135 Кадджын кӕнут Йагъы!+
Кадджын кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ ном+,
Кадджын кӕнут Йегъовӕйы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр+,
2 Йегъовӕйы хӕдзары чи лӕууы+,
Нӕ Хуыцауы хӕдзары кӕртыты чи лӕууы, уыдон+.
3 Кадджын кӕнут Йагъы, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ+.
Зарут йӕ номӕн, уымӕн ӕмӕ уый зӕрдӕйӕн ӕхсызгон у+.
4 Йагъ йӕхицӕн равзӕрста Иаковы+,
Равзӕрста Израилы, цӕмӕй суой, уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм+.
5 Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ кӕй у Стыр Хуыцау+.
Нӕ Хицау у ӕппӕт хуыцӕуттӕй дӕр уӕлдӕр+.
6 Йегъовӕйы цыдӕриддӕр фӕндыд, уый сарӕзта+
Уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл, денджызты ӕмӕ ӕппӕт арф дӕтты+.
7 Уый сыстын кӕны мигъ зӕххы кӕронӕй+.
Къӕвдайы дуӕрттӕ бакӕны+.
Йе ’вӕрӕнтӕй ракӕны дымгӕ+.
8 Уый ныццагъта Египеты фыццаггуырдты+,
Адӕмӕй фосы онг+.
9 О Египет, уый де ’хсӕн равдыста нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ+,
Равдыста сӕ фараоны ӕмӕ йе ’ппӕт лӕггадгӕнджыты раз+.
10 Уый ныццагъта бирӕ адӕмты+,
Амардта тыхджын паддзӕхты+:
11 Сигоны, аморейты паддзахы+,
Ӕмӕ Огы, Васаны паддзахы+.
Фесӕфта Ханааны паддзахӕдтӕ иууылдӕр+.
12 Ӕмӕ сын сӕ зӕхх бынӕн радта йӕ адӕмӕн+,
Бынӕн ӕй радта Израилӕн+.
13 О Йегъовӕ, дӕ ном уыдзӕн ӕнустӕм+.
О Йегъовӕ, дӕ кой уыдзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.
14 Йегъовӕ рахӕцдзӕн йӕ адӕмы сӕрыл+,
Фӕтӕригъӕд кӕндзӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕн+.
15 Адӕмты хуыцӕуттӕ сты ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй+,
Зӕххон адӕймаджы къухӕй конд+.
16 Ис сын дзых, фӕлӕ дзургӕ нӕ кӕнынц+.
Ис сын цӕстытӕ, фӕлӕ уынгӕ нӕ кӕнынц+.
17 Ис сын хъустӕ, фӕлӕ нӕ хъусынц+.
Ӕмӕ сӕ мидӕг уд нӕй+.
18 Уыдонау уыдзысты сӕ аразджытӕ дӕр+,
Йӕ зӕрдӕ сыл чи дары, уыдонӕй алчидӕр+.
19 О Израилы адӕм, арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн+.
О Аароны хӕдзарвӕндаг, арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн+.
20 О Левийы хӕдзарвӕндаг, арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн+.
Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон, арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн+.
21 Арфӕ кӕнӕнт Йегъовӕйӕн Сионӕй+,
Уый цӕры Иерусалимы+.
Кадджын кӕнут Йагъы!+