Дыккаг закъон
11 Уарз дӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ ӕмӕ алкӕддӕр ӕххӕст кӕн, йӕ разы дыл цы хӕстӕ ис, уыдон, йӕ уагӕвӕрдтӕ, йӕ закъӕттӕ+ ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ. 2 Сымах ӕй зонут, мӕ ныхас сымахмӕ кӕй у. Уӕ фырттӕм нӕу мӕ ныхас. Уыдон нӕ зонынц ӕмӕ нӕ федтой, уӕ Хуыцау Йегъовӕ зонд куыд амоны, уый+. Нӕ зонынц ӕмӕ йын нӕ федтой йӕ кад ӕмӕ йӕ хъомыс+, йӕ фидар къух+ ӕмӕ йӕ тыхджын цонг+, 3 Египеты зӕххыл фараоны раз, Египеты+ паддзахы раз, ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы раз цы нысӕнттӕ равдыста ӕмӕ сын цы сарӕзта, уый. 4 Нӕ федтой, Египеты ӕфсӕдтӕн, йӕ бӕхтӕн ӕмӕ йӕ бӕхуӕрдӕттӕн цытӕ бакодта, уый – фӕстейӕ уӕ куы расырдтой, уӕд сын Йегъовӕ сӕ размӕ Сырх денджызы дӕттӕ куыд рауагъта ӕмӕ сӕ куыд ныццагъта+, ӕмӕ ма абоны онг дӕр египетӕгтӕ сӕхимӕ нӕма ӕрцыдысты+. 5 Уыдон нӕ федтой, цалынмӕ ардӕм ӕрбахӕццӕ стут, уӕдмӕ уыл ӕдзӕрӕг быдыры куыд тыхсти; 6 нӕ федтой, Дафан ӕмӕ Авиронӕн+, Рувимы фырт Елиавы фырттӕн, цы бакодта, уый – зӕхх куыд фегом ӕмӕ сын сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ хӕдзаронты дӕр, сӕ цатыртӕ ӕмӕ сӕм цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр уыд, уыдон дӕр куыд аныхъуырдта ӕгас Израилы цӕстыты раз+. 7 Фӕлӕ сымах уӕхи цӕстӕй федтат, Йегъовӕ цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон иууылдӕр+.
8 Абон дын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ+ иууылдӕр ӕххӕст кӕн, цӕмӕй сфидар уай ӕмӕ бацӕуай, цы зӕхх бацахсынмӕ цӕуыс, уырдӕм ӕмӕ йӕ бацахсай+ 9 ӕмӕ цӕмӕй бирӕ фӕцӕрай+, Йегъовӕ дӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, сымахӕн ӕмӕ йӕ уӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн+, зӕгъгӕ, уыцы зӕххыл, ӕхсыр ӕмӕ мыд+ кӕм кӕлы, уыцы зӕххыл.
10 Цы зӕхх бацахсынмӕ цӕуыс, уый, кӕцӕй рацыдыстут, уыцы Египеты зӕххы хуызӕн нӕу. Уым-иу уӕ хуымтӕ байтыдтат ӕмӕ уӕ хъуыди уӕззау куыст кӕнын, цӕмӕй-иу зӕхх донӕй бафсӕстаиккат*, цӕхӕрадон донӕй куыд ӕфсадай, афтӕ. 11 Фӕлӕ ды цы зӕхх бацахсынмӕ цӕуыс, уый у, хӕхтӕ ӕмӕ дӕлвӕзтӕ+ кӕм ис, ахӕм зӕхх. Уый йӕхи ӕфсады уӕларвон къӕвдаты донӕй. 12 Уыцы зӕхмӕ зилы уӕ Хуыцау Йегъовӕ. Уӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕм ӕдзухдӕр йӕ цӕст дары+ – афӕдзы райдайӕнӕй афӕдзы фӕудмӕ.
