Нееми
12 Адон сты, Салафиилы фырт+ Зоровавелимӕ+ ӕмӕ Йесоимӕ+ чи ӕрцыд, уыцы сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ: Серайӕ, Йереми, Ездрӕ, 2 Амари+, Маллух, Хаттуш, 3 Шехани, Рехум, Меремоф, 4 Иддо, Гиннефой, Ави, 5 Миамин, Маади, Вилгӕ, 6 Шемайӕ+, Иойарив, Йедайӕ+, 7 Саллу, Амок+, Хелки ӕмӕ Йедайӕ+. Йесойы+ рӕстӕджы адон уыдысты сауджынты ӕмӕ се ’фсымӕрты хистӕртӕ.
8 Левиттӕ уыдысты Йешуа+, Биннуй+, Кадмиил+, Шереви, Иудӕ ӕмӕ Матфани+, йе ’фсымӕртимӕ Хуыцауӕн арфӕйы зарджытӕ зарынӕн дзуапп чи лӕвӕрдта, уый. 9 Сӕ акомкоммӕ лӕууыдысты се ’фсымӕртӕ Бакбуки ӕмӕ Унни ӕмӕ хъахъхъӕныны рад хастой. 10 Йешуайӕн райгуырд Иоаким+, Иоакимӕн – Елиашив+, Елиашивӕн – Иойадӕ+. 11 Иойадӕйӕн райгуырд Ионафан, Ионафанӕн та – Иаддуй+.
12 Иоакимы рӕстӕджы сауджынты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ уыдысты+: Серайӕйы+ хӕдзарвӕндаджы номӕй – Мерайӕ, Йеремийы хӕдзарвӕндаджы номӕй – Ананийӕ, 13 Ездрӕйы+ хӕдзарвӕндаджы номӕй – Мешуллам, Амарийы хӕдзарвӕндаджы номӕй – Йегъоханан, 14 Мелихуйы хӕдзарвӕндаджы номӕй – Ионафан, Шеванийы+ хӕдзарвӕндаджы номӕй – Иосиф, 15 Харимы+ хӕдзарвӕндаджы номӕй – Аднӕ, Мераиофы хӕдзарвӕндаджы номӕй – Хелки, 16 Иддойы хӕдзарвӕндаджы номӕй – Захари, Гиннефоны хӕдзарвӕндаджы номӕй – Мешуллам, 17 Авийы+ хӕдзарвӕндаджы номӕй – Зихри, Миниамины* хӕдзарвӕндаджы номӕй – ...*, Моадийы хӕдзарвӕндаджы номӕй – Пилтай, 18 Вилгӕйы+ хӕдзарвӕндаджы номӕй – Шаммуй, Шемайӕйы хӕдзарвӕндаджы номӕй – Ионафан, 19 Иойаривы хӕдзарвӕндаджы номӕй – Мафнай, Йедайӕйы+ хӕдзарвӕндаджы номӕй – Уззи, 20 Саллайы хӕдзарвӕндаджы номӕй – Каллай, Амокы хӕдзарвӕндаджы номӕй – Евер, 21 Хелкийы хӕдзарвӕндаджы номӕй – Хашави, Йедайӕйы+ хӕдзарвӕндаджы номӕй та – Нафанаил.
22 Елиашив+, Иойадӕ+, Иоханан ӕмӕ Иаддуйы+ рӕстӕджы чи цард, уыцы левитты, стӕй сауджынты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ фыст уыдысты суанг персайнаг паддзах Дарийы заманты онг.
