Михей
3 Ӕз загътон: «Байхъусут, уӕ хорзӕхӕй, Иаковы хӕдзарвӕндаджы хистӕртӕ ӕмӕ Израилы адӕмы хицӕуттӕ+. Рӕстдзинад цы у, уый сымах хъуамӕ ма зонат?+ 2 Сымах хорздзинадӕй уе сӕфт уынут+, ӕвзӕрдзинад та уарзут+. Адӕмӕн сӕ царм стигъут ӕмӕ сын сӕ фыд се стджытӕй тонут+. 3 Сымах мын мӕ адӕмы фыд хӕрут+ ӕмӕ сын сӕ царм стигъут, се стджытӕ сын цъӕл кӕнут ӕмӕ сӕ уӕнгтӕ кӕнут, кусарт цуайнаджы ныккалынӕн куыд ныууӕнгтӕ кӕнынц ӕмӕ дзидза аджы ныккалынӕн куыд скӕрдынц, афтӕ+. 4 Уыцы рӕстӕг Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзӕн+. Уыцы рӕстӕг сӕ уый йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн+, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй+.
5 Пехуымпартӕ мын мӕ адӕмы сӕ фӕндагӕй хауӕггаг фӕкодтой+. Сӕ дзыхы+ сын исчи исты куы ныппары, уӕд фӕхъӕр кӕнынц: „Фарн!“+. Фӕлӕ сын сӕ дзыхы чи ницы ныппары, уымӕн та хӕст расидынц+. Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Йегъовӕ уыцы пехуымпарты тыххӕй: 6 „Уый тыххӕй сымах уыдзыстут ӕхсӕвы талынджы+, ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ нал уындзыстут+. Баталынг уыл уыдзӕн, ӕмӕ дӕсны нал фӕрсдзыстут. Пехуымпартыл хур аныгуылдзӕн ӕмӕ сыл бон баталынг уыдзӕн+. 7 Цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, уыдон+ фӕхудинаг уыдзысты+, дӕсныфӕрсджытӕ+ фыдӕнхъӕл фӕуыдзысты. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сӕ рихитӕ ӕмбӕхсдзысты+, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау нӕ хъусдзӕн“»+.
8 Ӕз та Йегъовӕйы тыхы* фӕрцы схайджын дӕн хъаруйӕ, рӕстдзинадӕй ӕмӕ хъӕбатырдзинадӕй+, цӕмӕй Иаковӕн дзурон, ныхмӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй, ӕмӕ Израилӕн – йӕ тӕригъӕды тыххӕй+.
9 Байхъусут, уӕ хорзӕхӕй, Иаковы хӕдзарвӕндаджы хистӕртӕ ӕмӕ Израилы адӕмы хицӕуттӕ+ – рӕстдзинадӕй йе сӕфт чи уыны ӕмӕ, раст цыдӕриддӕр у, уый зыгъуыммӕ чи кӕны+, 10 Сион тугыл чи амайы ӕмӕ Иерусалим – фыдхъуыддӕгтыл+, уыдон. 11 Йӕ хистӕртӕ гӕртӕмттӕ исынц+ ӕмӕ афтӕмӕй тӕрхон кӕнынц, йӕ сауджынтӕ зонд амонынц аргъыл+, йӕ пехуымпартӕ дӕсны фӕрсынц ӕхцайыл+. Уыимӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй ныфсджын сты ӕмӕ дзурынц: „Исты Йегъовӕ немӕ нӕй?+ Нӕ ныл ӕрцӕудзӕн бӕллӕх“+. 12 Гъемӕ сымах тыххӕй Сион бахуым кӕндзысты, быдыр куыд бахуым кӕнынц, афтӕ, ӕмӕ Иерусалимӕй дур дурыл нал баззайдзӕн+, Хуыцауы хӕдзар цы хохыл ис, уый та схъӕд уыдзӕн.