Иаковы
3 Ме ’фсымӕртӕ, ахуыргӕнджытӕ*+ уе ’ппӕт дӕр хъуамӕ ма суат, уымӕн ӕмӕ йӕ зонут, Хуыцау махӕн карздӕр тӕрхон кӕй кӕндзӕн+. 2 Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм*+. Ныхасӕй чи нӕ рӕдийы+, уый та у алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг+ ӕмӕ йӕ бон у йӕ буары ӕппӕт уӕнгты рохтыл дӕр хӕцын. 3 Цӕмӕй бӕхтӕ нӕ коммӕ кӕсой+, уый тыххӕй сын сӕ дзыхы бакӕнӕм идоны къӕбӕлтӕ+, ӕмӕ уӕд нӕ бар фӕцӕуы сӕ буарыл ӕгасӕй дӕр. 4 Науӕд наутӕ дӕр кӕд тынг стыр сты ӕмӕ сӕ тыхджын дымгӕ размӕ хӕссы, уӕддӕр сӕ хӕрз гыццыл фыййагӕй+ наутӕрӕгӕн йӕ бон у, кӕцырдӕм ӕй фӕфӕнды, уыцырдӕм азилын.
5 Гъе афтӕ ӕвзаг дӕр, гыццыл уӕнг йеддӕмӕ нӕу, фӕлӕ ӕппӕлынмӕ уый хуызӕн нӕй+. Ӕнӕхъӕн хъӕдыл арт бандзарынӕн чысыл зынг йеддӕмӕ нӕ хъӕуы. 6 Уӕдӕ ӕвзаг дӕр у зынг+. Иннӕ уӕнгтимӕ абаргӕйӕ ӕвзаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр у фыдбылыз, уымӕн ӕмӕ чъизи кӕны буар ӕгасӕй дӕр+ ӕмӕ адӕймаджы цардыл арт бафтауы, йӕхӕдӕг та ссудзы гееннӕйӕ*. 7 Адӕймагӕн йӕ бон у ӕрцахуыр кӕнын алы сырды мыггаг ӕмӕ алы маргъы мыггаг дӕр, стӕй уӕд хилджыты ӕмӕ денджызы цӕрӕгойты се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ ахуыр дӕр ӕркӕны+. 8 Фӕлӕ ӕвзаг никӕй бон у ӕрцахуыр кӕнын. Уый ахӕм фыдбылыз у, ӕмӕ йын бауромӕн нӕй, йӕ тӕккӕ дзаг у мӕлӕтхӕссӕг маргӕй+. 9 Уымӕй арфӕ кӕнӕм Йегъовӕйӕн+, нӕ Фыдӕн+, ӕмӕ уымӕй ӕлгъитӕм+, «Хуыцаумӕ гӕсгӕ»+ чи ӕрцыд фӕлдыст, уыцы адӕмы. 10 Уыцы иу дзыхӕй рацӕуы арфӕ дӕр ӕмӕ ӕлгъыст дӕр.
Афтӕ хъуамӕ ма уа, ме ’фсымӕртӕ+. 11 Уыцы иу суадонӕй+ хорз* дон ӕмӕ маст дон фӕкӕлы? 12 Науӕд, ме ’фсымӕртӕ, легъуибӕласыл оливӕбӕласы гагатӕ ӕрзайы, сӕнӕфсирыл та – легъуитӕ?+ Уӕдӕ цӕхджын суадонӕй дӕр адджын дон нӕ фӕкӕлы.
13 Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у? Равдисӕд ӕй йӕ хъуыддӕгтӕй+ – йӕ хорз ӕгъдауӕй ӕмӕ зондӕй райгуыргӕ фӕлмӕн ахастӕй. 14 Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕйы ис хӕлӕг+ ӕмӕ уӕ зӕрдӕ загъд агуры+, уӕд уӕхицӕй ма ӕппӕлут+ ӕмӕ рӕстдзинадӕй* мӕнг ма дзурут+. 15 Уый уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд нӕу+, фӕлӕ зӕххон+, хъӕддаг, хӕйрӕджытӕй+. 16 Уымӕн ӕмӕ хӕлӕг+ ӕмӕ загъд кӕм ис, уым нӕдӕр уаг ис, нӕдӕр ӕгъдау, ис дзы алы ӕвзӕрдзинад+.
17 Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд+ та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг+, стӕй фарнуарзаг+, ӕмбаргӕ*+, коммӕгӕс, ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй*+ хайджын, хъулон никӕй кӕны+, нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ+. 18 Уымӕй уӕлдай, рӕстдзинады+ мыггаг+ тыд ӕрцӕуы ӕмӕ тыллӕг ӕрхӕссы, фарн+ кӕм ис, уым ӕмӕ, фарн чи уарзы, уыдонӕн+.