ӔРТЫККАГ ЧИНЫГ
(Псаломтӕ 73–89)
Асафы зарӕг+.
73 Хуыцау бирӕ хӕрзты цӕуы Израилӕн, йӕ зӕрдӕ сыгъдӕг кӕмӕн у, уыдонӕн+.
2 Мӕн та мӕ къах иннӕрдӕм фӕцӕйхаста+,
Иу гыццыл ма, ӕмӕ мӕ къӕхтӕ фӕбырыдаиккой+.
3 Уымӕн ӕмӕ, фыдгӕнджыты фӕрнӕйдзаг цард уынгӕйӕ+,
Ӕз бахӕлӕг кодтон, йӕхицӕй чи ’ппӕлы, уыдонмӕ+.
4 Уыдон мӕлгӕ дӕр ӕнӕ тухӕнтӕй кӕнынц+.
Стыр гуыбынтӕ рауагътой+.
5 Хуымӕтӕг адӕймаг цӕуыл тыхсы, уый нӕ зонынц+,
Ӕмӕ сыл иннӕтау бӕллӕхтӕ нӕ цӕуы+.
6 Уый тыххӕй сын сӕрбӕрзонддзинад у хъуырылдаргӕ рӕхысау+,
Тыхми сын у уӕлӕдарӕсау+.
7 Сӕ цӕстытӕ фырнардӕй ӕддӕмӕ рабырыдысты+.
Сӕхӕдӕг дӕр ӕнхъӕл куыд нӕ уыдысты, афтӕ хорз цӕуынц сӕ хъуыддӕгтӕ+.
8 Уыдон кӕнынц ӕлхыскъ ныхас, дзурынц фыдхъуыддӕгтыл+,
Цӕстфӕлдахӕн митӕй ӕппӕлынц+.
9 Се ’ппӕлӕн ныхӕстӕ суанг арвмӕ хӕццӕ кӕнынц+,
Се ’взаг зӕххыл разил-базил кӕны+.
10 Йӕ адӕмы дӕр уый тыххӕй ӕрбакӕны фӕстӕмӕ ардӕм,
Ӕмӕ сын дон ис парахатӕй.
11 Уыдон дзурынц: «Кӕцӕй йӕ базондзӕн Хуыцау?+
Бӕрзондылбадӕг уыдӕттӕ зоны?»+
12 Афтӕ сты фыдгӕнджытӕ, цӕрӕнбонты кӕнынц ӕнӕмӕт цард+.
Сӕ мулк фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц+.
13 Уӕдӕ ӕз мӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы сыгъдӕг кодтон+,
Дзӕгъӕлы ӕхсадтон мӕ къухтӕ ӕнаххосдзинады+.
14 Алы бон дӕр мыл цӕуы бӕллӕхтӕ+,
Алы райсом дӕр мыл ӕмбӕлы уайдзӕфтӕ+.
15 Афтӕ куы загътаин, ӕз дӕр афтӕ дзурдзынӕн, зӕгъгӕ,
Уӕд дын дӕ фырттыл се ’ппӕтыл дӕр
Гадзрахатӕй рацыдаин+.
16 Ӕмӕ ӕз ууыл хъуыды кодтон, цӕмӕй йӕ бамбӕрстаин+,
Фӕлӕ йӕ мӕ бон нӕ уыд бамбарын,
17 Цалынмӕ Хуыцауы кадджын кувӕндонмӕ нӕ бацыдтӕн, уӕдмӕ+.
Фӕндыди мӕ сӕ фидӕн базонын+.
18 Ды сӕ ӕцӕгдӕр сӕвӕрдтай бырынцъаг ран+.
Сӕфтмӕ сӕ ӕркодтай+.
19 Цӕстыфӕныкъуылдмӕ диссагӕн дзуринаг куыд фесты!+
Куыд бабын сты, бӕллӕхы ӕвиппайды куыд фесӕфтысты!
20 Адӕймаг куы райхъал вӕййы, уӕд йӕ фын куыд ницӕмӕ ӕрдары, о Йегъовӕ+,
Афтӕ сӕ ды дӕр ницӕмӕ ӕрдардзынӕ, куы сыстай, уӕд+.
21 Мӕ зӕрдӕ уыд мастӕй дзаг+,
Мӕ хуылф дудгӕ рыст кодта+.
22 Ӕз уыдтӕн ӕнӕмбаргӕ, ницы зыдтон+.
Дӕ цӕсты сдӕн ӕнӕмбаргӕ цӕрӕгойы хуызӕн+.
23 Фӕлӕ ӕз ӕдзухдӕр демӕ дӕн+,
Ды мын хӕцыс мӕ рахиз къухыл+.
24 Ды мӕ кӕндзынӕ дӕ уынаффӕйы фӕрцы+,
Ӕмӕ мӕ уый фӕстӕ скадджын кӕндзынӕ+.
25 Чи мын ис уӕлӕрвты?+
Ӕмӕ мын зӕххыл дӕр дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр цин нӕй+.
26 Мӕ буар ӕмӕ мӕ зӕрдӕ ныллӕмӕгъ сты+.
Хуыцау у мӕ зӕрдӕйы ныфс ӕмӕ мӕ хай ӕнустӕм+.
27 Йӕхи дӕ дард чи ласы, уыдонӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн+.
Гадзрахатӕй дыл чи рацӕуы ӕмӕ дӕ чи ныууадзы, уыдоны фесафдзынӕ+.
28 Мӕнӕн та хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын+.
Ӕз мӕхи бакодтон Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы уазӕг+,
Цӕмӕй йын йе ’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй хъусын кӕнон+.