Есфир
7 Паддзах ӕмӕ Аман+ Есфирмӕ куывдмӕ ӕрбацыдысты. 2 Ӕмӕ та дыккаг бон дӕр фынгмӕ сӕн куы рахастой, уӕд паддзах Есфирӕн загъта+: «Цыдӕр дӕ куы хъуыди+, паддзахы ус Есфир? Зӕгъ ӕй, ратдзынӕн дын ӕй+. Паддзахады ӕмбис мӕ куы ракурай+, уӕд дӕр дын ӕй ратдзынӕн!» 3 Паддзахы ус Есфир дзуапп радта: «Кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон, паддзах, ӕмӕ дӕ кӕд фӕнды, уӕд дӕ курӕг дӕн, мӕ цард мын бахъахъхъӕн+, ӕмӕ дын лӕгъстӕ кӕнын, мӕ адӕмы+ мын сафын ма бауадз. 4 Ӕз дӕр ӕмӕ мӕ адӕм дӕр уӕйгонд ӕрцыдыстӕм+, цӕмӕй нӕ амарой, ныццӕгъдой нӕ ӕмӕ нӕ фесафой+. Цагъартӕ нӕ куы скодтаиккой+, уӕд ницы загътаин, фӕлӕ ацы бӕллӕхӕн нӕй ӕруадзӕн, уымӕн ӕмӕ уый паддзахӕн дӕр зиан ӕрхӕсдзӕн».
5 Уӕд паддзах Ахашверош Есфиры бафарста: «Чи у+, афтӕ бакӕнын йӕ ныфс чи бахаста, уый?+ Кӕм ис уыцы адӕймаг?» 6 Есфир ын дзуапп радта: «Мӕнӕ ацы фыдзӕрдӕ Аман у знаг+ ӕмӕ фыдгул»+.
Аман уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд паддзах ӕмӕ паддзахы усы раз фыртӕссӕй барызт+. 7 Паддзах мӕстӕй судзгӕйӕ+ фынгӕй фестад ӕмӕ галуаны дыргъдонмӕ ахызт. Аман бамбӕрста, паддзахы+ фыдӕх ӕй кӕй баййафдзӕн+, уый ӕмӕ сыстад ӕмӕ Есфирӕн лӕгъстӕ кӕнынмӕ фӕци, ма мӕ фесаф+, зӕгъгӕ. 8 Паддзах дыргъдонӕй фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхт, куывд кӕм уыди+ ӕмӕ сӕн кӕм нызтой, уыцы хӕдзармӕ, уӕд кӕсы, ӕмӕ Аман, Есфир цы тъахтиныл+ бадти, ууыл ныддӕлгом. Ӕмӕ паддзах загъта: «Мӕ хӕдзары мидӕг мӕ цӕстыты раз паддзахы усӕн тыхми бакӕнынмӕ дӕр хъавыс?» Куыддӕр паддзах уый загъта+, афтӕ Аманӕн йӕ цӕсгом ӕрӕмбӕрзтой. 9 Уӕд паддзахы фӕсдзӕуинтӕй+ сӕ иу, Харбонӕ+, зӕгъгӕ, загъта: «Аманы хӕдзары раз лӕууы фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн хъӕд+. Аман ӕй паддзахы хӕрзгӕнӕг+ Мардохейӕн ӕрцӕттӕ кодта». Паддзах загъта: «Уыцы хъӕдыл ӕй ӕрцауындзут»+. 10 Ӕмӕ Аманы ӕрцауыгътой, Мардохейӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта+, уыцы хъӕдыл+. Ӕмӕ уӕд паддзахӕн йӕ маст ссыд.