Райдиан
2 Уыйадыл Хуыцау конд фӕци арв ӕмӕ зӕхх ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон*+. 2 Ӕвдӕм бонмӕ Хуыцау конд фӕци йӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ ӕвдӕм бон улӕфын райдыдта, цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр+. 3 Ӕмӕ Хуыцау раарфӕ кодта ӕвдӕм бонӕн ӕмӕ йӕ иннӕ бонтӕй рахицӕн кодта*, уымӕн ӕмӕ уыцы бон улӕфын райдыдта йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй. Хуыцау сфӕлдыста, цы сфӕнд кодта, уыдӕттӕ иууылдӕр+.
4 Афтӕ фӕзындысты арв ӕмӕ зӕхх се сфӕлдисыны рӕстӕджы, Йегъовӕ Хуыцау зӕхх ӕмӕ арв куы сфӕлдыста, уыцы бон+.
5 Зӕххыл нӕма уыди нӕдӕр къутӕртӕ, нӕдӕр ӕндӕр зайӕгойтӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау зӕхмӕ къӕвда+ не ’рвыста. Стӕй зӕххыл нӕма уыд адӕймаг дӕр, цӕмӕй йӕ куыстаид. 6 Фӕлӕ зӕххӕй хӕрдмӕ цыди мигъ+ ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр донӕй ӕфсӕста+.
7 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Хуыцау сыджытӕй*+ скодта адӕймаджы ӕмӕ йын йӕ фындзыхуынчъыты баулӕфыд цард*+, ӕмӕ адӕймаг сси цӕрӕг уд*+. 8 Йегъовӕ Хуыцау скодта цӕхӕрадон скӕсӕнырдыгӕй, Едемы+, ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта, кӕй скодта, уыцы адӕймаджы+. 9 Йегъовӕ Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта алыхуызон рӕсугъд ӕмӕ, сӕ дыргъ хӕрынӕн кӕмӕн бӕззыд, ахӕм бӕлӕстӕ. Стӕй ма сзайын кодта царды бӕлас+ дӕр цӕхӕрадоны астӕу ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕлас+ дӕр.
10 Едемы цӕхӕрадонӕй цыди цӕугӕдон ӕмӕ цӕхӕрадон донӕй ӕфсӕста. Стӕй фӕдих цыппар цӕугӕдоныл. 11 Фыццаг цӕугӕдон хуыйны Фисон ӕмӕ кӕлы, сызгъӕрин кӕм ис, уыцы зӕххы алыварс, Хавилӕйы+ зӕххы алыварс. 12 Уыцы зӕххы цы сызгъӕрин ис, уый у тынг хорз сызгъӕрин+. Ис ма дзы бӕласы хӕрздӕф чъиу+ ӕмӕ оникс+ дур дӕр. 13 Дыккаг цӕугӕдон хуыйны Гихон. Уый та кӕлы Кушы* зӕххы алыварс. 14 Ӕртыккаг цӕугӕдон хуыйны Хиддекел*+. Уыцы цӕугӕдон цӕуы Ассирийӕн+ йе скӕсӕнырдыгӕй. Цыппӕрӕм цӕугӕдон та у Евфрат+.
15 Йегъовӕ Хуыцау адӕймаджы ӕрцӕрын кодта Едемы+ цӕхӕрадоны, цӕмӕй йӕ куыстаид ӕмӕ йӕм зылдаид+. 16 Ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау адӕймагӕн бафӕдзӕхста: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц+. 17 Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ»+.
18 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Хуыцау загъта: «Адӕймаг иунӕг кӕй у, уый хорз нӕу. Скӕнон ын, йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг»+. 19 Йегъовӕ Хуыцау сыджытӕй алыхуызон хъӕддаг сырдты ӕмӕ уӕларвон мӕргъты куы скодта, уӕд сӕ райдыдта адӕймагмӕ кӕнын, алкӕй дӕр дзы куыд схондзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ-иу алы цӕрӕг уды+ дӕр адӕймаг куыд схуыдта, афтӕ уыди йӕ ном+. 20 Гъемӕ адӕймаг нӕмттӕ радта хӕдзарон фосӕн, уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Фӕлӕ дзы адӕймагӕн нӕ разынд, йемӕ чи сфидыдтаид, ахӕм ӕххуысгӕнӕг. 21 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Хуыцау адӕймагыл тарф фынӕй+ бафтыдта, ӕмӕ цалынмӕ фынӕй уыди, уӕдмӕ йын йӕ фӕрсчытӕй иу систа ӕмӕ уыцы бынат байгас кодта. 22 Ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау, адӕймагӕй цы фӕрск систа, уымӕй скодта сылгоймаджы ӕмӕ йӕ адӕймагмӕ ӕрбакодта+.
23 Ӕмӕ уӕд адӕймаг загъта:
«Кӕдӕй-уӕдӕй! Ай у стӕг ме стӕгӕй,
Ӕмӕ буар мӕ буарӕй+.
Ӕмӕ хуындзӕн Сылгоймаг,
24 Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады+ ӕмӕ баиу уыдзӕн* йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар+. 25 Ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр, адӕймаг ӕмӕ йӕ ус, уыдысты бӕгънӕг+, фӕлӕ уымӕй не ’фсӕрмы кодтой+.