23 Левийы фыртты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+ азфыстыты чиныджы фыст уыдысты суанг Елиашивы фырт Иохананы рӕстӕджы онг. 24 Левитты хистӕртӕ уыдысты Хашави, Шереви+ ӕмӕ Кадмиилы фырт+ Йешуа. Се ’фсымӕртӕ та лӕууыдысты сӕ акомкоммӕ ӕмӕ Хуыцауы кадджын кодтой ӕмӕ йын арфӕ кодтой, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг Давид куыд бафӕдзӕхста+, афтӕ. Хъахъхъӕнджыты иу къорд лӕууыд иннӕ къорды акомкоммӕ. 25 Матфани+, Бакбуки, Овади, Мешуллам, Талмон ӕмӕ Аккув+ уыдысты дуаргӕстӕ+ ӕмӕ хъахъхъӕдтой, кулдуӕртты раз цы къӕбицтӕ уыд, уыдон. 26 Уыдон цардысты Иоседекы фырт+ Йесойӕн йӕ фырт+ Иоакимы+ рӕстӕджы, хицау Неемийы+ рӕстӕджы ӕмӕ сауджын ӕмӕ писыр+ Ездрӕйы+ рӕстӕджы.
27 Иерусалимы къул куы хъуамӕ снывонд кодтаиккой+, уӕд левитты агурын райдыдтой, цӕмӕй сӕ, кӕмыты цардысты, уыцы бынӕттӕй Иерусалиммӕ ӕрӕмбырд кодтаиккой ӕмӕ къул снывонд кодтаиккой ӕмӕ ӕрхуы тӕбӕгътӕ, хъисфӕндыртӕ+ ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндырты+ цагъдмӕ цингӕнгӕйӕ Хуыцауӕн арфӕ кодтаиккой+ ӕмӕ зарыдаиккой+. 28 Ӕмӕ зарӕггӕнджыты фырттӕ ӕрӕмбырд сты ӕнӕхъӕн Бӕстӕйӕ*+, Иерусалиммӕ хӕстӕг рӕттӕй ӕмӕ нетофафӕгты+ хъӕутӕй, 29 Беф-Галгалӕй+, стӕй Гевӕ+ ӕмӕ Азмавефы быдыртӕй+, уымӕн ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ Иерусалимы алыварс сӕхицӕн хъӕутӕ скодтой ӕмӕ уым цардысты+. 30 Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ссыгъдӕг кодтой+ сӕхи ӕмӕ адӕмы+, стӕй кулдуӕрттӕ+ ӕмӕ къул+ дӕр.
31 Уый фӕстӕ ӕз Иудӕйы кънйӕзты+ къулы сӕрмӕ скодтон. Хуыцауӕн чи арфӕ кодта, уыцы зарӕггӕнджыты+ дыууӕ стыр къордыл адих кодтон ӕмӕ адӕмы дӕр дыууӕ къордыл адих кодтон, цӕмӕй сӕ фӕдыл цыдаиккой. Ӕмӕ дзы иу къорд араст къулыл рахизырдӕм, Фӕнычы кулдуарырдӕм+. 32 Сӕ фӕстӕ цыдысты Гошай ӕмӕ Иудӕйы кънйӕзтӕн се ’мбис, 33 стӕй Азари, Ездрӕ, Мешуллам, 34 Иудӕ, Вениамин, Шемайӕ ӕмӕ Йереми. 35 Сауджынты фырттӕй уадындзтӕй чи уасыд+, уыдонӕй дзы уыд Захари – уый уыд Ионафаны фырт, Ионафан – Шемайӕйы фырт, Шемайӕ – Матфанийы фырт, Матфани – Михейы фырт, Михей – Заккуры фырт+, Заккур та – Асафы фырт+, 36 стӕй йе ’фсымӕртӕ Шемайӕ, Азариил, Милалай, Гилалай, Маай, Нафанаил, Иудӕ ӕмӕ Анани, сӕ къухы уыди ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг Давиды музыкалон инструменттӕ+. Писыр Ездрӕ+ та цыд сӕ разӕй. 37 Суадоны кулдуарӕй+ ацыдысты дарддӕр, Давиды горӕты+ Асинты+ уӕлӕты, Давиды хӕдзарӕй уӕлдӕр къул хӕрдмӕ кӕм цӕуы, ууылты ӕмӕ бахӕццӕ сты, скӕсӕнырдыгӕй чи уыд, уыцы Доны кулдуармӕ+.
