Иов
4 Кӕд дӕ фырттӕ йӕ разы тӕригъӕд сарӕзтой,
Уӕд сӕ сӕ фыдракӕнды азарӕн басудзын кодта.
5 Хуыцауы куы агурай+,
Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн йӕ хорзӕхы тыххӕй куы лӕгъстӕ кӕнай,
6 Сыгъдӕг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ куы уай+,
Уӕд дӕу тыххӕй нӕ райхъал уыдзӕн
Ӕмӕ дын дӕ рӕстаг цӕрӕнбынат ногӕй нӕ сараздзӕн?
7 Ӕмӕ кӕд дӕ райдиан ницы уыд,
Уӕддӕр дӕм фӕстагмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн стыр кад+.
9 Мах нырма знон фӕзындыстӕм+ ӕмӕ ӕппындӕр ницы зонӕм,
Уымӕн ӕмӕ зӕххыл нӕ царды бонтӕ аууонӕй уӕлдай не сты+.
10 Нӕ дын бацамондзысты зонд, нӕ дын ӕй зӕгъдзысты?
Уыдӕттӕ дын зӕрдиагӕй нӕ радзурдзысты?
11 Зӕгъ-ма, цъымара кӕм нӕй, уым папирус+ сзайдзӕн?
Хъӕз ӕнӕ донӕй сырӕздзӕн?
12 Уый дидинӕг калдзӕн ӕмӕ йӕ тонгӕ дӕр нӕма ӕркӕндзысты,
Афтӕ ӕппӕт иннӕ кӕрдӕджытӕй раздӕр бахус уыдзӕн+.
13 Ахӕм сты, Хуыцауы чидӕриддӕр ферох кӕны, уыдоны фӕндӕгтӕ+.
Хуыцауы чи ныууагъта, уымӕн йӕ ныфс фесӕфдзӕн+.
14 Йӕ зӕрдӕ цӕуыл дара, уый йын нал и,
15 Йӕ хӕдзарыл банцой кӕндзӕн, фӕлӕ уый фидар нӕ разындзӕн,
Ныххӕцдзӕн ыл, фӕлӕ уый бирӕ нӕ фӕлӕудзӕн.
16 Уый хурмӕ дӕр цъӕх-цъӕхидӕй лӕууы,
Йӕ цӕхӕрадоны йӕ къабӕзтӕ алырдӕмты айвӕзта+.
17 Йӕ уидӕгтӕ ауагъта дурты цӕнды,
Йӕ цӕстыты раз – дурӕй конд хӕдзар.
19 Афтӕ фесӕфдзӕн йӕ фӕндаг+,
Ӕмӕ зӕххӕй ссӕудзӕн ӕндӕртӕ.
20 Хуыцау ӕнӕфау адӕймагыл йӕ къух нӕ сисдзӕн,
Фыдгӕнджытӕн та сӕ къухыл нӕ хӕцдзӕн.
21 Фӕстагмӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ дӕ дзыхыдзаг худдзынӕ
Ӕмӕ фырцинӕй зардзынӕ.
22 Йе сӕфт дӕ чи уыны, уыдон дарӕсау сӕ уӕлӕ скӕндзысты худинаг+,
Ӕмӕ фыдгӕнджыты цатыр нал уыдзӕн».