1 Азфыстыты
16 Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын ӕрбахастой+ ӕмӕ йӕ сӕвӕрдтой, Давид ын цы цатыр сӕвӕрдта, уый мидӕг+. Стӕй ӕцӕг Хуыцауӕн судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ ӕрхастой+. 2 Давид судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ+ хаст куы фӕци, уӕд адӕмӕн Йегъовӕйы номӕй+ раарфӕ кодта+. 3 Ӕмӕ Израилы адӕмӕй алкӕмӕн дӕр, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, радта+ фӕйнӕ дзулы, стӕй фӕйнӕ гуылы финикӕй, фӕйнӕ гуылы та чисмисӕй. 4 Уый фӕстӕ левиттӕй+ кӕйдӕрты Йегъовӕйы бадзырды чырыны раз сӕвӕрдта+, цӕмӕй адӕмӕн Израилы Хуыцау Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кодтаиккой+, арфӕ йын кодтаиккой+ ӕмӕ йӕ кадджын кодтаиккой+. 5 Уыцы левиттӕн хистӕр уыд Асаф+, йӕ фӕстӕ уыд Захари, стӕй – Йеиел, Шемирамоф, Йехиил, Маттифи, Елиав, Ванейӕ, Овед-Едом ӕмӕ Йеиел+, уыди сӕм хъисфӕндыртӕ ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртӕ+. Асаф+ хъӕрӕй цагъта ӕрхуы тӕбӕгътӕй+, 6 сауджынтӕ Ванейӕ ӕмӕ Иахазиил та ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырыны раз ӕдзухдӕр уасыдысты уадындзтӕй+.
7 Уыцы бон Давид Асафӕн+ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн фыццаг хатт бахӕс кодта+, цӕмӕй Йегъовӕйӕн арфӕ кодтаиккой+, ӕмӕ сын радта ахӕм псалом*:
8 «Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн+, кувут ӕм йӕ номӕй+,
Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзурут адӕмтӕн+.
12 Ма рох кӕнут, цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон+,
Йӕ диссӕгтӕ ӕмӕ, йӕ дзыхӕй чи рацыд, уыцы тӕрхӕттӕ+,
13 Сымах, йӕ лӕггадгӕнӕг Израилы байзӕддӕгтӕ+,
Иаковы фырттӕ, кӕй равзӕрста, уыдон+.
14 Уый у нӕ Хуыцау Йегъовӕ+. Йӕ тӕрхӕттӕн тых ис ӕгас зӕххыл дӕр+.
15 Йӕ бадзырд ын уӕ зӕрдыл дарут ӕнустӕм+,
Цы бафӕдзӕхста, уый – мин фӕлтӕры дӕр+.
16 Уыцы бадзырд скодта Авраамимӕ+
Ӕмӕ расомы кодта Исахъӕн+.
17 Уыцы сомыйӕ скодта закъон Иаковӕн+,
Ӕнустӕм дзы скодта бадзырд Израилӕн+.
18 Уый загъта: „Дӕуӕн ратдзынӕн Ханааны зӕхх+ бынӕн+,
Уый уыдзӕн дӕ хай“.
21 Никӕй уагъта, цӕмӕй сӕ сайдтаиккой+,
Фӕлӕ-иу уыдоны тыххӕй паддзӕхтӕн карзӕй загъта+:
22 „Ма мын бавналут мӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕм,
Мӕ пехуымпартӕн мын мацы ӕвзӕрдзинад ракӕнут“+.
23 Зарут Йегъовӕйӕн, зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр!+
Алы бон дӕр хъусын кӕнут, цы ирвӕзындзинад дӕтты, уый тыххӕй!+
24 Адӕмты ’хсӕн дзурут йӕ кады тыххӕй,
Ӕппӕт адӕмты ’хсӕн – йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй.
25 Йегъовӕ у стыр Хуыцау, уый у стыр кады аккаг+.
Уымӕй иннӕ хуыцӕуттӕй се ’ппӕтӕй тынгдӕр тӕрсын хъӕуы+.
28 Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы, ӕппӕт адӕмты мыггӕгтӕ,
Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ кад ӕмӕ йӕ хъару+.
29 Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы, йӕ номы аккаг кад ын скӕнут+,
Ӕрхӕссут лӕвӕрттӕ ӕмӕ бацӕут йӕ размӕ+.
Бакувут Йегъовӕйӕн бӕрӕгбоны сыгъдӕг дарӕсы+.
35 Дзурут: „Фервӕзын нӕ кӕн, о нӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау+,
Адӕмты ’хсӕнӕй нӕ ракӕн, фервӕзын нӕ кӕн ӕмӕ нӕ ӕрӕмбырд кӕн+,
Цӕмӕй дын дӕ сыгъдӕг номӕн арфӕ кӕнӕм+ ӕмӕ дӕ цингӕнгӕйӕ кадджын кӕнӕм+.
36 Табу Йегъовӕйӕн, Израилы Хуыцауӕн, ӕнусӕй-ӕнусмӕ“»+.
Ӕмӕ адӕм иууылдӕр загътой: «Аммен!» Ӕмӕ Йегъовӕйы скадджын кодтой+.
37 Стӕй Давид Асафы+ ӕмӕ йе ’фсымӕрты Йегъовӕйы бадзырды чырыны раз ныууагъта, цӕмӕй ӕдзухдӕр бадзырды чырыны раз лӕггад кодтаиккой+ ӕмӕ, алы бон дӕр цы аразын хъуыд, уый арӕзтаиккой+. 38 Ныууагъта ма Овед-Едомы ӕмӕ йе ’фсымӕрты, ӕхсай аст адӕймаджы. Идифуны фырт Овед-Едомы ӕмӕ Хосӕйы сӕвӕрдта дуаргӕстӕй. 39 Сауджын Садокы+ ӕмӕ йе ’фсымӕрты, сауджынты, сӕвӕрдта Йегъовӕйы цатыры раз, Гаваоны+ цы кувӕн бынат* уыд, уым, 40 цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕдзухдӕр, райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр, судзинаг нывӕндтӕ хӕссынӕн чи уыд, уыцы нывондхӕссӕныл хастаиккой судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ цӕмӕй ӕххӕст кодтаиккой, Йегъовӕ Израилӕн кӕй радта, уыцы закъоны цыдӕриддӕр фыст ис, уый+. 41 Семӕ сын ныууагъта Еманы+, Идифуны ӕмӕ иннӕ ӕвзӕрст адӕмы, номгай кӕй ранымадтой+, уыдоны, цӕмӕй Йегъовӕйӕн арфӕ кодтаиккой+, уымӕн ӕмӕ «йе ’нувыд уарзт ӕнустӕм у»+. 42 Еманы+ ӕмӕ Идифуны+ сӕвӕрдта, цӕмӕй уадындзтӕ+, ӕрхуы тӕбӕгътӕ ӕмӕ ӕндӕр музыкалон инструментты цагъдмӕ ӕцӕг Хуыцауы кадджын кодтаиккой. Идифуны фыртты+ та сӕвӕрдта кулдуары раз. 43 Уый фӕстӕ адӕм иууылдӕр сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты+. Ӕмӕ Давид дӕр йӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхт, цӕмӕй йӕ хӕдзаронтӕн раарфӕ кодтаид.