1 Коринфӕгтӕм
8 Ныр та мӕ зӕгъын фӕнды мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндты тыххӕй+: мах ӕй ӕмбарӕм, зонындзинӕдтӕ не ’ппӕтмӕ дӕр кӕй ис+. Фӕлӕ зонындзинӕдтӕй адӕймаг йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдайы, уарзондзинад та фидар кӕны+. 2 Кӕд исчи афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ цыдӕр зоны+, уӕд ӕй, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕма зоны+. 3 Фӕлӕ кӕд адӕймаг Хуыцауы уарзы+, уӕд уыцы адӕймаджы та Хуыцау зоны+.
4 Мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыны+ кой куы кӕнӕм, уӕд ӕй мах зонӕм, мӕнгхуыцау ӕппындӕр кӕй ницы у+ ӕмӕ иу Хуыцау йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцау кӕй нӕй+. 5 Кӕд арвыл+ ӕмӕ зӕххыл+ ис, хуыцӕуттӕ+ кӕй хонынц, ахӕмтӕ,– уымӕн ӕмӕ бирӕ ис «хуыцӕуттӕ» ӕмӕ «хицӕуттӕ»+,– 6 уӕддӕр махӕн ис ӕрмӕстдӕр иу Хуыцау+ – нӕ Фыд+. Ӕппӕт дӕр уый сфӕлдыста, ӕмӕ мах дӕр уый тыххӕй цӕрӕм+. Стӕй ис ӕрмӕстдӕр иу Хицау+ – Йесо Чырысти+. Ӕппӕт дӕр уый фӕрцы фӕзынд+, ӕмӕ мах дӕр уый фӕрцы цӕрӕм.
7 О, фӕлӕ уыдӕттӕ алчи нӕ зоны+. Иуӕй-иутӕ мӕнгхуыцӕуттыл афтӕ сахуыр сты, ӕмӕ исты куы фӕхӕрынц, уӕд сӕм ныр дӕр ма афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывонд хӕрынц+, ӕмӕ се ’фсарм, ӕвӕлтӕрд* кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕг нал вӕййы+. 8 Фӕлӕ хӕринагӕй Хуыцауы хорзӕх не ссардзыстӕм+: куы нӕ хӕрӕм, уӕддӕр дзы ницы сафӕм, ӕмӕ куы хӕрӕм, уӕддӕр хорзӕй ницы ссарӕм+. 9 Ӕрмӕст уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уын афтӕ кӕныны бар кӕй ис, уый, лӕмӕгъ чи у, уыдонӕн цӕлхдур ма суа+. 10 Уымӕн ӕмӕ исчи куы фена, ӕмӕ ды, алцыдӕр чи зоны, уый, мӕнгхуыцӕутты кувӕндоны фынгыл бадыс, уӕд, лӕмӕгъ чи у, уымӕ дӕр йе ’фсарм афтӕ не сдзурдзӕн, ӕз дӕр бахӕрон мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй, зӕгъгӕ?+ 11 Дӕ зонындзинӕдтӕй сафыс, лӕмӕгъ чи у, уый – Чырысти кӕй сӕрвӕлтау амард, уыцы ӕфсымӕры+. 12 Ӕмӕ кӕд уе ’фсымӕрты раз тӕригъӕд аразут ӕмӕ сын сӕ ӕвӕлтӕрд ӕфсарм+ тӕрхон цӕй тыххӕй кӕны, уый аразыныл сӕ ардаут, уӕд сымах тӕригъӕд аразут Чырыстийы раз. 13 Уӕдӕ кӕд хӕринаг ме ’фсымӕрӕн цӕлхдур у+, уӕд дзидза цӕрӕнбонты дӕр нал бахӕрдзынӕн, цӕмӕй ме ’фсымӕрӕн цӕлхдур ма суон+.