2 Паддзӕхты
10 Ахавӕн Самарийы+ уыди ӕвдай+ фырты. Ӕмӕ Ииуй фыстӕджытӕ ныффыста ӕмӕ сӕ Самаримӕ Изреелы кънйӕзтӕм+, хистӕр лӕгтӕм+ ӕмӕ, Ахавы сывӕллӕттӕм чи каст, уыдонмӕ арвыста. Ныффыста сӕм: 2 «Уӕ къухы сты уӕ хицауы фырттӕ, йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхтӕ+, стӕй фидаргонд горӕт ӕмӕ хӕцӕнгарз дӕр. Ӕмӕ уӕм ацы фыстӕг куы фӕхӕццӕ уа, 3 уӕд-иу, уӕ хицауы фырттӕй ӕппӕты хуыздӕр ӕмӕ аккаг чи у, уый равзарут ӕмӕ йӕ йӕ фыды паддзахбадӕныл сбадын кӕнут+. Ӕмӕ-иу стӕй уӕ хицауы хӕдзары сӕрыл тох кӕнут».
4 Уыдон тынг фӕтарстысты ӕмӕ загътой: «Йӕ разы дыууӕ паддзахы+ куы нӕ фӕлӕууыдысты, уӕд мах цы бакӕндзыстӕм?»+ 5 Ӕмӕ Ахавы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг, горӕты сӕргълӕууӕг, хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ, Ахавы сывӕллӕттӕм чи каст, уыдон+ Ииуймӕ арвыстой ахӕм ныхас: «Мах дӕ цагъартӕ стӕм, ӕмӕ нын ды куыддӕриддӕр зӕгъай, афтӕ бакӕндзыстӕм. Паддзахӕй никӕй сӕвӕрдзыстӕм. Хуыздӕр дӕм куыд кӕсы, афтӕ бакӕн».
6 Ӕмӕ сӕм уӕд арвыста дыккаг фыстӕг ахӕм ныхӕстимӕ: «Кӕд мӕ фарс стут+ ӕмӕ мӕ ныхасмӕ хъусут, уӕд уӕ хицауы фырттӕн+ сӕ сӕртӕ ралыг кӕнут ӕмӕ мӕм райсом ацафон Изреелмӕ ӕрцӕут»+.
Уыцы рӕстӕг та паддзахы фырттӕ, ӕвдай адӕймаджы, уыдысты горӕты кадджын лӕгтимӕ, чи сӕ хъомыл кодта, уыдонимӕ. 7 Куыддӕр уыцы фыстӕг райстой, афтӕ паддзахы фыртты, ӕвдай адӕймаджы+, ракодтой ӕмӕ сӕ амардтой. Стӕй сын сӕ сӕртӕ чыргъӕдты нывӕрдтой ӕмӕ сӕ Ииуймӕ Изреелмӕ арвыстой. 8 Ииуйӕн фӕхабар кодтой+, паддзахы фыртты сӕртӕ ӕрбахастой+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Ииуй загъта: «Кулдуары бахизӕны сӕ дыууӕ раны ӕркалут ӕмӕ сӕ райсоммӕ афтӕ уадзут»+. 9 Райсомӕй рацыд, ӕппӕт адӕмы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ сын загъта: «Сымах ницы аххосджын стут+. Мӕ хицауы ныхмӕ ӕз скодтон сусӕгвӕнд+ ӕмӕ йӕ ӕз амардтон+. Фӕлӕ адоны та чи амардта? 10 Уӕдӕ йӕ зонут, Йегъовӕйы ныхӕстӕй, Йегъовӕ Ахавы хӕдзарвӕндаджы+ тыххӕй кӕй загъта, уыдонӕй, иу дӕр ӕнӕсӕххӕстӕй кӕй нӕ баззайдзӕн*+. Йегъовӕ сарӕзта, йӕ лӕггадгӕнӕг Илийайы уылты цы загъта, уый»+. 11 Ииуй ныццагъта, Изреелы ма Ахавы хӕдзарвӕндагӕй чидӕриддӕр баззад, уыдоны дӕр, кадджын лӕгты+ се ’ппӕты дӕр, стӕй Ахавы ӕмбӕлтты ӕмӕ йӕ сауджынты+ дӕр – иуы дӕр дзы удӕгасӕй нӕ ныууагъта+.
