Нееми
3 Хистӕр сауджын Елиашив+ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ, сауджынтӕ, райдыдтой Фысты кулдуар+ аразын. Снывонд ӕй кодтой*+ ӕмӕ йын йӕ дуӕрттӕ сӕвӕрдтой. Дарддӕр къул сарӕзтой суанг Меайы мӕсыджы+ онг, ӕмӕ уыцы хай дӕр снывонд кодтой суанг Хананелы мӕсыджы+ онг. 2 Сӕ фарсмӕ арӕзтой Иерихоны+ цӕрджытӕ, уыдоны фарсмӕ та – Имрийы фырт Заккур.
3 Кӕсӕгты кулдуар+ арӕзтой Сенайы фырттӕ. Сӕвӕрдтой кулдуары хъӕдын тарвӕзтӕ+, стӕй дуӕрттӕ+, ӕхгӕнӕнтӕ ӕмӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ+. 4 Сӕ фарсмӕ къул цалцӕг кодта Гаккоцы фырт Урийӕн+ йӕ фырт Меремоф+, уыдоны фарсмӕ – Мешезавелы фырт Берехийӕн йӕ фырт Мешуллам+, уыдоны фарсмӕ та – Ваанӕйы фырт Садок. 5 Дарддӕр сӕ фарсмӕ цалцӕг кодтой Фекойӕйы+ цӕрджытӕ. Фӕлӕ сӕ кадджынтӕ+ не ’ргуыбыр кодтой, цӕмӕй сӕ хицӕуттӕн балӕггад кодтаиккой.
6 Зӕронд горӕты+ кулдуар цалцӕг кодтой Пасеахы фырт Иойадӕ ӕмӕ Бесодийы фырт Мешуллам. Уыдон сӕвӕрдтой кулдуары хъӕдын тарвӕзтӕ, стӕй дуӕрттӕ, ӕхгӕнӕнтӕ ӕмӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ+. 7 Сӕ фарсмӕ цалцӕг кодтой гаваойнаг+ Мелати ӕмӕ меронофаг+ Иадон – Гаваоны+ ӕмӕ Массифӕйы+ цӕрджытӕ. Уыдон уыдысты, Стыр цӕугӕдоны+ иннӕ фарс цы хицау+ уыд, уый дӕлбар. 8 Сӕ фарсмӕ цалцӕг кодта Харгайы фырт Узиил, сызгъӕрины куыст+ чи кодта, уыдонӕй сӕ иу, йӕ фарсмӕ та – Ананийӕ, хӕрздӕф сойтӕ+ чи арӕзта, уыдонӕй сӕ иу. Уыдон Иерусалимы суанг Фӕтӕн къулы+ онг къӕйдуртӕй фӕндаг скодтой. 9 Сӕ фарсмӕ цалцӕг кодта Хуры фырт Рефайӕ, дӕлбар бӕстӕ Иерусалимы ӕмбисы кънйаз. 10 Уыдоны фарсмӕ йӕхи хӕдзары раз+ цалцӕг кодта Харумафы фырт Йедайӕ, уый фарсмӕ та – Хашавнийы фырт Хаттуш.
11 Иннӕ хай ӕмӕ Дзулфыцӕн пецты мӕсыг+ цалцӕг кодтой Харимы+ фырт Малхи ӕмӕ Пахаф-Моавы+ фырт Хашшув. 12 Сӕ фарсмӕ цалцӕг кодта Галлохешы фырт Шаллум, дӕлбар бӕстӕ Иерусалимы ӕмбисы кънйаз+, ӕмӕ йӕ чызджытӕ.
13 Дӕлвӕзы кулдуар+ цалцӕг кодтой Аннон ӕмӕ йемӕ – Заноахы+ цӕрджытӕ. Кулдуар ногӕй сарӕзтой, сӕвӕрдтой йын йӕ дуӕрттӕ+, ӕхгӕнӕнтӕ+ ӕмӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ+. Стӕй ма къул дӕр сцалцӕг кодтой иу мин ӕлмӕрины бӕрц*, суанг Фӕнычы кулдуары+ онг. 14 Фӕнычы кулдуар та цалцӕг кодта Рехавы фырт Малхи, дӕлбар бӕстӕ Бефкаремы+ кънйаз. Малхи уыцы кулдуар ногӕй сарӕзта, сӕвӕрдта йын йӕ дуӕрттӕ, ӕхгӕнӕнтӕ ӕмӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ.
15 Суадоны кулдуар+ цалцӕг кодта Колхозейы фырт Шаллум, дӕлбар бӕстӕ Массифӕйы+ кънйаз. Шаллум уыцы кулдуар ногӕй сарӕзта, йӕ сӕр ын бамбӕрзта, сӕвӕрдта йын йӕ дуӕрттӕ+, ӕхгӕнӕнтӕ ӕмӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ. Сцалцӕг ма кодта къул дӕр, Паддзахы дыргъдоны+ раз Шелӕйы* цадӕй+ райдай ӕмӕ суанг, Давиды горӕтӕй+ дӕлӕмӕ чи цӕуы, уыцы Асинты+ онг.
