Йереми
20 Йереми уыцы ныхӕстӕ куы дзырдта, уӕд ӕм хъуыста сауджын Пашхур дӕр, Иммеры+ фырт, Йегъовӕйы хӕдзары сӕйраг разамонӕг+. 2 Уӕд Пашхур пехуымпар Йеремийы+ ныццавта ӕмӕ йӕ Вениамины Уӕллаг кулдуары мидӕг, Йегъовӕйы хӕдзары чи уыд, уыцы кулдуары мидӕг, хъӕдын хъадаманты бакодта+. 3 Фӕлӕ иннӕ бон Пашхур Йеремийы хъадамантӕй суӕгъд кодта+, ӕмӕ йын Йереми загъта:
«Йегъовӕ дӕ схуыдта+ Пашхур* нӕ, фӕлӕ Магор-Миссавив*+. 4 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ чи уарзы, уыдоны се ’ппӕты дӕр тас бауадздзынӕн. Ӕмӕ уыдон дӕ цӕстыты раз+ се знӕгты хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты+. Ӕгас Иудӕйы дӕр ратдзынӕн Вавилоны паддзахы къухмӕ, ӕмӕ дзы иуты Вавилонмӕ уацары акӕндзӕн, иннӕты та хъамайӕ ныццӕгъддзӕн+. 5 Ацы горӕт цы фембырд кодта, уый ӕмӕ сӕ фӕллӕйттӕ иууылдӕр, зынаргъӕй дзы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ ӕмӕ Иудӕйы паддзӕхты хӕзнатӕ иууылдӕр ӕз ратдзынӕн се знӕгты къухмӕ+. Ӕмӕ сын сӕ уыдон фӕхӕсдзысты ӕмӕ сӕ ахӕсдзысты Вавилонмӕ+. 6 Ды та, Пашхур, ӕмӕ, дӕ хӕдзары чидӕриддӕр цӕры, уыдон, сымах ацӕудзыстут уацары+. Ды ацӕудзынӕ Вавилонмӕ ӕмӕ уым амӕлдзынӕ ӕмӕ дӕ уым баныгӕндзысты, чи дӕ уарзы, ӕппӕт уыцы адӕмимӕ+, уымӕн ӕмӕ сын цы пехуымпар-ныхӕстӕ дзырдтай, уыдон сты мӕнг“»+.
7 О Йегъовӕ, ды мӕ фӕсайдтай, ӕмӕ фӕсайды дӕн. Дӕ тых мыл бавзӕрстай ӕмӕ мыл фӕтых дӕ+. Бон-изӕрмӕ мыл худынц, иууылдӕр мӕ хынджылӕг кӕнынц+. 8 Цал хатты фӕдзурын, уал хатты хъӕр кӕнын райдайын. Ӕз хъӕр кӕнын, тыхми кӕнынц ӕмӕ стигъынц, зӕгъгӕ+. Йегъовӕйы ныхасы тыххӕй бон-изӕрмӕ ӕфхӕрд ӕййафын ӕмӕ мӕ хынджылӕг кӕнынц+. 9 Ӕмӕ ӕз загътон: «Йӕ кой нал кӕндзынӕн ӕмӕ йӕ номӕй нал дзурдзынӕн»+. Фӕлӕ йӕ ныхас мӕ зӕрдӕйы сыгъд пиллон артау. Пиллон артау сыгъд ме стджыты мидӕг. Ӕмӕ йӕ уромынӕй бафӕлладтӕн, мӕ бон хъусӕй лӕууын нал уыд+. 10 Бирӕтӕй фехъуыстон мӕ фыдкой+. Алырдыгӕй дӕр уыд тӕссаг. «Йӕ ныхмӕ дзурут, цӕмӕй йӕ фӕаххосджын кӕнӕм!»+ Йӕхи афтӕ чи ӕвдисы, цыма мемӕ хӕларӕй цӕры, уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы, кӕд фӕцуддзынӕн+, уымӕ: «Кӕд фӕсайды уаид+ ӕмӕ фӕрӕдиид, ӕмӕ йыл уӕд фӕтых уаиккам ӕмӕ дзы нӕ маст райсиккам». 11 Фӕлӕ Йегъовӕ уыд мемӕ+, тас чи уадзы, ахӕм тыхджын ӕфсӕддонау+. Гъе уый тыххӕй, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕкӕлдзысты ӕмӕ мыл нӕ фӕтых уыдзысты+. Уыдон ныххудинаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ къухы ницы бафтдзӕн. Ӕнустӕм уыдзысты ӕгады бынаты, ӕмӕ уый никуы ферох уыдзӕн+.
12 Фӕлӕ ды, о ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, лӕмбынӕг кӕсыс рӕстгӕнӕгмӕ+, ды уыныс уыргтӕ* ӕмӕ зӕрдӕ+. Тӕхуды, ӕмӕ куы фенин, мӕ маст сӕ куыд исыс+, уый, уымӕн ӕмӕ мӕ хъаст дӕумӕ фӕхӕццӕ кодтон+.
13 Зарут Йегъовӕйӕн! Кадджын кӕнут Йегъовӕйы, уымӕн ӕмӕ уый мӕгуыр адӕймаджы уд фервӕзын кодта фыдгӕнджыты къухӕй!+
14 Ӕлгъыст фӕуӕд, цы бон райгуырдтӕн, уый! Мӕ мад мӕ цы бон ныййардта, уыцы бон амондджын макуы уӕд!+ 15 Ӕлгъыст фӕуӕд, мӕ фыдмӕ хӕрзӕггурӕггаг чи фӕци, афтӕ йын чи загъта: «Фырт дын райгуырд, лӕппу!», ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ стыр цинӕй чи байдзаг кодта+. 16 Уыцы адӕймагыл акӕнӕд, Йегъовӕ кӕуыл нӕ бацауӕрста ӕмӕ кӕй фесӕфта, уыцы горӕтты бон+. Райсомӕй-иу хъусӕд дзыназын, ӕмбисбон – фӕдисы хъӕр+.
17 Цӕуылнӕ мӕ амардта, мӕ мады гуыбыны ма куы уыдтӕн, уӕд? Фӕлтау мын мӕ мады гуыбын ингӕн куы суыдаид, мӕ мад ӕнустӕм сывӕрджын куы уыдаид+. 18 Цӕмӕн райгуырдтӕн?+ Цӕмӕй уӕззау фыдӕбон ӕмӕ маст уынон+ ӕмӕ цӕмӕй мӕ царды бонтӕ ӕгадӕй аивгъуыйой?+