12 Уый фӕстӕ сыстад ӕмӕ Самаримӕ ацыд. Фӕндагыл уыд, фыййӕуттӕ фыстӕ кӕм ӕлвыдтой, ахӕм хӕдзар. 13 Ииуй Иудӕйы паддзах Охозийы+ ӕфсымӕртыл+ сӕмбӕлд ӕмӕ сӕ бафарста: «Чи стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Мах Охозийы ӕфсымӕртӕ стӕм. Паддзахы ӕмӕ ус-паддзахы фыртты бӕрӕггӕнӕг цӕуӕм, куыд сты, уый базонӕм». 14 Уӕд Ииуй загъта: «Удӕгасӕй сӕ ӕрцахсут!»+ Гъемӕ сӕ ӕрцахстой ӕмӕ се ’ппӕты дӕр, цыппор дыууӕ адӕймаджы, фыййӕутты хӕдзары цур цы доны дзыхъхъ уыд, уый раз амардтой. Ииуй дзы иуы дӕр удӕгасӕй нӕ ныууагъта+.
15 Уырдыгӕй дарддӕр куы ацыд, уӕд Рехавы фырт+ Ионадавыл+ фембӕлд – йӕ размӕ рацӕйцыд. Ииуй йын раарфӕ кодта+ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ зӕрдӕ демӕ куыд ис, дӕ зӕрдӕ дӕр мемӕ афтӕ ис?»+
«О»,– дзуапп ын радта Ионадав.
«Уӕдӕ уӕд дӕ къух ӕри».
Уый дӕр ӕм йӕ къух радта, ӕмӕ йӕ Ииуй йӕ бӕхуӕрдонмӕ схизын кодта+. 16 Ӕмӕ йын загъта: «Цом мемӕ ӕмӕ фендзынӕ, Йегъовӕйӕ уӕлдай ӕндӕр хуыцӕуттӕн чи кувы, уыдонӕн кӕй нӕ ныббыхсдзынӕн»+. Ӕмӕ Ионадав Ииуйимӕ йӕ бӕхуӕрдоныл ацыд. 17 Ииуй Самаримӕ ӕрцыд ӕмӕ ма Ахавӕн Самарийы чи баззад, уыдоны се ’ппӕты дӕр амардта. Бындзагъд сӕ фӕкодта+, Йегъовӕ Илийайӕн куыд загъта, афтӕ+.
18 Уый фӕстӕ Ииуй адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Ваалӕн Ахав гыццыл балӕггад кодта+. Ииуй йын фылдӕр балӕггад кӕндзӕн. 19 Уӕдӕ мӕм Ваалы пехуымпарты+, йӕ кувӕг адӕмы+ ӕмӕ йӕ дзуарылӕгты+ се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕнут. Иуы дӕр дзы ма ферох кӕнут, уымӕн ӕмӕ Ваалӕн стыр нывӕндтӕ хъуамӕ ӕрхӕссон. Чи не ’рбацӕуа, уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн». Ииуй сыл хинӕй цыд+, цӕмӕй Ваалӕн кувӕг адӕмы ныццагътаид.
