148 Кадджын кӕнут Йагъы!+
Кадджын кӕнут Йегъовӕйы уӕлӕрвты+,
Кадджын ӕй кӕнут бӕрзӕндты+.
2 Кадджын ӕй кӕнут, йӕ зӕдтӕ иууылдӕр+.
Кадджын ӕй кӕнут, йе ’ппӕт ӕфсӕдтӕ+.
3 Кадджын ӕй кӕнут, хур ӕмӕ мӕй+.
Кадджын ӕй кӕнут, ирд стъалытӕ иууылдӕр+.
4 Кадджын ӕй кӕнут, арвы кӕрӕттӕ+
Ӕмӕ, арвы сӕрмӕ цы дӕттӕ ис, уыдон+.
5 Уыдон кадджын кӕнӕнт Йегъовӕйы ном+,
Уымӕн ӕмӕ сӕ уый сфӕлдыста йӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ+.
6 Ӕмӕ уый фӕрцы фидар лӕууынц ӕнустӕм, мыггагмӕ+.
Уый радта закъон, ӕмӕ ивд не ’рцӕудзӕн+.
7 Кадджын кӕнут Йегъовӕйы зӕххыл+.
Кадджын ӕй кӕнут, денджызы цӕрӕг стыр цӕрӕгойтӕ ӕмӕ арф дӕттӕ иууылдӕр+,
8 Арты цӕхӕртӕ ӕмӕ их, мит ӕмӕ сау фӕздӕг+,
Йӕ ныхас ӕххӕстгӕнӕг тыхджын дымгӕ+.
9 Кадджын ӕй кӕнут, хӕхтӕ ӕмӕ къуыбыртӕ иууылдӕр+,
Дыргъбӕлӕстӕ ӕмӕ кедртӕ уе ’ппӕт дӕр+,
10 Хъӕддаг сырдтӕ ӕмӕ хӕдзарон фос+,
Хилджытӕ ӕмӕ базырджын мӕргътӕ+.
11 Кадджын ӕй кӕнут, зӕххон паддзӕхтӕ+ ӕмӕ ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ,
Кънйӕзтӕ+ ӕмӕ зӕххон тӕрхонгӕнджытӕ иууылдӕр+.
12 Кадджын ӕй кӕнут, лӕппутӕ+ ӕмӕ чызджытӕ+,
Зӕрӕдтӕ+ ӕмӕ сывӕллӕттӕ+.
13 Кадджын кӕнӕнт Йегъовӕйы ном+,
Уымӕн ӕмӕ йӕ ном у ӕппӕт нӕмттӕй дӕр бӕрзонддӕр+.
Йӕ кад у зӕхх ӕмӕ арвӕй уӕлдӕр+.
14 Уый сбӕрзонд кӕндзӕн йӕ адӕмы сыкъа+.
Бӕрзонд сисдзӕн, иузӕрдион ыл чи у+,
Ӕввахс ӕм чи у, уыцы адӕмы кад – Израилы фыртты кад+.
Кадджын кӕнут Йагъы!+