16 Йӕ фӕстӕ та паддзах Давиды уӕлмӕрды*+ онг ӕмӕ дарддӕр, аразгӕ кӕй скодтой, уыцы цады+ онг ӕмӕ Тыхджынты хӕдзары+ онг цалцӕг кодта Азбукы фырт Нееми, дӕлбар бӕстӕ Беф-Цуры+ ӕмбисы кънйаз.
17 Йӕ фӕстӕ цалцӕг кодтой левиттӕ+. Сӕ сӕргъы уыд Ванийы+ фырт Рехум. Йӕ фарсмӕ та йӕ бӕстӕйы номӕй цалцӕг кодта Хашави, дӕлбар бӕстӕ Кеилы+ ӕмбисы кънйаз. 18 Йӕ фӕстӕ цалцӕг кодтой се ’фсымӕртӕ. Сӕ сӕргъы уыд Хенадады фырт Баввай, дӕлбар бӕстӕ Кеилы иннӕ ӕмбисы кънйаз.
19 Йешуайы+ фырт Езер, Массифӕйы+ кънйаз, цалцӕг кодта иннӕ хай, Быцӕуы+ акомкоммӕ фӕндаг Хӕцӕнгарздонмӕ кӕм ссӕуы, уым.
20 Йӕ фӕстӕ зӕрдиагӕй+ куыста Забвайы+ фырт Варух. Уый цалцӕг кодта иннӕ хай, Быцӕуӕй суанг хистӕр сауджын Елиашивы+ хӕдзары бахизӕны онг.
21 Йӕ фӕстӕ иннӕ хай цалцӕг кодта Гаккоцы фырт Урийӕн+ йӕ фырт Меремоф. Уый цалцӕг кодта Елиашивы хӕдзары бахизӕнӕй Елиашивы хӕдзары кӕронмӕ.
22 Йӕ фӕстӕ та цалцӕг кодтой, Иорданы дӕлвӕз бӕстӕйы+ чи цард, уыцы сауджынтӕ. 23 Сӕ фӕстӕ сӕ хӕдзары раз цалцӕг кодтой Вениамин ӕмӕ Хашшув. Уыдоны фӕстӕ та йӕ хӕдзармӕ хӕстӕг цалцӕг кодта Ананийӕйы фырт Маасейӕйӕн йӕ фырт Азари. 24 Йӕ фӕстӕ иннӕ хай цалцӕг кодта Хенадады фырт Биннуй. Уый цалцӕг кодта Азарийы хӕдзарӕй суанг Быцӕуы+ онг ӕмӕ дарддӕр тигъы онг.
25 Йӕ фӕстӕ цалцӕг кодта Узайы фырт Фалал. Фалал къул сцалцӕг кодта Быцӕуы раз ӕмӕ, Паддзахы хӕдзары+ сӕрты чи кӕсы, уыцы мӕсыджы раз – Хъахъхъӕнджыты кӕрты+ чи ис, уыцы уӕллаг мӕсыджы раз. Йӕ фӕстӕ та куыста Парошы+ фырт Федайӕ.
26 Офелы+ чи цард, уыцы нефинейтӕ+ цалцӕг кодтой скӕсӕнырдыгӕй Доны кулдуары+ онг ӕмӕ уырдыгӕй дарддӕр, къулӕй ӕддӕдӕр чи рацыд, уыцы мӕсыджы онг.
27 Сӕ фӕстӕ иннӕ хай цалцӕг кодтой Фекойӕйы+ цӕрджытӕ. Уыдон цалцӕг кодтой, къулӕй ӕддӕдӕр чи рацыд, уыцы стыр мӕсыджы разӕй суанг Офелы къулы онг.
28 Бӕхты кулдуарӕй+ уӕлӕмӕ та цалцӕг кодтой сауджынтӕ, алчидӕр – йӕ хӕдзары раз.
29 Уыдоны фӕстӕ йӕ хӕдзары раз цалцӕг кодта Иммеры фырт Садок+.
Йӕ фӕстӕ та цалцӕг кодта Шеханийы фырт Шемайӕ, Скӕсӕйнаг кулдуар+ хъахъхъӕнӕг.
30 Йӕ фӕстӕ иннӕ хай цалцӕг кодтой Шелемийы фырт Ананийӕ ӕмӕ Цалафы ӕхсӕзӕм фырт Аннон.
Сӕ фӕстӕ та йӕ хӕдзары*+ раз цалцӕг кодта Берехийы фырт Мешуллам+.
31 Йӕ фӕстӕ цалцӕг кодта Малхи, сызгъӕрины куыст+ чи кодта, уыдоны къордӕй сӕ иу. Малхи цалцӕг кодта Ӕмбырдгӕнӕн кулдуары раз, нефинейты+ ӕмӕ базаргӕнджыты+ хӕдзары онг ӕмӕ, тигъыл цы уӕллаг уат ис, уый онг.
32 Тигъыл цы уӕллаг уат уыд, уый ӕмӕ Фысты кулдуары+ ’хсӕн та цалцӕг кодтой базаргӕнджытӕ ӕмӕ, сызгъӕрины куыст чи кодта, уыдон.