20 Ииуй загъта: «Фехъусын кӕнут, Ваалы номыл сӕрмагонд ӕмбырд кӕй уыдзӕн». Ӕмӕ адӕмӕн фехъусын кодтой. 21 Стӕй Ииуй ӕнӕхъӕн Израилмӕ дӕр арвыста+, ӕмӕ Ваалӕн кувӕг адӕм иууылдӕр ӕрцыдысты. Иунӕг дӕр дзы ахӕм нӕ баззад, чи не ’рбацыд. Ӕмӕ Ваалы кувӕндонмӕ+ куы бацыдысты, уӕд хӕдзар байдзаг – къух бакӕнӕн дӕр дзы нал уыд. 22 Ӕмӕ уӕд Ииуй, дзаумӕттӕ кӕм уыдысты, уыцы уаты хицауӕн загъта: «Ваалӕн чи кувы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уӕлӕдарӕс рахӕсс». Ӕмӕ сын уый дӕр рахаста. 23 Уӕд Ииуй Рехавы фырт Ионадавимӕ+ Ваалы кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ, Ваалӕн чи куывта, уыдонӕн загъта: «Дзӕбӕх акӕсут, уе ’хсӕн Йегъовӕйӕн кувӕг адӕмӕй куыд ничи уа, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр, Ваалӕн чи кувы, уыдон»+. 24 Ӕмӕ нывӕндтӕ ӕмӕ судзинаг нывӕндтӕ хӕссынмӕ куы бацыдысты, уӕд Ииуй ӕддейӕ ӕстай адӕймаджы сӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: «Уӕ къухмӕ уын кӕй дӕттын, уыдонӕй иу дӕр кӕмӕн аирвӕза, уымӕн йӕ уд уыдзӕн уый уды бӕсты»+.
25 Ииуй судзинаг нывонд куы ’рхаста, уӕд йӕ хъахъхъӕнджытӕн ӕмӕ йе ’ххуысгӕнджытӕн+ загъта: «Рацӕут ӕмӕ сӕ амарут! Иуы дӕр дзы ма ауадзут»+. Уыдон дӕр сӕ карды комӕй цӕгъдын райдыдтой, сӕ мӕрдтӕ та сын ӕддӕмӕ ӕппӕрстой, ӕмӕ афтӕ Ваалы кувӕндоны рӕбынмӕ бахӕццӕ сты. 26 Стӕй Ваалы кувӕндонӕй рахастой кувӕн дуртӕ+ ӕмӕ сӕ басыгътой+. 27 Уый фӕстӕ ныппырх кодтой, Ваалӕн кувынӕн цы дур сӕвӕрдтой+, уый дӕр. Ваалы кувӕндон+ дӕр ныппырх кодтой ӕмӕ дзы уазӕгдон*+ сарӕзтой, ӕмӕ афтӕ у абоны онг дӕр.
28 Афтӕ Ииуй Ваалы Израилӕй фесӕфта. 29 Фӕлӕ, Наваты фырт Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта+ ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта+, уыдоныл йӕ къух нӕ систа – Вефилы ӕмӕ Даны+ цы сызгъӕрин родтӕ+ уыд, уыдон ныууагъта. 30 Йегъовӕ Ииуйӕн загъта: «Мӕ цӕсты раст цы у, уый кӕй арӕзтай+ ӕмӕ Ахавы хӕдзарӕн, мӕ зӕрды цыдӕриддӕр уыд, уый кӕй бакодтай+, уый тыххӕй дӕ фырттӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг баддзысты Израилы паддзахбадӕныл»+. 31 Фӕлӕ Ииуй нӕ архайдта, цӕмӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕйы закъон ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кодтаид+. Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдоныл йӕ къух нӕ систа+.
32 Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Израилы зӕххытӕ къаддӕр кӕнын райдыдта, ӕмӕ-иу Азаил+ израилӕгтӕм кӕдӕмфӕнды ма бабырстаид, ныппырх-иу сӕ кодта: 33 Иорданӕй скӕсӕнырдӕм, ӕгас Галаады+ зӕххыл, Гады мыггаджы+ зӕххыл, Рувимы мыггаджы+ зӕххыл ӕмӕ Манассийы мыггаджы+ зӕххыл, Арноны дӕлвӕзы+ раз чи ис, уыцы Ароерӕй суанг Галаад ӕмӕ Васаны+ онг.
34 Ииуйы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй – фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 35 Ӕппынфӕстаг Ииуй йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ Самарийы бавӕрдтой. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иоахаз+. 36 Ииуй Самарийы Израилӕн паддзах уыд дыууын аст азы.