Есфир
4 Мардохей+ уыцы хабар куы базыдта+, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта, йӕ уӕлӕ хъисын скодта+, йӕ сӕрыл фӕнык ӕркалдта+ ӕмӕ горӕты астӕумӕ рацыд ӕмӕ хъӕрӕй куыдта, ӕрдиаг кодта+. 2 Паддзахы кулдуармӕ бахӕццӕ+, фӕлӕ дарддӕр нал ацыд, уымӕн ӕмӕ никӕмӕн уыд уый бар, цӕмӕй паддзахы кулдуарыл хъисыны бахызтаид. 3 Паддзахы дӕлбар бӕстӕтӕй-иу+ паддзахы уынаффӕ ӕмӕ закъон кӕдӕм фӕхӕццӕ, уым-иу дзуттӕгтӕ маст кодтой+, ком дардтой+, куыдтой ӕмӕ ӕрдиаг кодтой. Бирӕтӕн хъисын+ ӕмӕ фӕнык+ систы сӕ хуыссӕн. 4 Паддзахы ус Есфирмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕ*+ цыдысты ӕмӕ йын алцыдӕр дзырдтой, ӕмӕ тынг маст кодта. Есфир Мардохейӕн дзаумӕттӕ арвыста, цӕмӕй йӕ хъисын раластаид ӕмӕ уыдон скодтаид, фӕлӕ Мардохей нӕ бакуымдта+. 5 Уӕд Есфир фӕдзырдта Гафахмӕ+, паддзах йӕ фӕсдзӕуинтӕй* Есфирӕн лӕггадгӕнӕгӕй кӕй сӕвӕрдта, уымӕ, ӕмӕ йын бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, Мардохеймӕ ацу ӕмӕ, цы ’рцыд, уый базон.
6 Гафах дӕр Мардохеймӕ паддзахы кулдуары размӕ, горӕты фӕзмӕ, ацыд. 7 Ӕмӕ йын Мардохей радзырдта, цы йыл ӕрцыд, уый+. Стӕй ма йын бӕлвырдӕй загъта, Аман дзуттӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй+ паддзахы хӕзнадонмӕ цас ӕхца раттинаг уыд+, уый дӕр. 8 Уый фӕстӕ йын радта, дзуттӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй Сузӕйы цы уынаффӕ рахастой+, уый къухфыст+, цӕмӕй йӕ Есфирӕн равдыстаид ӕмӕ йын алцыдӕр радзырдтаид ӕмӕ йын ныффӕдзӕхстаид+, паддзахмӕ бацу ӕмӕ йын дӕ адӕмы тыххӕй+ ныллӕгъстӕ кӕн+, зӕгъгӕ.
9 Гафах+ Есфирмӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын радзырдта, Мардохей йын цы загъта, уый. 10 Уый фӕстӕ Есфир Гафахы Мардохеймӕ+ арвыста ахӕм ныхасимӕ: 11 «Паддзахы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ паддзахы дӕлбар бӕстӕты адӕм се ’ппӕт дӕр зонынц, паддзахы мидӕггаг кӕртмӕ+ исчи ӕнӕхонгӕйӕ куы бацӕуа, фӕнды нӕлгоймаг уа, фӕнды сылгоймаг, уӕд ын кӕй ис иу тӕрхон+ – мӕлӕт. Ӕрмӕст ӕм кӕд паддзах йӕ сызгъӕрин лӕдзӕгӕй бацамона, уӕд удӕгасӕй баззайдзӕн+. Мӕнмӕ та паддзах ныр ӕртын боны нӕ фӕдзырдта».
12 Есфиры ныхӕстӕ Мардохеймӕ фӕхӕццӕ кодтой. 13 Ӕмӕ йын уӕд Мардохей ахӕм дзуапп арвыста: «Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ, паддзахы хӕдзары чи ис, уыдон иннӕ дзуттӕгтӕй уӕлдай кӕй аирвӕздзысты+. 14 Дзуттӕгты сӕрыл ды куы не сдзурай, уӕд сын ӕндӕр исчи баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн+, ды ӕмӕ дӕ фыды хӕдзар та бабын уыдзыстут. Стӕй йын чи цы зоны, уӕдта ма паддзахы ус дӕр ацы зын сахаты тыххӕй сдӕ»+.
15 Уӕд Есфир Мардохейӕн загъта: 16 «Ацу ӕмӕ, Сузӕйы+ цы дзуттӕгтӕ ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ мӕн тыххӕй ком дарут+: ӕртӕ боны уӕ дзыхмӕ къӕбӕр дӕр ма схӕссут ӕмӕ нуазгӕ дӕр мацы бакӕнут+ – нӕдӕр бонӕй, нӕдӕр ӕхсӕвы. Ӕз дӕр мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтимӕ+ ком дардзынӕн ӕмӕ стӕй паддзахмӕ бацӕудзынӕн, кӕд мын закъонмӕ гӕсгӕ уый бар нӕй, уӕддӕр. Ӕмӕ мӕ кӕд марой+, уӕд мӕ амарӕнт». 17 Уӕд Мардохей ацыд ӕмӕ йын Есфир куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта.