Амонӕгӕн. Хъисфӕндыртыл. Псалом, зарӕг.
67 Хуыцау нын йӕ хорзӕхӕй бахай кӕндзӕн ӕмӕ нын раарфӕ кӕндзӕн+.
Йӕ цӕсгомы рухс нӕм кӕлдзӕн+ (села́),
2 Цӕмӕй дын зӕххыл базоной дӕ фӕндаг+,
Ӕмӕ ӕппӕт адӕмты ’хсӕн – ды куыд ирвӕзын кӕныс, уый тыххӕй+.
3 Кадджын дӕ кӕнӕнт адӕмтӕ, о Хуыцау+.
Кадджын дӕ кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ+.
4 Адӕмыхӕттытӕн сӕ зӕрдӕ райӕд ӕмӕ фырцинӕй зарӕнт+,
Уымӕн ӕмӕ ды адӕмтӕн тӕрхон кӕндзынӕ рӕстӕй+.
Ӕмӕ зӕххыл адӕмыхӕттытӕн фӕндаг амондзынӕ. (Села́)
5 Кадджын дӕ кӕнӕнт адӕмтӕ, о Хуыцау+.
Кадджын дӕ кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ+.
6 Зӕхх ратдзӕн тыллӕг+,
Хуыцау, нӕ Хуыцау нын раарфӕ кӕндзӕн+.
7 Хуыцау нын раарфӕ кӕндзӕн+,
Ӕмӕ дзы ӕгас зӕххыл дӕр тӕрсдзысты+.