Наум
1 Ниневийӕн цы тӕрхон ӕрцыд хаст, уый+. Елкосаг Наумы цӕстылуайӕны чиныг.
2 Йегъовӕ Хуыцау домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уой иузӕрдион+ ӕмӕ у мастисӕг Хуыцау. Йегъовӕ йӕ маст исы+ ӕмӕ цӕттӕ у йӕ фыдӕх ныккалынмӕ+. Йегъовӕ йӕ маст исы йӕ фыдгултӕй+ ӕмӕ йе знӕгтӕм мӕстӕй судзы+.
3 Йегъовӕ мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+ ӕмӕ стыр тыхы хицау у+. Йегъовӕ ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн+.
Тыхдымгӕйыл ӕмӕ уадыл акодта йӕ фӕндаг, мигътӕ йӕ къӕхты бын сты зӕххы рыгау+.
4 Денджызӕн бауайдзӕф кӕны+, ӕмӕ йӕ бахус кӕны. Цӕугӕдӕттӕ иууылдӕр байсысын кӕны+.
Васан ӕмӕ Кармил бахус сты+, Ливаны дидинӕг баруад.
5 Хӕхтӕ йӕ разы базмӕлыдысты ӕмӕ къуыбыртӕ атадысты+.
Йӕ цӕсгомы раз зӕхх банкъуысдзӕн, зӕхх дӕр ӕмӕ йыл чи цӕры, уыдон се ’ппӕт дӕр+.
6 Чи бафӕраздзӕн йӕ фыдӕхӕн?+ Чи рацӕудзӕн йӕ судзгӕ масты ныхмӕ?+
Йӕ маст арты цӕхӕртау ныккалдзӕн+, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ йӕ разы ныппырх уыдзысты.
7 Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ*+, фидар мӕсыг+ – зын сахат+.
Уый зоны, йӕхи йе уазӕг чи бакӕны, уыдоны+.
8 Дон раивылын кӕндзӕн ӕмӕ уыцы горӕт бынсӕфт фӕкӕндзӕн+, ӕмӕ йын йе знӕгты талынг фӕстейӕ сурдзӕн+.
9 Цы фӕнд кӕнут Йегъовӕйы ныхмӕ?+ Иуы дӕр уӕ нал ныууадздзӕн.
Бӕллӕх дыккаг хатт нал ӕрцӕудзӕн+.
10 Кӕд сындзы къутӕртау кӕрӕдзийыл стыхстысты+ ӕмӕ, мӕнӕуӕй конд бӕгӕныйӕ куыд срасыг вӕййынц+, афтӕ срасыг сты, уӕддӕр сӕ арт хус хъӕмпау аныхъуырдзӕн+.
11 Дӕуӕй рацӕудзӕн, Йегъовӕйы ныхмӕ фыдвӕнд чи кӕны+, йӕ зӕрдӕйы ницӕйаг фӕндтӕ чи хӕссы, уый+.
12 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Кӕд тынг тыхджын ӕмӕ бирӕ сты, уӕддӕр сӕм бабырсдзысты ӕмӕ сӕ фӕцӕгъддзысты+. Ӕз дӕ ӕнӕмӕнг бафхӕрдзынӕн, цӕмӕй дӕ уый фӕстӕ мауал ӕфхӕрон+. 13 Уӕргътӕ цы хъилыл хӕссыс, уый дын асӕтдзынӕн+ ӕмӕ дын дӕ хъадамантӕ атондзынӕн+. 14 Дӕу тыххӕй Йегъовӕ ахӕм бардзырд радта: „Дӕ ном дын чи хӕсса, ахӕм нал уыдзӕн+. Дӕ хуыцӕутты кувӕндоны цы гуымиры ӕмӕ ӕфсӕйнаг хуыцау ис, уыдон фесафдзынӕн+. Кӕм дӕ баныгӕной, ахӕм бынат дын ӕрцӕттӕ кӕндзынӕн+, уымӕн ӕмӕ ницӕйаг дӕ“.
15 Акӕс-ма! Хорз хабар чи хӕссы ӕмӕ фарны хабар чи хъусын кӕны, уый хӕхтыл йӕ къах ӕрӕвӕрдта+. Иудӕ, дӕ бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кӕн+. Дӕ сомытӕ ӕххӕст кӕн+, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕххыл ӕнаккаг адӕймаг йӕ къах нал ӕрӕвӕрдзӕн+. Бынтондӕр сӕфт ӕрцӕудзӕн»+.