Зарӕг хӕдзар снывонд кӕныны номыл+. Давиды псалом.
30 Кадджын дӕ кӕндзынӕн, о Йегъовӕ, уымӕн ӕмӕ мыл ды уӕлӕмӕ схӕцыдтӕ+
Ӕмӕ нӕ бауагътай, цӕмӕй ме знӕгтӕ цин кӕной+.
2 О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, ӕххуысмӕ-иу дӕм дзынӕзтон, ӕмӕ-иу мӕ сдзӕбӕх кодтай+.
3 О Йегъовӕ, ды мын мӕ уд ингӕнӕй+ ракодтай,
Аирвӕзын мӕ кодтай, цӕмӕй арф ингӕнмӕ ма ныххызтаин+.
4 Зарут Йегъовӕйӕн, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ+,
Арфӕ кӕнут йӕ сыгъдӕг номӕн+,
5 Уымӕн ӕмӕ йӕ маст гыццыл йеддӕмӕ нӕ хӕссы+,
Йӕ хорзӕх та у цӕрӕнбонтӕм+.
Изӕрӕй райхъуысы кӕуын+, райсомӕй та – цины хъӕр+.
6 Ӕнӕмӕт куы уыдтӕн, уӕд дзырдтон+:
«Ӕз никуы фӕцуддзынӕн»+.
7 О Йегъовӕ, дӕ хорзӕх мӕ кӕй уыд, уый тыххӕй мын сфидар кодтай мӕ хох+.
Дӕ цӕсгом мӕ куы бамбӕхстай, уӕд мӕхицӕн ӕнцой нал ардтон+.
8 Дӕумӕ дзынӕзтон, о Йегъовӕ+.
Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон, куырдтон дзы хорзӕх+.
9 Арф ингӕнмӕ куы ныххизон, уӕд мӕ тугӕй цы пайда уыдзӕн?+
Мыййаг дӕ сыджыт кадджын кӕндзӕн?+ Дӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй дзурдзӕн?+
10 Фехъус мӕ, о Йегъовӕ, ӕмӕ мын дӕ хорзӕх ратт+.
О Йегъовӕ, ӕххуысгӕнӕг мын у+.
11 Ды мын мӕ кӕуын кафынмӕ раивтай+.
Мӕ хъисын мын раластай ӕмӕ мын мӕ астӕу циндзинадӕй ӕрбалвӕстай+,
12 Цӕмӕй дын мӕ уд зара ӕмӕ хъусӕй ма лӕууа+.
О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, ӕнустӕм дӕ кадджын кӕндзынӕн+.