Ӕмбисӕндтӕ
26 Сӕрдыгон мит куыд нӕ фидауы ӕмӕ хуымгӕрдӕн афон – къӕвда+, афтӕ нӕ фидауы ӕнӕзондыл кад+.
2 Цъиу кӕй апӕррӕст кӕны ӕмӕ зӕрватыкк кӕй атӕхы, уымӕн куыд вӕййы ӕфсон, афтӕ адӕймаджы дӕр ӕлгъыст ӕнӕ ’фсонӕй нӕ баййафы+.
3 Бӕхӕн – ехс+, хӕрӕгӕн – идон+, ӕнӕзонды фӕсонтӕн та – уис+.
4 Ӕнӕзондӕн йе ’нӕзонддзинадмӕ гӕсгӕ дзуапп ма дӕтт, цӕмӕй ды дӕр уый хуызӕн ма суай+.
5 Ӕнӕзондӕн йе ’нӕзонддзинадмӕ гӕсгӕ дзуапп ратт, цӕмӕй йӕхимӕ зондджын ма ’ркӕса+.
6 Йӕ хъуыддӕгтӕ ӕнӕзонды бар чи кӕны, уый йӕ къӕхтӕ сахъат кӕны ӕмӕ йӕхицӕн зиан хӕссы+.
7 Къуылых адӕймаг дон куыд фӕцӕйхӕсса, раст афтӕ у ӕмбисонд ӕнӕзӕндты дзыхы+.
8 Ӕнӕзонды кадджын кӕнын, дурты ’хсӕн дур куыд ӕмбӕхсай, уымӕй уӕлдай нӕу+.
9 Расыг лӕджы къухы сындзытӕ куыд уой, раст афтӕ у ӕмбисонд ӕнӕзӕндты дзыхы+.
10 Ӕнӕзонды+ кӕнӕ ӕнӕзонгӕйы ӕххуырсты чи исы, уыцы адӕймаг, йӕ фаттӕ алы рӕтты кӕмӕн ныссӕдзынц, ахӕм фатӕхсӕгӕй уӕлдай нӕу.
11 Куыдз йӕ омдзӕгмӕ куыд раздӕхы, афтӕ ӕнӕзонд дӕр йе ’нӕзонд ми ногӕй бакӕны+.
12 Искуы федтай, йӕхимӕ зондджын чи кӕсы, ахӕм адӕймаджы?+ Ӕнӕзонд кӕй сраст уыдзӕн, ууыл тынгдӕр баууӕндӕн ис+.
13 Зивӕггӕнаг дзуры: «Фӕндагыл – домбай! Уынджы рацу-бацу кӕны!»+
14 Дуар разил-базил кӕны йе ’вдузӕнтыл, зивӕггӕнаг та – йӕ хуыссӕны+.
15 Зивӕггӕнаг йӕ къух йӕ къусмӕ ӕруагъта, фӕлӕ афтӕ бафӕллад, ӕмӕ йӕ йӕ дзыхмӕ схӕссын йӕ бон нал у+.
16 Зивӕггӕнаг йӕхимӕ+, ӕмбаргӕ дзуапп чи дӕтты, авд ахӕм адӕймагӕй зондджындӕр кӕсы.
17 Хылгӕнджыты рӕзты фӕцӕйцӕугӕйӕ йӕхи сӕ хылы чи тъыссы, уый куыдзӕн йӕ хъустӕм лӕбуры+.
18 Ӕрра судзгӕ ӕрцытӕ+ ӕмӕ фаттӕ куыд ӕхса ӕмӕ искӕй куыд амара, 19 афтӕ у, адӕймагыл сайдӕй чи рацыд ӕмӕ стӕй афтӕ чи зӕгъы, хынджылӕг кодтон, зӕгъгӕ, уыцы адӕймаг+.
20 Суг кӕм нӕй, уым арт ахуыссы, фыдкойгӕнӕг кӕм нӕй, уым хыл банцайы+.
21 Ӕвзалы цӕхӕрӕн куыд у ӕмӕ суг – артӕн, раст афтӕ у хъуырхъуыргӕнаг адӕймаг хыл ракъахынӕн+.
22 Фыдкойгӕнӕджы ныхӕстӕ сты, адӕймаг зыдӕй кӕй аныхъуыры, ахӕм хӕринӕгты хуызӕн – суанг хуылфмӕ ацӕуынц+.
23 Ӕлыг мигӕнӕны састыл ӕвзистӕй лӕгъз цъар куыд уа, раст афтӕ сты саузӕрдӕ адӕймаджы зӕрдиаг ныхӕстӕ+.
24 Иннӕмӕй йе сӕфт чи уыны, уый йӕ ныхӕстӕй ӕмбӕхсы йе ’цӕг цӕсгом, йӕ зӕрдӕйы ис хиндзинад+. 25 Ӕмӕ кӕд фӕлмӕн хъӕлӕсӕй дзуры+, уӕддӕр ыл ма баууӕнд+, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы ис авд ӕнаккаг хъуыддаджы+. 26 Иннӕмӕй йе сӕфт кӕй уыны, уый ӕмбӕхсы хиндзинадӕй. Уымӕн йе ’взӕр митӕ ӕмбырды раргом уыдзысты+.
27 Дзыхъхъ чи къахы, уый дзы йӕхӕдӕг ныххаудзӕн+, ӕмӕ дур чи атула, уымӕ фӕстӕмӕ ӕрбатулдзӕн+.
28 Гӕды ’взаг, кӕй бабын кӕны, уымӕй йе сӕфт уыны+, ӕмӕ зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ чи кӕны, уый адӕймаджы фесафы+.