Псалом
Амонӕгӕн. Гиттит*+. Корейы фыртты псалом. Зарӕг.
2 Мӕ уд бӕллы Йегъовӕйы кӕртытӕм, батад уыдон мысгӕйӕ+.
Мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ буар фырцинӕй зарынц удӕгас Хуыцауӕн+.
3 Суанг цъиу дӕр ссары хӕдзар
Ӕмӕ зӕрватыкк скӕны ахстон йӕхицӕн
Ӕмӕ йӕ лӕппынтӕн
Дӕ кадджын нывондхӕссӕны раз, о Йегъовӕ, ӕфсӕдты хицау, мӕ Паддзах ӕмӕ мӕ Хуыцау!
6 Бакайы*+ къутӕртӕ кӕм зайы, уыцы ӕнӕдон дӕлвӕзы куы фӕцӕйцӕуынц,
Уӕд ӕй суадон фестын кӕнынц.
Ӕмӕ зондамонӕгӕн+ фӕарфӕ кӕнынц.
10 Иу бон дӕ кӕртыты – уый хуыздӕр у мин бонӕй ӕндӕр искуы+.
Фыддзинады цатырты цӕрыны бӕсты+
Фӕлтау лӕудзынӕн мӕ Хуыцауы хӕдзары къӕсӕрыл+,
11 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау у нӕ хур+ ӕмӕ нӕ уарт+,
Уый дӕтты хорзӕх ӕмӕ кад+.
Ӕнаипп чи у, уыдонӕн Йегъовӕ нӕ бавгъау кӕндзӕн хорздзинӕдтӕ+.
12 О Йегъовӕ, ӕфсӕдты хицау, амондджын у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ дӕуыл чи дары+.