Маскил. Давиды псалом. Лӕгӕты куы ’мбӕхст, уӕд+. Куывд.
142 Йегъовӕмӕ дзынӕзтон ӕххуысмӕ+,
Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон, куырдтон дзы йӕ хорзӕх+.
2 Уымӕн фӕкодтон мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ+,
Уымӕн дзырдтон, цы маст ӕвзарын, уый тыххӕй+,
3 Мӕ бон куы нал уыди+, уӕд.
Ды мын зыдтай мӕ фӕндаг+.
Цы фӕндагыл цӕуын+,
Ууыл мын мӕ размӕ сӕвӕрдтой къӕппӕг+.
4 Рахизырдӕм куы акӕсай, уӕд фендзынӕ,
Иу дӕр мӕ кӕй ницӕмӕ дары+.
Кӕдӕм ма алидзон, уый нӕ зонын+.
Ничи мӕ фӕрсы, никӕй хъӕуын+.
5 О Йегъовӕ, дӕумӕ дзынӕзтон ӕххуысмӕ+.
Ӕз загътон: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн+.
Ды дӕ мӕ хай+ удӕгӕсты зӕххыл»+.
6 Фехъус мын мӕ дзыназын+,
Уымӕн ӕмӕ мӕм тыхы мур нал баззад+.
Фервӕзын мӕ кӕн, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдонӕй+,
Уымӕн ӕмӕ мӕнӕй тыхджындӕр сты+.
7 Мӕ уд мын ракӕн талынг ахӕстонӕй+,
Цӕмӕй дын дӕ ном кадджын кӕнон+.
Рӕстгӕнджытӕ ӕрбалӕууӕнт мӕ алыварс+,
Уымӕн ӕмӕ дӕ хорздзинадӕй цух нӕ дӕн+.