146 Кадджын кӕнут Йагъы!+
Кадджын кӕн Йегъовӕйы, о мӕ уд+.
2 Ӕз Йегъовӕйы кадджын кӕндзынӕн цӕрӕнбонты+.
Зардзынӕн мӕ Хуыцауӕн, цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ+.
3 Уӕ зӕрдӕ ма дарут кадджын лӕгтыл+,
Адӕймаджы фыртыл, уымӕн ӕмӕ йӕ бон нӕу ирвӕзын кӕнын+.
4 Йӕ царды тых рацӕуы+, ӕмӕ сыджытмӕ аздӕхы+.
Уыцы бон фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр+.
5 Амондджын у уыцы адӕймаг, Иаковы Хуыцау йе ’ххуысгӕнӕг кӕмӕн у+,
Йӕ ныфс йӕ Хуыцау Йегъовӕйыл чи дары+.
6 Уый скодта арв ӕмӕ зӕхх+,
Денджыз ӕмӕ сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уый+.
Уый иузӕрдион у ӕнустӕм+.
7 Уый рахӕцы, кӕй сайынц, уыдоны сӕрыл+.
Ӕххормаг чи у, уыдонӕн дӕтты хӕринаг+.
Йегъовӕ ссӕрибар кӕны, ахст чи у, уыдоны+.
8 Йегъовӕ байгом кӕны куырмыты цӕстытӕ+.
Йегъовӕ схӕцы, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоныл+.
Йегъовӕ уарзы рӕстгӕнджыты+.
9 Йегъовӕ хъахъхъӕны ӕрцӕуӕггӕгты+.
Ӕххуыс кӕны сидзӕртӕн ӕмӕ идӕдзтӕн+,
Фыдгӕнджытӕн та сӕ фӕндаг+ ныззылынтӕ кӕны+.
10 Йегъовӕ паддзах уыдзӕн ӕнустӕм+.
Дӕ Хуыцау, о Сион, паддзах уыдзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.
Кадджын кӕнут Йагъы!+