Райдиан
11 Уыцы рӕстӕг ӕгас зӕххыл дӕр уыди иу ӕвзаг ӕмӕ адӕм сӕ ныхасы пайда кодтой ӕмхуызон дзырдтӕй. 2 Иуафон, скӕсӕнырдӕм цӕугӕйӕ, Сеннаары+ зӕххыл ссардтой дӕлвӕз ӕмӕ уым ӕрцардысты. 3 Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Цӕй ӕмӕ агуыридуртӕ саразӕм ӕмӕ сӕ арты басудзӕм». Гъемӕ сын агуыридур уыди дурты бӕсты, писи та – чъыры змӕсты бӕсты+. 4 Ӕмӕ уый фӕстӕ загътой: «Нӕхицӕн саразӕм горӕт ӕмӕ, йӕ цъупп арвыл+ кӕмӕн ӕндзӕва, ахӕм мӕсыг, ӕмӕ нӕхицӕн ном скӕнӕм+, цӕмӕй зӕххы цъарыл алырдӕмты ма ныппырх уӕм»+.
5 Уӕд Йегъовӕ ӕрцыд, адӕм цы горӕт ӕмӕ цы мӕсыг арӕзтой, уый фенынмӕ+. 6 Ӕмӕ уый фӕстӕ Йегъовӕ загъта: «Иу адӕм сты, се ’ппӕт дӕр иу ӕвзагыл+ дзурынц, ӕмӕ-ма кӕс, цы кусынц, уымӕ. Ныр цыфӕнды ма сфӕнд кӕной,– сараздзысты йӕ+. 7 Ныццӕуӕм+ ӕмӕ сын се ’взаг схӕццӕ кӕнӕм+, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзийы ӕвзаг мауал ӕмбарой»+. 8 Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ныппырх кодта ӕгас зӕххы цъарыл+, ӕмӕ сӕ горӕт аразын ныууагътой+. 9 Уый тыххӕй уыцы горӕт схуыдтой Вавилон*+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уым схӕццӕ кодта, адӕм ӕгас зӕххыл дӕр цы ’взагыл дзырдтой, уый, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ӕгас зӕххы цъарыл ныххӕлиу кодта+.
10 Симы+ царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ.
Симыл сӕдӕ азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Арфаксад+. Уый уыди доны хъаймӕтӕй дыууӕ азы фӕстӕ. 11 Арфаксады райгуырды фӕстӕ ма Сим фӕцард фондзсӕдӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ+.
12 Арфаксадыл ӕртын фондз азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Салӕ+. 13 Салӕйы райгуырды фӕстӕ ма Арфаксад фӕцард цыппарсӕдӕ ӕртӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.
14 Салӕйыл ӕртын азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Евер+. 15 Еверы райгуырды фӕстӕ ма Салӕ фӕцард цыппарсӕдӕ ӕртӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.
16 Еверыл ӕртын цыппар азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Фалек+. 17 Фалекы райгуырды фӕстӕ ма Евер фӕцард цыппарсӕдӕ ӕртын азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.
18 Фалекыл ӕртын азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Рагав+. 19 Рагавы райгуырды фӕстӕ ма Фалек фӕцард дыууӕсӕдӕ фараст азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.
20 Рагавыл ӕртын дыууӕ азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Серух+. 21 Серухы райгуырды фӕстӕ ма Рагав фӕцард дыууӕсӕдӕ авд азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.
22 Серухыл ӕртын азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Нахор+. 23 Нахоры райгуырды фӕстӕ ма Серух фӕцард дыууӕсӕдӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.
24 Нахорыл дыууын фараст азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Фаррӕ+. 25 Фаррӕйы райгуырды фӕстӕ ма Нахор фӕцард сӕдӕ нудӕс азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.
26 Фаррӕйыл ӕвдай азы куы цыди, уӕд ын уый фӕстӕ райгуырдысты Аврам+, Нахор+ ӕмӕ Аран.
27 Фаррӕйы царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ.
Фаррӕйӕн райгуырдысты Аврам, Нахор ӕмӕ Аран. Аранӕн та райгуырд Лот+. 28 Фӕстӕдӕр Аран амард, йӕ фыд Фаррӕимӕ ма йӕ райгуырӕн зӕххыл, халдейаг+ горӕт Уры+, куы цардысты, уӕд. 29 Аврам ӕмӕ Нахор ракуырдтой устытӕ. Аврамы ус хуынди Сарӕ+, Нахоры ус та – Милкӕ+, Араны чызг. Аран уыди Милкӕйы фыд дӕр ӕмӕ Искъӕйы фыд дӕр. 30 Фӕлӕ Сарӕйӕн сывӕллон нӕ уыд, зӕнӕг ын нӕ цыди+.
31 Уый фӕстӕ Фаррӕ ракодта йӕ фырт Аврамы, йӕ фырты фырт+ Лоты, Араны лӕппуйы, ӕмӕ йӕ чындз Сарӕйы+, ӕмӕ йемӕ рацыдысты халдейаг горӕт Урӕй ӕмӕ араст сты Ханааны зӕхмӕ+. Цасдӕры фӕстӕ ӕрцыдысты Харранмӕ+ ӕмӕ уым ӕрцардысты. 32 Фаррӕ фӕцард дыууӕсӕдӕ фондз азы, ӕмӕ амард Харраны.