13 Уӕдӕ уын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕм+ куы хъусат, уӕ Хуыцау Йегъовӕйы куы уарзат ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй куы лӕггад кӕнат+, 14 уӕд уын уый* уӕ зӕххӕн дӕтдзӕн къӕвдатӕ сӕ афоныл+ – фӕззыгон къӕвдатӕ ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ+,– ӕмӕ-иу уӕ хорӕй тыллӕг сисдзыстут, уыдзӕн уӕм адджын сӕн ӕмӕ сой. 15 Уӕ быдырты-иу уӕ фосӕн ӕрзайын кӕндзӕн кӕрдӕг+. Сымах хӕрдзыстут ӕмӕ уыдзыстут ӕфсӕст+. 16 Фӕлӕ-иу уӕд уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ ма фӕсайды уой+ ӕмӕ ма адзӕгъӕл уат, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын ма райдайат ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл ма лӕууат+. 17 Кӕннод уӕм Йегъовӕйы маст ссудздзӕн, ӕмӕ арвы дуӕрттӕ сӕхгӕндзӕн ӕмӕ къӕвда нал уардзӕн+, ӕмӕ зӕхх тыллӕг нал дӕтдзӕн. Ӕмӕ уӕд, Йегъовӕ уын кӕй дӕтты, уыцы хорз зӕххӕй уайтагъд фесӕфдзыстут+.
18 Мӕ ныхӕстӕ мын айсут ӕппӕт зӕрдӕйӕ+, ӕппӕт удӕй. Бабӕттут сӕ уӕ къухтыл, цыма уыл нысан ис, афтӕ, ӕмӕ уын уӕнт, цыма уӕ ныхтыл баст сты, афтӕ+. 19 Ӕмӕ сӕ амонут уӕ сывӕллӕттӕн* дӕр, дзурут сыл, хӕдзары куы бадат, фӕндагыл куы цӕуат, куы-иу схуыссат ӕмӕ-иу куы сыстат, уӕд+. 20 Ныффыссут сӕ уӕ хӕдзӕртты дуӕртты тарвӕзтыл ӕмӕ уӕ кулдуӕрттыл+, 21 цӕмӕй, Йегъовӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, сымахӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕххыл+ уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕ дӕр бирӕ фӕцӕрат+, арв зӕххы сӕрмӕ цас уыдзӕн, уыйбӕрц+.
22 Ӕз уын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытыл+ се ’ппӕтыл дӕр фидар куы хӕцат ӕмӕ сӕ куы ’ххӕст кӕнат, уӕ Хуыцау Йегъовӕйы куы уарзат+, йе ’ппӕт фӕндӕгтыл ын куы цӕуат+ ӕмӕ йыл ӕнувыд куы уат+, 23 уӕд Йегъовӕ ӕппӕт ацы адӕмты фӕсурдзӕн сымах тыххӕй+ ӕмӕ бацахсдзыстут, сымахӕй тыхджындӕр ӕмӕ стырдӕр чи у, уыцы адӕмты зӕххытӕ+. 24 Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат, уыцы зӕххытӕ бауыдзысты сымах+. Уӕ арӕнтӕ уыдзысты ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ливаны онг, Стыр цӕугӕдон Евфратӕй суанг ныгуылӕн денджызы онг+. 25 Уӕ ныхмӕ фӕлӕууын ничи бафӕраздзӕн+. Уӕ Хуыцау Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ-иу уӕ къах кӕм ӕрӕвӕрат, уыцы зӕххы цӕрджытӕ уӕ иууылдӕр тӕрсдзысты+, сӕ зӕрдӕты-иу тас бацӕудзӕн,– зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ.
26 Мӕнӕ, абон уӕ разы ис арфӕдзинад ӕмӕ ӕлгъыст+. 27 Арфӕдзинадӕй хайджын уыдзыстут, уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм+, абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыдонмӕ куы хъусат, уӕд. 28 Уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм куы нӕ хъусат+ ӕмӕ уын ӕз абон цы фӕндагыл фӕдзӕхсын цӕуын, уымӕй куы адзӕгъӕл уат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл, кӕй нӕ зонут, уыцы хуыцӕутты фӕдыл, куы ацӕуат, уӕд та уӕ баййафдзӕн ӕлгъыст+.
29 Цы зӕхх бацахсынмӕ цӕуыс+, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ уырдӕм куы бакӕна, уӕд-иу Гаризимы хохыл зӕгъ* арфӕйы ныхӕстӕ+, Гевалы хохыл та – ӕлгъыстытӕ+. 30 Уыцы хӕхтӕ уӕртӕ Иорданы фаллаг фарс, ныгуылӕнырдыгӕй, не сты? Аравӕйы+ чи цӕры, уыцы ханаайнӕгты зӕххыл, Галгалы+ раз, Морейы+ стыр бӕлӕсты цур не сты? 31 Сымах хизут Иорданы фаллаг фарсмӕ, цӕмӕй бацӕуат, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бацахсат. Бацахсут ӕй ӕмӕ йыл ӕрцӕрут+. 32 Ӕмӕ уын абон кӕй фехъусын кодтон+, уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ+ иууылдӕр лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнут.