Амос
7 Мӕнӕ мын цы равдыста Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: фӕззыгон хуымтӕ* куы сзадысты, уӕд мӕтыхты ӕфсад рауагъта+. Уый уыд, паддзахы хос куы ’ркарстой, уый фӕстӕ. 2 Ӕмӕ мӕтыхтӕ уыцы зӕххыл зайӕгойӕ куы ницыуал ныууагътой, уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, курын дӕ, ныххатыр сын кӕн+. Чи ма баззайдзӕн Иаковӕй? Ӕнӕуи дӕр армыдзаг йеддӕмӕ куы не сты!»+
3 Ӕмӕ Йегъовӕ фӕфӕсмон кодта, афтӕ бакӕнинаг кӕй уыд, ууыл+. «Нӕ уыдзӕн уый»,– загъта Йегъовӕ.
4 Мӕнӕ мын цы равдыста Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ йӕ адӕмимӕ тохы бацыд – арт сыл рауагъта+. Гъемӕ арт ӕнӕкӕрон доны гуылфӕн аныхъуырдта ӕмӕ зӕххы гӕбаз басыгъта. 5 Ӕмӕ ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, курын дӕ, уыцы хъуыддаг ма бакӕн+. Чи ма баззайдзӕн Иаковӕй? Ӕнӕуи дӕр армыдзаг йеддӕмӕ куы не сты!»+
6 Ӕмӕ Йегъовӕ фӕфӕсмон кодта, афтӕ бакӕнинаг кӕй уыд, ууыл+. «Нӕ уыдзӕн уый дӕр»,– загъта Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
7 Мӕнӕ мын цы равдыста: Йегъовӕ лӕууыд, уырдыгбарӕнмӕ* гӕсгӕ+ кӕй самадтой, уыцы къулыл, ӕмӕ йӕ къухы уыд уырдыгбарӕн. 8 Ӕмӕ мӕ Йегъовӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» «Уырдыгбарӕн»,– дзуапп ын радтон ӕз. Ӕмӕ мын уӕд Йегъовӕ загъта: «Ӕз мӕ адӕм Израилы ’хсӕн уырдыгбарӕн ӕруадздзынӕн+. Нал сын хатыр кӕндзынӕн+. 9 Исахъы кувӕн бынӕттӕ*+ ӕдзӕрӕг фӕуыдзысты, Израилы кувӕндӕттӕ+ ныппырх уыдзысты+, ӕмӕ ӕз Йеровоамы* хӕдзары ныхмӕ хъамаимӕ рацӕудзынӕн»+.
10 Вефилы+ сауджын Амаси Израилы паддзах Йеровоаммӕ+ ахӕм ныхас арвыста: «Амос Израилы тӕккӕ астӕу дӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта+. Йӕ ныхӕстӕ йын зӕхх нӕ фӕразы+. 11 Амос афтӕ дзуры, Йеровоам, дам, хъамайӕ йӕ мӕлӕт ссардзӕн, Израилы адӕм та, дам, ӕнӕмӕнг сӕ зӕххӕй хауӕггаг фӕуыдзысты»+.
12 Амаси Амосӕн загъта: «Уӕртӕ цӕстылуайӕнтӕ уынӕг+, цӕугӕ кӕн ардыгӕй, афардӕг у Иудӕйы зӕхмӕ. Уым хӕр дӕ къӕбӕр ӕмӕ уым пехуымпариуӕг кӕн. 13 Вефилы та амӕй фӕстӕмӕ мацыуал дзур+, уымӕн ӕмӕ ай паддзахы кувӕн бынат+ ӕмӕ паддзахады кувӕндон у».
14 Уӕд Амос Амасийӕн загъта: «Ӕз нӕдӕр пехуымпар уыдтӕн, нӕдӕр пехуымпары фырт+. Ӕз уыдтӕн фыййау+ ӕмӕ легъуибӕлӕстӕм* зылдтӕн. 15 Фӕлӕ мӕ Йегъовӕ дзугты ’хсӕнӕй ракодта ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: „Ацу ӕмӕ Израилы адӕмӕн мӕ номӕй дзур“+. 16 Ӕмӕ ныр байхъус Йегъовӕйы ныхасмӕ: „Афтӕ зӕгъыс, зӕгъгӕ, Израилы ныхмӕ ма пехуымпариуӕг кӕн+ ӕмӕ Исахъы хӕдзарвӕндаджы ныхмӕ иу ныхас+ дӕр ма зӕгъ? 17 Уӕдӕ Йегъовӕ та афтӕ зӕгъы: „Дӕ ус горӕты суыдзӕн хӕтаг сылгоймаг+. Дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты. Дӕ зӕхх дын барӕн бӕндӕнӕй сбардзысты ӕмӕ йӕ байуардзысты, дӕхӕдӕг та ӕцӕгӕлон зӕххыл* дӕ мӕлӕт ссардзынӕ+. Ӕмӕ Израилы адӕм сӕ зӕххӕй хауӕггаг фӕуыдзысты“»+.