӕмӕ хъӕрӕй куыдта ӕмӕ хъарӕг кодта: «Уӕ мӕ хъӕбул Авессалом! Авессалом, мӕ хъӕбул, мӕ хъӕбул!»+
5 Уӕд Иоав паддзахмӕ хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Дӕу тыххӕй абон дӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр – дӕхи+ ӕмӕ дын дӕ фыртты+ ӕмӕ дӕ чызджыты+, дӕ устыты+ ӕмӕ дӕ номылустыты+ чи фервӕзын кодта, уыдон,– фырӕфсӕрмӕй сӕхи цы фӕкӕной, уый нал зонынц, 6 уымӕн ӕмӕ ды уарзыс, йе сӕфт дӕ чи уыны, уыдоны, ӕмӕ дӕ чи уарзы, уыдонӕй та де сӕфт уыныс. Абон ды равдыстай, хистӕртӕ ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕ цӕсты кӕй ницы сты. Ныр ӕй ӕз зонын: Авессалом удӕгасӕй куы баззадаид, мах та не ’ппӕт дӕр куы амардаиккам, уӕд дӕм уый хуыздӕр фӕкастаид. 7 Ныр сыст, рацу дӕ лӕггадгӕнджыты размӕ ӕмӕ сӕ ныфс бауадз+. Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын: куы нӕ сӕм рацӕуай, уӕд ахсӕв демӕ иу адӕймаг дӕр нал баззайдзӕн+, ӕмӕ дын уый уыдзӕн, де ’рыгон бонтӕй дыл абоны онг цы бӕллӕхтӕ ’рцыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй фыддӕр бӕллӕх». 8 Уӕд паддзах сыстад ӕмӕ кулдуары раз ӕрбадт+, ӕмӕ адӕмӕн фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, паддзах кулдуары раз бады. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр паддзахы размӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой.
Израилӕгтӕ та иууылдӕр сӕ хӕдзӕрттӕм фӕлыгъдысты+. 9 Ӕмӕ Израилы ӕппӕт мыггӕгты дӕр адӕм быцӕу кӕнын райдыдтой ӕмӕ дзырдтой: «Не знӕгты къухӕй+ ӕмӕ нӕ филистимӕгты къухӕй паддзах фервӕзын кодта, ӕмӕ ныр та Авессаломы тыххӕй ардыгӕй лидзинаг фӕци+. 10 Нӕхицӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтам*+, уыцы Авессалом та тохы быдыры фӕмард+. Уӕдӕ ныр цӕуылнӕ исты аразут, цӕмӕй паддзахы фӕстӕмӕ ӕркӕнат?»+
11 Паддзах Давид та сауджынтӕм, Садокмӕ+ ӕмӕ Авиафармӕ+, арвыста ахӕм ныхас: «Иудӕйы хистӕр лӕгтимӕ+ аныхас кӕнут ӕмӕ сын зӕгъут: „Паддзахы фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ чи кӕны, уыдонӕй фӕстаг сымах цӕмӕн хъуамӕ уат? Ӕнӕхъӕн Израилы цы дзурынц, уый паддзахы хӕдзармӕ фӕхӕццӕ. 12 Ме ’фсымӕртӕ куы стут, мӕ туг ӕмӕ ме стӕг*+, уӕд сымах фӕстӕгтӕ цӕмӕн хъуамӕ уат уыцы хъуыддаджы?“ 13 Амессайӕн та зӕгъут+: „Мӕ туг ӕмӕ ме стӕг нӕ дӕ? Хуыцауы фыдӕх мӕ баййафӕд+, амӕй фӕстӕмӕ мын ды Иоавы бӕсты ӕфсады хистӕр куы нӕ уай, уӕд“»+.
14 Ӕмӕ паддзах Иудӕйы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ йӕхирдӕм раздӕхта+, ӕмӕ йӕм уыдон дӕр арвыстой, зӕгъгӕ, ӕрцу фӕстӕмӕ, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр иууылдӕр.
