Исай
38 Уыцы рӕстӕг Езеки мӕлӕтдзаг рынчын фӕци+. Уӕд ӕм ӕрбацыд пехуымпар Исай+, Амосы фырт, ӕмӕ йын загъта: «Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Дӕ хӕдзаронтӕн амындтӕ ратт+, уымӕн ӕмӕ нал сдзӕбӕх уыдзынӕ, амӕлдзынӕ“»+. 2 Езеки уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд къулы ’рдӕм азылд+ ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувын райдыдта+: 3 «О Йегъовӕ, лӕгъстӕ дын кӕнын, курын дӕ, ӕрхъуыды кӕн+, дӕ разы иузӕрдионӕй+ кӕй цардтӕн+, мӕ зӕрдӕ дын ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй радтон+ ӕмӕ, дӕ цӕсты раст цы у, уый кӕй арӕзтон». Ӕмӕ Езеки тынг ныккуыдта+.
4 Уӕд Йегъовӕ Исайӕн загъта+: 5 «Ацу ӕмӕ Езекийӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕ фыдӕл Давиды Хуыцау Йегъовӕ+ афтӕ зӕгъы: „Фехъуыстон дын дӕ куывд+, дӕ цӕссыгтӕ дӕр дын федтон+. Ӕмӕ ма дын дӕ царды бонтӕм ӕфтауын фынддӕс азы+. 6 Дӕу дӕр ӕмӕ ацы горӕт дӕр Ассирийы паддзахы къухӕй фервӕзын кӕндзынӕн ӕмӕ ацы горӕт хъахъхъӕндзынӕн+. 7 Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй дын мӕнӕ нысан Йегъовӕйӕ+: 8 Ахазы асиныл бынмӕ къӕпхӕнтыл хуры+ фӕдыл цы аууон ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ дӕс къӕпхӕны ссӕуын кӕндзынӕн“»+. Ӕмӕ аууон фӕстӕмӕ дӕс къӕпхӕны ссыд, цы къӕпхӕнтыл ӕрцыд, уыдоныл+.
9 Ацы ныхӕстӕ ныффыста Иудӕйы паддзах Езеки, рынчын куы уыд+ ӕмӕ йӕ низӕй куы сдзӕбӕх, уӕд+.
10 Ӕз загътон: «Ныр, мӕ тӕккӕ тыхы куы дӕн, уӕд, ингӕны* кулдуарыл+ бахиздзынӕн.
Цы азтӕ ма мын баззад, уыдонӕй ӕнӕхай фӕуыдзынӕн»+.
11 Ӕз загътон: «Нал фендзынӕн Йагъы, Йагъы удӕгӕсты зӕххыл+.
Адӕмы нал уындзынӕн – уыдзынӕн, цард кӕм нӕй, уыцы бӕстӕйы цӕрджытимӕ.
12 Мӕ цӕрӕнбынат мын фыййӕутты цатырау райхӕлдтой+ ӕмӕ йӕ ахастой.
Тынуафӕг хъуымац куыд стухы, мӕ цард афтӕ стыхтон.
Слыг кӕнынмӕ мӕ хъавынц+, хъуымац уӕфт куы фӕвӕййы, уӕд ӕй тынуафӕнӕй куыд фӕхицӕн кӕнынц, афтӕ.
Райсомӕй изӕрмӕ мын хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кӕныс+.
13 Суанг боныцъӕхтӕм мӕхи сабыр кодтон+.
Уый мын домбайау ме стджытӕ иууылдӕр цъӕл кӕны+,
Райсомӕй изӕрмӕ мын хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кӕныс+.
14 Чъимайау, булӕмӕргъау цъыбар-цъыбур кӕнын+,
Хъуыр-хъуыр кӕнын бӕлонау+.
Мӕ цӕстытӕ хӕрдмӕ кӕсынӕй бафӕлладысты+.
О Йегъовӕ, тынг зын мын у. Баххуыс мын кӕн+.
15 Цы йын зӕгъон ӕмӕ мын уый цавӕр дзуапп ратдзӕн?+
Уый загъта ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта+.
Цӕрӕнбонты сӕрныллӕгӕй ӕмӕ рыстзӕрдӕйӕ цӕудзынӕн+.
16 О Йегъовӕ, дӕ ныхӕсты фӕрцы цӕрынц адӕм, ӕмӕ иннӕтау мӕнӕн дӕр мӕ мидӕг царды тых дӕ хъуыддӕгты фӕрцы ис+.
Ды мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзынӕ+.
17 Хайджын уыдтӕн фарнӕй нӕ, фӕлӕ мастӕй, ӕрмӕстдӕр мастӕй+.
Ӕз дын сдӕн зынаргъ ӕмӕ, кӕм бамбыдаин, уыцы дзыхъхъӕй мӕ фервӕзын кодтай+.
Мӕ тӕригъӕдтӕ мын иууылдӕр ды дӕ сӕрты фӕстӕмӕ фехстай+.
18 Ингӕн* дӕ не сбӕрзонд кӕндзӕн+, мӕлӕт дӕ не скадджын кӕндзӕн+.
Ингӕны былыл чи лӕууы, уыдон дын дӕ иузӕрдиондзинадыл сӕ ныфс нӕ дарынц+.
19 Удӕгас адӕймаг, ӕрмӕстдӕр дӕ удӕгас адӕймаг скадджын кӕндзӕн+,
Ӕз дӕ ацы бон куыд кадджын кӕнын, афтӕ+.
Фыд йӕ фырттӕн радзуры+ дӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй.
20 О Йегъовӕ, фервӕзын мӕ кӕн+, ӕмӕ мах хъисфӕндыртыл цӕгъддзыстӕм ацы цагъд+
Йегъовӕйы хӕдзары цӕрӕнбонты»+.
21 Исай загъта: «Хус легъуитӕй конд тъӕпӕн гуыл райсӕнт ӕмӕ йын ӕй йӕ хъӕдгомыл сӕвӕрӕнт+, ӕмӕ сдзӕбӕх уыдзӕн»+. 22 Езеки та загъта: «Йегъовӕйы хӕдзармӕ кӕй ацӕудзынӕн, уый куыд базонон?»+