38 Хуыцауӕн чи арфӕ кодта, уыцы зарӕггӕнджыты+ иннӕ къорды фӕстӕ та цыдтӕн ӕз ӕмӕ адӕмӕн се ’мбис. Уыцы къорд къулыл ацыд, Дзулфыцӕн пецты+ мӕсыг кӕм ис, ууылты ӕмӕ дарддӕр Фӕтӕн къулыл+, 39 стӕй Ефремы кулдуарыл+ Зӕронд горӕты+ кулдуармӕ рахызт, уый фӕстӕ Кӕсӕгты кулдуарыл+, Хананелы мӕсыгыл+ ӕмӕ Меайы мӕсыгыл+ рахызт Фысты кулдуармӕ+ ӕмӕ Хъахъхъӕнджыты кулдуары раз ӕрлӕууыд.
40 Ӕппынфӕстаг, Хуыцауӕн чи арфӕ кодта, уыцы зарӕггӕнджыты+ дыууӕ къорды дӕр ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары+ раз ӕрлӕууыдысты, ӕмӕ семӕ ӕз ӕмӕ дӕлбар хицӕуттӕн се ’мбис+, 41 стӕй сауджынтӕ Елиаким, Маасейӕ, Миниамин, Михей, Елиоенай, Захари ӕмӕ Ананийӕ уадындзтимӕ+, 42 стӕй ма Маасейӕ, Шемайӕ, Елеазар, Уззи, Йегъоханан, Малхи, Елам ӕмӕ Езер дӕр. Зарӕггӕнджытӕ та сӕ цӕстдарӕг Израхиимӕ хъӕрӕй зарыдысты+.
43 Уыцы бон стыр нывӕндтӕ+ ӕрхастой ӕмӕ цин кодтой+, уымӕн ӕмӕ сын ӕцӕг Хуыцау стыр циндзинад радта+. Цин кодтой сылгоймӕгтӕ+ ӕмӕ сывӕллӕттӕ+ дӕр, ӕмӕ Иерусалимы цины хъӕр дардмӕ хъуыст+.
44 Уыцы бон ма нӕлгоймӕгтӕй равзӕрстой, къӕбицтӕм+ чи кастаид, стӕй, мысайнӕгтӕ+, фыццаг дыргътӕ+ ӕмӕ дӕсӕм хӕйттӕ+ кӕм ӕвӕрдтой, уыцы уӕттӕн+ дзуапп чи лӕвӕрдтаид, уыдоны. Уыцы уӕттӕм хъуамӕ ӕмбырд кодтаиккой, горӕтты хуымты тыллӕгӕй закъонмӕ гӕсгӕ+ сауджынтӕм ӕмӕ левиттӕм цы хай ӕмбӕлд+, уый. Ӕппӕт уыдӕттӕ Иудӕйы адӕм уымӕн арӕзтой, ӕмӕ цин кодтой, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ+ сӕ куыст кӕй кодтой, ууыл. 45 Ӕмӕ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ райдыдтой ӕххӕст кӕнын, Хуыцауӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы ӕмӕ сыл сыгъдӕг кӕныны+ хъуыддаджы цы хӕстӕ+ уыд, уыдон. Сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой зарӕггӕнджытӕ+ ӕмӕ дуаргӕстӕ+ дӕр, Давид ӕмӕ йӕ фырт Соломон куыд бафӕдзӕхстой, афтӕ, 46 уымӕн ӕмӕ раздӕр, Давиды ӕмӕ Асафы рӕстӕджы, зарӕггӕнджытӕн+ уыди хистӕртӕ ӕмӕ-иу Хуыцауы кадӕн зарыдысты ӕмӕ йын арфӕ кодтой+. 47 Зоровавелы+ рӕстӕджы ӕмӕ Неемийы+ рӕстӕджы Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр зарӕггӕнджытӕн+ ӕмӕ дуаргӕстӕн+ лӕвӕрдтой, алы бон дӕр сӕ цы хъуыд, уый. Уыцы табуйаг хӕйттӕ-иу радтой левиттӕн+, ӕмӕ-иу левиттӕ дӕр уыцы табуйаг хӕйттӕй радтой Аароны фырттӕн.