Иов
21 Уӕд Иов загъта:
2 «Мӕ ныхӕстӕм мын лӕмбынӕг байхъусут,
Ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ уымӕй ӕрсабыр кӕндзыстут.
3 Цалынмӕ дзурон, уӕдмӕ гыццыл бафӕразут,
Ӕмӕ мӕ дзуринӕгтӕ куы фӕуон, уӕд-иу мӕ хынджылӕг кӕнут+.
4 Исты мӕ сагъӕстӕ адӕймагӕн дзурын?
Уый афтӕ куы уаид, уӕд афтӕ фӕразон нӕ уаин.
5 Уе ’ргом мӕнмӕ раздахут ӕмӕ мӕм дисгӕнгӕ кӕсут,
Ӕмӕ уӕ къухтӕ уӕ дзыхтыл сӕвӕрут+.
6 Адӕттӕ мӕ зӕрдыл куы ’рбалӕууынц, уӕд мӕхицӕн ӕнцой нал фӕзонын,
Ме уӕнгтӕ базыр-зыр кӕнынц.
7 Цӕмӕн у афтӕ, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ цӕрынц+,
Зӕронды бонтӕм фӕцӕрынц ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинӕдтӕн ныккӕнӕнтӕ нӕ вӕййы?+
8 Сӕ цот фӕрнӕй цӕрынц сӕ цӕстыты раз,
Сӕ байзӕддӕгтӕ – сӕ разы.
9 Сӕ хӕдзӕрттӕ сты фӕрнӕйдзаг, ӕдас+,
Ӕмӕ Хуыцау йӕ уис сӕ сӕрмӕ нӕ дары.
10 Сӕ богътӕй хъуццытӕ схъазынц,
Сӕ хъуццытӕ ныззайынц+, никуы фефтауынц.
11 Сӕ гыццыл сывӕллӕтты фысты дзугау рауадзынц,
Сӕ сывӕллӕттӕ фӕхъазынц, фӕгӕппытӕ кӕнынц.
12 Дала ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыры цагъдмӕ сӕ зарӕг бӕрзонд сисынц+,
Уадындзы цагъдмӕ фӕцин кӕнынц.
17 Цал хатты ахуыссыд фыдгӕнджыты цырагъ?+
Цал хатты сыл ӕрцыд ӕнамонд хабӕрттӕ?
Цал хатты сӕ бакодта Хуыцау мӕстӕй судзгӕйӕ сӕфты хай?+
18 Дымгӕ сӕ искуы хъӕмпыхалау ахӕссы?+
Кӕнӕ сӕ тыхджын дымгӕ зыгуымау аскъӕфы?
19 Адӕймаг цы фыдхъуыддӕгтӕ кӕны, уыдон ын Хуыцау йӕ фырттӕн бавӕрдзӕн+,
Ӕмӕ йын цы ’мбӕлы, уый йын бакӕндзӕн, цӕмӕй йӕ зона+.
20 Куыд сӕфы, уый йӕхи цӕстӕй уындзӕн,
Ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы фыдӕх нуаздзӕн+.
21 Йӕ фӕстӕ йӕ хӕдзары чи баззайа, уыдон ма йын циндзинад хӕсдзысты,
Йӕ царды мӕйтӕ дыууӕ хатты куы фӕкъаддӕр уой, уӕд?+
22 Исты Хуыцауӕн зонд амондзӕн+,
Кӕд ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг кӕны тӕрхон, бӕрзонд бынӕтты чи ис, уыдонӕн?+
23 Ахӕм адӕймаг амӕлдзӕн, ницы хъуаг уыдзӕн, афтӕмӕй+,
Ӕдыхст ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй.
24 Йӕ синтыл фиуӕй цъар сӕвӕрдта,
Йе стджытӕ сты фидар.
25 Иннӕ та амӕлдзӕн мастӕфхӕрдӕй,
Хорзӕй ницы федта, афтӕмӕй+.
27 Ӕз уын зонын уӕ хъуыдытӕ
Ӕмӕ, уӕ зӕрдӕйы мӕ ныхмӕ цы фыдвӕндтӕ кӕнут, уыдон+.
28 Сымах зӕгъут: „Кӕм ис кадджын лӕджы хӕдзар?
Кӕм сты фыдгӕнджыты цатыртӕ, сӕ цӕрӕнбынӕттӕ?“+
29 Мыййаг, бӕлццӕтты никуы фарстат?
Лӕмбынӕг никуы ахъуыды кодтат, цы-иу радзырдтой, ууыл –
30 Бӕллӕхы бон фыдгӕнӕджы дӕр удӕгасӕй кӕй ныууадзынц+
Ӕмӕ мастисӕн бон кӕй аирвӕзы?
31 Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй йын ӕргом чи зӕгъдзӕн?+
Ӕмӕ цы сарӕзта, уый тыххӕй йын цы ’мбӕлы, уый чи бакӕндзӕн?+
32 Уӕлмӕрдмӕ йӕ ахӕсдзысты+
Ӕмӕ йын йӕ зӕппадзы раз хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрдзысты.
33 Дӕлвӕзы сыджыт ын уыдзӕн фӕлмӕн+.
Уый адӕмы се ’ппӕты дӕр йӕ фӕстӕ акӕндзӕн+,
Ӕмӕ, йӕ размӕ чи уыд, уыдонӕн дӕр нымӕц нӕй.
34 Уӕдӕ мын ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕ дзӕгъӕлы кӕнут+,
Уӕ ныхӕсты мӕнгарддзинад йеддӕмӕ ницы ис!»