15 Ӕмӕ паддзах фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ араст ӕмӕ Иорданмӕ бахӕццӕ. Иудӕйы адӕм та Галгалмӕ+ ӕрцыдысты, цӕмӕй паддзахы размӕ ацыдаиккой ӕмӕ йӕ Иорданыл рахизын кодтаиккой. 16 Уӕд бахуримаг+ Шимей+ дӕр, Герӕйы+ фырт, Вениамины байзӕддаг, Иудӕйы адӕмимӕ паддзах Давиды размӕ атагъд кодта. 17 Шимеимӕ уыди Вениамины мыггагӕй иу мин адӕймаджы. Йемӕ ма рацыд, Саулы хӕдзары лӕггадгӕнӕг чи уыд, уыцы Сивӕ+ дӕр йӕ фынддӕс фыртимӕ+ ӕмӕ дыууын лӕггадгӕнӕгимӕ. Ӕмӕ паддзахӕй раздӕр ӕрбахӕццӕ сты Иорданмӕ. 18 Сивӕ доныл ахызт+, цӕмӕй паддзахы хӕдзаронты рахизын кодтаид ӕмӕ паддзахы зӕрдӕ балхӕдтаид. Ӕмӕ паддзах Иорданыл ахизынмӕ куы хъавыд, уӕд Герӕйы фырт Шимей йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд+ 19 ӕмӕ йын загъта: «Мӕ буц хицау мӕ аххосджыныл ма банымайӕд ӕмӕ ма ӕрхъуыды кӕнӕд, мӕ буц хицау, паддзах Иерусалимӕй куы рацӕйцыд, уӕд дӕ цагъар цы ӕвзӕрдзинад ракодта, уый+. Паддзах уыцы хабар йӕ зӕрдӕйы ма хӕссӕд+. 20 Дӕ цагъар ӕй йӕхӕдӕг дӕр зоны, тӕригъӕд кӕй сарӕзта. Ӕмӕ абон Иосифы фырттӕй+ ӕз се ’ппӕтӕй фыццаг уымӕн рацыдтӕн мӕ буц хицауы, паддзахы размӕ».
21 Уӕд Саруйӕйы+ фырт Авессӕ+ загъта: «Шимей Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕджы кӕй ӕлгъыста, уый тыххӕй йӕ амарын нӕ хъӕуы?»+ 22 Фӕлӕ Давид загъта: «Мах цы хъуыддаг ис+, Саруйӕйы фырттӕ? Мӕ ныхмӕ цӕмӕн цӕут абон?+ Ау, абон уыцы бон у, ӕмӕ Израилы искӕй амарой?+ Ӕви йӕ мӕхӕдӕг нӕ зонын, ныр Израилы паддзах ӕз кӕй дӕн, уый?» 23 Стӕй паддзах Шимейӕн загъта, нӕ амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын расомы кодта+.
24 Паддзахы размӕ рацыд Саулы фырты фырт Мемфивосфей+ дӕр. Паддзах куы ацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Мемфивосфей йӕ къӕхтӕ не ’хсадта+, йӕ рихитӕ не ’лвыдта+ ӕмӕ йӕ дзаумӕттӕ дӕр не ’хсадта, цалынмӕ паддзах фӕстӕмӕ фарнимӕ не ’рыздӕхт, уӕдмӕ. 25 Ӕмӕ Иерусалиммӕ куы ’рцыд, цӕмӕй паддзахыл сӕмбӕлдаид, уӕд ӕй паддзах бафарста: «Мемфивосфей, ды мемӕ цӕуылнӕ рацыдтӕ?» 26 Уый йын загъта: «Мӕ буц хицау, мӕ лӕггадгӕнӕг+ мыл сайдӕй рацыд. Дӕ цагъар ын загъта, хӕрӕгыл-ма мын саргъ сӕвӕр, цӕмӕй йыл сбадон ӕмӕ паддзахимӕ ацӕуон, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ цагъар къуылых у+. 27 Уый та мӕ буц хицауы раз дӕ цагъары фыдкой фӕкодта+. Фӕлӕ мӕ буц хицау ӕцӕг Хуыцауы зӕдӕй+ уӕлдай нӕу. Гъемӕ дӕм хуыздӕр куыд кӕсы, афтӕ бакӕн. 28 Мӕ буц хицауы раз мӕ фыды хӕдзаронтӕ се ’ппӕт дӕр мӕлӕт йеддӕмӕ ницы аккаг сты, ды та дӕ цагъары, дӕ фынгӕй чи хӕры, уыдоны ’хсӕн ӕрбадын кодтай+. Ӕмӕ ма уӕд паддзахӕн куыд хъуамӕ рахъаст кӕнон?»+
29 Фӕлӕ йын паддзах загъта: «Уый тыххӕй ма цы дзурыс? Ӕз мӕ ныхас загътон: ды ӕмӕ Сивӕ зӕххытӕ уӕ кӕрӕдзийыл адих кӕндзыстут»+. 30 Мемфивосфей паддзахӕн дзуапп радта: «Иууылдӕр дӕр уый уӕнт+, уӕлдайдӕр та ныр – мӕ буц хицау, паддзах йӕ хӕдзармӕ фарнимӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд».
