Оси
2 Уе ’фсымӕртӕн зӕгъут: „Сымах стут мӕ адӕм!“+ Уӕ хотӕн зӕгъут: „Сымах стут, Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕмӕ равдыста, уыцы сылгоймӕгтӕ!“+ 2 Уӕ мадыл тӕрхонмӕ хъаст бахӕссут+, хъаст ыл бахӕссут, уымӕн ӕмӕ уый мӕ ус нӕу+, ӕз та йӕ лӕг нӕ дӕн+. Йӕ хӕтын ныууадзӕд ӕмӕ йӕ лӕгыл гадзрахатӕй мауал цӕуӕд+, 3 цӕмӕй йӕ ма сбӕгънӕг кӕнон+ ӕмӕ, йӕ райгуырды бон куыд уыд, афтӕмӕй йӕ ма ныууадзон+, ӕдзӕрӕг быдыр+ ӕмӕ йӕ ӕнӕдон бӕстӕ+ ма фестын кӕнон ӕмӕ йӕ дойныйӕ ма амарон+. 4 Йӕ фырттӕм ын фӕлмӕнзӕрдӕ нӕ уыдзынӕн+, уымӕн ӕмӕ, кӕимӕ хӕтыд, уыдонӕй сӕ ныййардта+. 5 Сӕ мад хӕтыд+. Йӕ гуыбыны сӕ чи хаста, уый худинаджы митӕ кодта+ ӕмӕ дзырдта: „Мӕ уарзӕтты фӕдыл фӕцӕуон+. Уыдон мын дӕттынц дзул ӕмӕ дон, къуымбил ӕмӕ кӕттаг, сой ӕмӕ нозт“+.
6 Уый тыххӕй йын ӕз йӕ фӕндаг сындзытӕй ӕрӕхгӕндзынӕн, йӕ разы йын дуртӕй къул самайдзынӕн+, ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ нал ссардзӕн+. 7 Йӕ уарзӕтты фӕдыл ныййарц уыдзӕн, фӕлӕ сӕ нӕ баййафдзӕн+, агурдзӕн сӕ, фӕлӕ сӕ не ссардзӕн. Ӕмӕ уӕд зӕгъдзӕн: „Цӕуон, фӕстӕмӕ мӕ фыццаг+ лӕгмӕ+ аздӕхон. Уӕд мын хуыздӕр куы уыди“+. 8 Фӕлӕ не ’мбӕрста+, хор+, адджын сӕн ӕмӕ йын сой ӕз кӕй лӕвӕрдтон, Ваалӕн кувынӕн цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин хардз кодтой, уыдон ын парахатӕй мӕ фӕрцы кӕй уыдысты, уый+.
9 „Гъемӕ ныр ӕз афтӕ нал бакӕндзынӕн. Хуымгӕрдӕн афон дзы мӕ хор байсдзынӕн, сӕнӕфсир тоныны афон та – мӕ адджын сӕн+. Байсдзынӕн дзы мӕ къуымбил ӕмӕ мӕ кӕттаг дӕр, йӕ бӕгънӕг буар кӕмӕй ӕмбӕрзы, уыдон+. 10 Йӕ уарзӕтты раз ын йе ’фсӕрмыйаг уӕнгтӕ байгом кӕндзынӕн+, ӕмӕ йӕ мӕ къухӕй ничиуал фервӕзын кӕндзӕн+. 11 Кӕрон ын скӕндзынӕн йӕ хъӕлдзӕг рӕстӕджытӕн+: йӕ бӕрӕгбӕттӕн+, мӕй куы сног вӕййы, уыцы бонтӕн+, йӕ сабатбонтӕн ӕмӕ, цыдӕриддӕр куывдтӕ скӕны, уыдонӕн. 12 Афтӕ кӕмӕй дзырдта, адон мын мӕ уарзӕтты лӕвӕрттӕ сты, зӕгъгӕ, уыцы сӕнӕфсирбӕлас+ ӕмӕ йын уыцы легъуибӕлас+ фесафдзынӕн, хъӕд сӕ фестын кӕндзынӕн+, ӕмӕ дзы хъӕддаг сырдтӕ ницыуал ныууадздзысты. 13 Ваалтӕн-иу+ нывӕндты фӕздӕг куы суагъта+, уыцы бонты тыххӕй дзы ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн+. Йӕхи-иу срӕсугъд кодта, хъусцӕджытӕ ӕмӕ-иу аивгӕнӕнтӕ скодта+ ӕмӕ-иу йӕ уарзӕтты фӕдыл ацыд+, мӕн та-иу ферох кодта“+,– зӕгъы Йегъовӕ.
14 „Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕз сразы кӕндзынӕн, ӕдзӕрӕг быдырмӕ+ йӕ акӕндзынӕн ӕмӕ йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕндзынӕн+. 15 Стӕй йын йӕ сӕнӕфсирдӕттӕ фӕстӕмӕ ратдзынӕн+ ӕмӕ йӕ Ахоры+ дӕлвӕзыл ныфсы зӕхмӕ бакӕндзынӕн. Ӕмӕ та мын дзуапп ратдзӕн, йе ’рыгон бонты+, Египеты зӕххӕй куы рацыд, уӕд куыд уыд, афтӕ+. 16 Ӕмӕ мӕ уыцы бон,– зӕгъы Йегъовӕ,– хондзӕн, мӕ лӕг, зӕгъгӕ, мӕ хицау, зӕгъгӕ мӕм нал дзурдзӕн“+.
17 „Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Ваалты нӕмттӕ йӕ дзыхӕй нал схаудзысты+, ӕмӕ сын сӕ нӕмттӕ хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн+. 18 Уыцы бон ӕз мӕ адӕмы тыххӕй бадзырд скӕндзынӕн хъӕддаг сырдтимӕ+, уӕларвон мӕргътимӕ ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр хилджытӕ ис, уыдонимӕ. Ӕмӕ уыцы зӕххӕй ӕрдын ӕмӕ хъама фесафдзынӕн, хӕстӕн кӕрон скӕндзынӕн+, ӕмӕ адӕм сӕхицӕн ӕдасӕй цӕрдзысты+. 19 Лӕппу ӕмӕ чызг куыд бафидауынц, афтӕ демӕ ӕнустӕм бафидаудзынӕн+, демӕ бафидаудзынӕн рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ, ӕнувыд уарзт ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ+. 20 Демӕ бафидаудзынӕн ӕмӕ дыл мӕ зӕрдӕ никуы сивдзынӕн, ӕмӕ ды зондзынӕ Йегъовӕйы“+.
21 „Уыцы бон ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн уӕлӕрвты курдиат,– зӕгъы Йегъовӕ,– уӕлӕрвтӕ сӕххӕст кӕндзысты зӕххы курдиат+, 22 зӕхх сӕххӕст кӕндзӕн хор+, адджын сӕн ӕмӕ сойы курдиат, ӕмӕ уыдон та сӕххӕст кӕндзысты Изреелы* курдиат+. 23 Мыггаг куыд байтауынц, афтӕ йӕ байтаудзынӕн зӕххыл+ ӕмӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕмӕ нӕ уыдтӕн+, уымӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисдзынӕн ӕмӕ, мӕ адӕм чи не сты, уыдонӕн зӕгъдзынӕн: „Сымах стут мӕ адӕм“+. Уыдон та зӕгъдзысты: „Ды дӕ нӕ Хуыцау“»+.