Иов
9 Уӕд Иов загъта:
2 «Ӕз дӕр ӕй зонын, уый афтӕ кӕй у.
Фӕлӕ зӕххон адӕймаг Хуыцауы ныхмӕ тӕрхоны куы ’рлӕууа, уӕд раст куыд хъуамӕ разына?+
3 Куы йӕ бафӕндид йемӕ быцӕу кӕнын+,
Уӕд ын мин фарстӕй иуӕн дӕр дзуапп нӕ раттид.
4 Уый у зӕрдӕйӕ зондджын ӕмӕ тыхӕй фидар+.
Кӕй бон у йӕ ныхмӕ къӕйныхӕй ныллӕууын ӕмӕ ӕнӕфыдбылызӕй баззайын?+
6 Зӕхх йӕ бынатӕй базмӕлын кӕны,
Ӕмӕ йӕ цӕджындзтӕ+ нырризынц.
7 Хурӕн фӕзӕгъы, цӕмӕй ма рухс кӕна,
Стъалытыл мыхуыр сӕвӕры+.
8 Уый йӕхӕдӕг айтындзы арв+,
Рацу-бацу кӕны денджызы бӕрзонд уылӕнтыл+.
9 Уый сфӕлдыста Асы стъалыгуппар*, Кесилы стъалыгуппар*,
Кимы стъалыгуппар*+ ӕмӕ хуссары мидӕггаг уӕттӕ*.
10 Йе стыр хъуыддӕгтыл зонд не ’ххӕссы+,
Йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕн кӕрон нӕй+.
11 Мӕнӕ, мӕ рӕзты фӕцӕуы, фӕлӕ йӕ ӕз нӕ уынын,
Фӕцӕуы дарддӕр, фӕлӕ чи у, уый нӕ зонын+.
12 Искӕмӕй исты куы иса, уӕд йӕ ныхмӕ чи ’рлӕудзӕн?
Чи йын зӕгъдзӕн, цы кусыс, зӕгъгӕ?+
13 Хуыцау йӕ маст+ не ’рсабыр кӕндзӕн.
Тыхгӕнӕгӕн+ чи ’ххуыс кӕны, уыдон йӕ разы сӕ зонгуытыл лӕудзысты.
14 Кӕд афтӕ у, уӕд ӕз хъуамӕ хъуыды кӕнон мӕ алы ныхасыл дӕр,
Дзуапп ын куы дӕттон, уӕд+.
15 Уӕдӕ йын мӕ бон дзуапп раттын нӕ бауид, раст куы уаин, уӕддӕр+.
Чи мӕ аххосджын кӕны, уымӕн лӕгъстӕ кӕнин йӕ хорзӕхы тыххӕй+.
16 Куы йӕм фӕдзырдтаин, уӕд мын дзуапп раттаид?+
Фехъуыстаид мӕ, уый мӕ нӕ уырны.
17 Тыхдымгӕйау мыл бӕллӕхтӕ рауагъта,
Ницы аххосджын дӕн, афтӕмӕй мын мӕ хъӕдгӕмттӕ фылдӕр кӕны+.
18 Сулӕфын дӕр мӕ нӕ уадзы+,
Мӕстытӕ мыл калы ӕмӕ калы.
19 Кӕд исчи тыхӕй фидар у, уӕд уый+.
Кӕд искуы раст тӕрхонгӕнӕг ис, уӕд мӕм уый фӕдзурӕд!
20 Раст куы уаин, уӕд мӕ мӕхи ӕвзаг схонид фыдгӕнӕг.
Ӕнӕфау куы уаин, уӕд мӕ Уый рахонид мӕнгард.
21 Ӕнӕфау куы уаин, уӕд уый мӕхи уд дӕр нӕ зонид,
Мӕ цард дӕр мӕ нал хъӕуид.
22 Иууылдӕр иу сты. Афтӕ дӕр уый тыххӕй зӕгъын:
„Уый фесафы ӕнӕфау адӕймаджы дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕджы дӕр“+.
23 Дон куы раивылид ӕмӕ адӕймаг ӕвиппайды йӕ быны куы фӕуид,
Уӕд уый худид ӕнаххос адӕмы рыстыл.
24 Зӕхх лӕвӕрд у фыдгӕнӕджы къухмӕ+.
Хуыцау ын бамбӕрзы йӕ тӕрхонгӕнджыты цӕсгӕмттӕ.
Кӕд уый нӕу, уӕд ма ӕндӕр чи у?
25 Мӕ бонтӕ фӕдисонӕй тагъддӕр тӕхынц+.
Атахтысты ӕмӕ хорзӕй ницыуал фендзысты.
26 Хъӕзӕй конд бӕлӕгътау аивгъуыдтой,
Цӕргӕс хӕринаг агургӕйӕ уыциу тахт куыд ракӕны, афтӕ атахтысты+.
28 Уӕддӕр тӕрсын мӕстытӕй+.
Зонын ӕй, ӕнаххосыл мӕ кӕй нӕ банымайдзынӕ.
29 Ӕз нымад ӕрцӕудзынӕн фыдгӕнӕгыл.
Ӕмӕ ма уӕд мӕхи дзӕгъӕлы тухӕнӕй цы марын?+
30 Мӕхи миты донӕй дӕр куы ныхсин,
Мӕ къухтӕ фӕныкдонӕй дӕр куы ссыгъдӕг кӕнин+,
31 Уӕддӕр мӕ ды дзыхъхъы нытътъыссис,
Ӕмӕ мыл мӕ дарӕс дӕр ӕлгъ кӕнид.
32 Уымӕн ӕмӕ уый мӕнау адӕймаг нӕу+, цӕмӕй йын дзуапп дӕттон,
Цӕмӕй кӕрӕдзийы ныхмӕ тӕрхоны ӕрлӕууӕм.
33 Раст нӕ чи у, уый чи равзара, ахӕм нӕй+,
Нӕй, нӕ дыууӕйы ’хсӕн тӕрхонгӕнӕгӕй чи ныллӕууа, ахӕм.
34 Йӕ уис мӕ айсӕд+
Ӕмӕ мӕ тас ма уадзӕд, ма мӕ тӕрсын кӕнӕд.
35 Бауадзут мӕ, ӕмӕ дзурон, ма дзы тӕрсон, афтӕмӕй,
Уымӕн ӕмӕ мӕхимӕ ахӕмӕй ницы зонын, цӕмӕй дзы тӕрсон.