31 Паддзахмӕ Роглимӕй ӕрцыд галаадаг Верзели+ дӕр, цӕмӕй паддзахимӕ ацыдаид ӕмӕ йӕ Иорданы онг ахизын кодтаид. 32 Верзели уыди тынг зӕронд, цыди йыл ӕстай азы+. Паддзах Маханаимы+ куы уыд, уӕд ын уырдӕм хӕринаг ӕрвыста, уымӕн ӕмӕ тынг хъӕздыг лӕг уыд+. 33 Ӕмӕ паддзах Верзелийӕн загъта: «Цом мемӕ цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ, ӕмӕ Иерусалимы мемӕ иу фынгыл баддзынӕ»+. 34 Фӕлӕ Верзели паддзахӕн загъта: «Цал азы ма фӕцӕрдзынӕн, цӕй номыл ма цӕуын паддзахимӕ Иерусалиммӕ? 35 Ныр мыл ӕстай азы цӕуы+. Ӕмӕ ма хорз ӕвзӕрӕй иртасын? Науӕд, цы хӕрын ӕмӕ цы нуазын+, уымӕн ма йӕ ад ӕмбарын кӕнӕ ма зарӕггӕнджыты хъӕлӕс ӕвзарын?+ Уӕдӕ мӕ буц хицауӕн, паддзахӕн дӕ цагъар уаргъ+ цӕмӕн хъуамӕ уа? 36 Дӕ цагъар паддзахимӕ Иорданы онг иу гыццыл йеддӕмӕ куы нӕ рацыд, уӕд мын паддзах ахӕм хорзӕх цӕй тыххӕй хъуамӕ ракӕна?+ 37 Ауадз дӕ цагъары, ӕмӕ фӕстӕмӕ ацӕуон ӕмӕ мӕхи горӕты амӕлон+, мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад кӕм ныгӕд сты, уым+. Фӕлӕ мӕнӕ дӕ цагъар Кимгам+. Уадз ӕмӕ уый ацӕуӕд мӕ буц хицауимӕ, паддзахимӕ. Ӕмӕ дӕ хорзӕй цы фӕнды, уый уымӕн ракӕн».
38 Паддзах загъта: «Хорз, Кимгам мемӕ рацӕуӕд, ӕмӕ дӕ цы фӕнды, уый йын сараздзынӕн. Стӕй дӕуӕн дӕр сараздзынӕн, цыдӕриддӕр мын зӕгъай, уый». 39 Ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр Иорданы иннӕ фарсмӕ ахызтысты ӕмӕ паддзах дӕр цӕугӕдоныл ахызт. Паддзах Верзелийӕн апъа кодта+ ӕмӕ йын раарфӕ кодта+, ӕмӕ Верзели сӕхимӕ аздӕхт. 40 Паддзах цӕугӕдоныл куы ахызт, цӕмӕй Галгалмӕ+ ацыдаид, уӕд йемӕ ахызт Кимгам дӕр. Паддзахимӕ цыдысты Иудӕйы адӕм иууылдӕр, стӕй Израилы адӕмӕн се ’мбис.
41 Уӕд Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр паддзахмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ йын загътой: «Мах сусӕгӕй дӕ цӕмӕн+ акодтой не ’фсымӕртӕ, Иудӕйы адӕм? Паддзахы, йӕ хӕдзаронты ӕмӕ Давидӕн йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр Иорданыл уыдон цӕмӕн ахизын кодтой?»+ 42 Уӕд Иудӕйы адӕм Израилы адӕмӕн загътой: «Уымӕн ӕмӕ паддзах нӕ хион у+. Цӕуыл смӕсты стут? Мыййаг, паддзахы хардзӕй исты бахордтам кӕнӕ нын лӕвӕрттӕ ӕрбахастой?»
43 Фӕлӕ Израилы адӕм Иудӕйы адӕмӕн загътой: «Махӕн дӕс хайы ис паддзахады+, ӕмӕ нын Давидмӕ дӕр фылдӕр бартӕ ис. Ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нӕм цӕмӕн ракастыстут ӕмӕ нӕ цӕуылнӕ бауагътат, цӕмӕй паддзахы фыццаг+ мах ӕркодтаиккам?» Фӕлӕ Иудӕйы адӕмы ныхас Израилы адӕмы ныхасӕй карздӕр уыд.