Захари
14 «Йегъовӕйы бон ӕрцӕуы+, ӕмӕ дӕ цы мулк байсой, уый дын дӕ разы сӕ кӕрӕдзийыл байуардзысты. 2 Ӕз ӕппӕт адӕмты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ Иерусалимы ныхмӕ хӕстмӕ ракӕндзынӕн+. Горӕт бацахсдзысты+ ӕмӕ хӕдзӕрттӕ фӕхӕсдзысты, сылгоймӕгтӕн та тыхми бакӕндзысты+. Горӕты адӕмӕн се ’мбис уацары акӕндзысты+, фӕлӕ ма дзы чи баззайа+, уыдоны горӕтӕй нӕ фӕсурдзысты+.
3 Йегъовӕ рацӕудзӕн ӕмӕ уыцы адӕмтимӕ схӕцдзӕн+, раджы заманты тохы бон куыд хӕцыд, афтӕ+. 4 Уыцы бон уый йӕ къӕхтӕ ӕрӕвӕрдзӕн, Иерусалимы раз скӕсӕнырдыгӕй+ чи ис, уыцы оливӕбӕлӕсты хохыл, ӕмӕ оливӕбӕлӕсты хох+ хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ йӕ тӕккӕ астӕуыл дыууӕ дихы фӕуыдзӕн+, ӕмӕ дзы стыр ком фӕзындзӕн. Хохӕн йе ’мбис цӕгатырдӕм фӕцӕудзӕн, йӕ иннӕ ӕмбис та – хуссарырдӕм. 5 Ӕмӕ сымах алидздзыстут, мӕ хӕхты ’хсӕн цы ком уыдзӕн, уырдӕм+, уымӕн ӕмӕ уыцы ком хӕццӕ кӕндзӕн суанг Ацелы онг. Лидздзыстут, Иудӕйы паддзах Озийы рӕстӕджы зӕххӕнкъуыст куы уыд, уӕд куыд лыгъдыстут, афтӕ+. Ӕмӕ мӕ Хуыцау Йегъовӕ ӕрцӕудзӕн+, йӕ зӕдтӕ* иууылдӕр йемӕ, афтӕмӕй+.
6 Уыцы бон нал уыдзӕн, афтӕ зынаргъ чи у, уыцы рухс+. Алцыдӕр ныссӕлдзӕн+. 7 Уыцы бон зондзысты Йегъовӕйы бонӕй+. Уый бон дӕр нӕ уыдзӕн, ӕмӕ ӕхсӕв дӕр+, изӕрыгон бӕстӕ ныррухс уыдзӕн+. 8 Уыцы бон Иерусалимӕй+ рагуылф кӕндзысты царддӕттӕг дӕттӕ+: се ’мбис кӕлдзӕн скӕсӕн денджызмӕ+, сӕ иннӕ ӕмбис та – ныгуылӕн денджызмӕ+. Афтӕ уыдзӕн сӕрд дӕр ӕмӕ зымӕг дӕр+. 9 Йегъовӕ суыдзӕн ӕгас зӕххы паддзах+. Уыцы бон уыдзӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ+ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр йӕ ном+.
10 Ӕгас зӕхх дӕр, Гевӕйӕ+ суанг Риммоны+ онг, Иерусалимӕн хуссарырдыгӕй чи ис, уыцы горӕты онг, суыдзӕн Аравӕйы хуызӕн+. Иерусалим, раздӕр кӕм уыд, уым ногӕй йӕ къахыл слӕудзӕн ӕмӕ цӕрджытӕй байдзаг уыдзӕн+, Вениамины кулдуарӕй+ суанг, Фыццаг кулдуар кӕм уыд, уый онг ӕмӕ Фисыны кулдуары онг, стӕй Хананелы мӕсыгӕй+ суанг паддзахы сӕндуцӕнты онг. 11 Адӕм дзы ӕрцӕрдзысты, ӕмӕ сӕфты хай никуыуал бауыдзӕн+. Иерусалимы адӕм сӕхицӕн ӕдасӕй цӕрдзысты+.
12 Иерусалимы ныхмӕ чи хӕца, уыцы адӕмты Йегъовӕ бафхӕрдзӕн афтӕ+: адӕймаг удӕгасӕй ӕмбийдзӕн+, йӕ цӕстытӕ сӕ къуырфыты бамбийдзысты, йе ’взаг та йӕ дзыхы бамбийдзӕн.
13 Уыцы бон сӕ Йегъовӕ схӕццӕ кӕндзӕн+. Алчидӕр сӕ, йӕ разы чи уа, уымӕ фӕлӕбурдзӕн ӕмӕ йӕ ныхмӕ фӕуыдзӕн. 14 Иудӕйы адӕм дӕр хӕцдзысты Иерусалимы, ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты, сӕ алыварс цыдӕриддӕр адӕмтӕ цӕры, уыдоны хъӕздыгдзинӕдтӕ: дуне сызгъӕрин, дуне ӕвзист ӕмӕ дуне дарӕс+.
15 Уыцы ӕфсӕдты цатыртӕ кӕм уой, уым цыдӕриддӕр бӕхтӕ, хӕргӕфстӕ, теуатӕ, хӕрджытӕ ӕмӕ ӕндӕр хӕдзарон фос уа, уыдоны дӕр ахӕм ӕфхӕрд баййафдзӕн.
16 Иерусалимы ныхмӕ хӕцӕг адӕмтӕй ма чидӕриддӕр баззайа+, уыдон та алы аз дӕр+ уырдӕм цӕудзысты, цӕмӕй-иу Паддзахӕн+, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕн+, бакувой ӕмӕ-иу Халагъудты бӕрӕгбон скӕной+. 17 Зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕй+ Иерусалиммӕ Паддзахӕн, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕн, бакувынмӕ чи не ’рцӕуа+, уыдонмӕ та къӕвда нӕ уардзӕн+. 18 Египеты адӕм куы нӕ сыстой ӕмӕ уырдӕм куы не ’рцӕуой, уӕд уыдонмӕ дӕр къӕвда нӕ уыдзӕн. Афтӕ бафхӕрдзӕн Йегъовӕ, Халагъудты бӕрӕгбонмӕ чи не ’рцӕуа, уыцы адӕмты. 19 Египет дӕр ӕмӕ, Халагъудты бӕрӕгбонмӕ чи не ’рцӕуа, уыцы адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр ахӕм ӕфхӕрд баййафдзысты сӕ тӕригъӕды тыххӕй+.
20 Уыцы бон+ бӕхты дзӕнгӕрджытыл фыст уыдзӕн: „Йегъовӕ у сыгъдӕг*!“+ Йегъовӕйы хӕдзары цы цуайнӕгтӕ ис+, уыдон та суыдзысты, нывондхӕссӕны раз+ цы къустӕ ис, уыдоны хуызӕн+. 21 Иерусалимы ӕмӕ Иудӕйы цыдӕриддӕр цуайнӕгтӕ ис, уыдон табуйаг суыдзысты ӕмӕ уыдзысты ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы, ӕмӕ-иу нывонд чи хӕсса, уыдон-иу сӕ райсдзысты ӕмӕ-иу дзидза уым сфыцдзысты+. Уыцы бон Йегъовӕйы хӕдзары+ иу ханаайнаг* дӕр нӕ уыдзӕн»+.