Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 10
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Дыккаг закъон 10:1

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Кӕнӕ «асыкк». Кӕс Рц 16:34, фип.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 34:1
  • +Д.з 10:3

Дыккаг закъон 10:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 34:4

Дыккаг закъон 10:4

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Ома дӕс амынды, кӕнӕ Дӕс фӕдзӕхсты.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 32:15; 34:28
  • +Рц 20:1; Д.з 4:13
  • +Рц 19:17; Д.з 5:22
  • +Д.з 4:36; 5:4

Дыккаг закъон 10:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 34:29
  • +Д.з 10:2

Дыккаг закъон 10:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 33:31
  • +Нм 20:23, 24; 33:38
  • +Нм 20:28

Дыккаг закъон 10:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 33:33

Дыккаг закъон 10:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 1:50; 3:6; 8:14; 16:9
  • +Нм 3:31; 4:15; 1Аз 15:15
  • +Д.з 18:5; 2Аз 29:11
  • +Нм 6:23; Д.з 21:5; 2Аз 30:27

Дыккаг закъон 10:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 18:24; 26:62; Д.з 18:1
  • +Нм 18:20

Дыккаг закъон 10:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 24:18; 34:28
  • +Рц 32:14
  • +Йез 33:11

Дыккаг закъон 10:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 15:18

Дыккаг закъон 10:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мх 6:8
  • +Д.з 5:29; 6:13; Пс 34:9; Ӕм 8:13
  • +Д.з 5:33; ЙсН 22:5; Йез 11:20
  • +Д.з 30:16
  • +Д.з 6:5; 11:13; Лк 10:27

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 25 ур.

Дыккаг закъон 10:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 24:7
  • +Д.з 6:24

Дыккаг закъон 10:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 89:11; 115:16; Ис 66:1
  • +1Аз 29:11; Пс 24:1; 1Кр 10:26

Дыккаг закъон 10:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 4:37; Пс 105:6

Дыккаг закъон 10:16

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «уӕ бӕрзӕй мауал хъӕбӕр кӕнут».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 30:6; Йер 4:4; Ро 2:29; Фп 3:3; Кл 2:11
  • +Рц 34:9; Д.з 9:6; 31:27

Дыккаг закъон 10:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 18:11; 2Аз 2:5; Пс 97:9
  • +Пс 136:3
  • +Д.з 7:21; Не 1:5; 9:32
  • +Иов 34:19; Хъд 10:34; Ро 2:11; Еф 6:9
  • +2Аз 19:7

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Баввахс у Иегъовӕмӕ», 114 ф.

Дыккаг закъон 10:18

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «ӕнӕ фыдӕй чи баззад, ахӕм лӕппуйӕн».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 68:5; 146:9; Иак 1:27
  • +Лв 19:10; Д.з 24:14

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Баввахс у Иегъовӕмӕ», 113, 114 фф.

Дыккаг закъон 10:19

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 19:34
  • +Рц 22:21

Дыккаг закъон 10:20

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «ууыл баныхӕсай».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 6:13
  • +Лк 4:8
  • +Д.з 13:4
  • +Д.з 6:13

Дыккаг закъон 10:21

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 15:2; Пс 105:45; Рар 19:6
  • +2См 7:23

Дыккаг закъон 10:22

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 46:27; Рц 1:5; Хъд 7:14
  • +Рд 15:5; Д.з 1:10; Не 9:23

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Дык. з. 10:1Рц 34:1
Дык. з. 10:1Д.з 10:3
Дык. з. 10:3Рц 34:4
Дык. з. 10:4Рц 32:15; 34:28
Дык. з. 10:4Рц 20:1; Д.з 4:13
Дык. з. 10:4Рц 19:17; Д.з 5:22
Дык. з. 10:4Д.з 4:36; 5:4
Дык. з. 10:5Рц 34:29
Дык. з. 10:5Д.з 10:2
Дык. з. 10:6Нм 33:31
Дык. з. 10:6Нм 20:23, 24; 33:38
Дык. з. 10:6Нм 20:28
Дык. з. 10:7Нм 33:33
Дык. з. 10:8Нм 1:50; 3:6; 8:14; 16:9
Дык. з. 10:8Нм 3:31; 4:15; 1Аз 15:15
Дык. з. 10:8Д.з 18:5; 2Аз 29:11
Дык. з. 10:8Нм 6:23; Д.з 21:5; 2Аз 30:27
Дык. з. 10:9Нм 18:24; 26:62; Д.з 18:1
Дык. з. 10:9Нм 18:20
Дык. з. 10:10Рц 24:18; 34:28
Дык. з. 10:10Рц 32:14
Дык. з. 10:10Йез 33:11
Дык. з. 10:11Рд 15:18
Дык. з. 10:12Мх 6:8
Дык. з. 10:12Д.з 5:29; 6:13; Пс 34:9; Ӕм 8:13
Дык. з. 10:12Д.з 5:33; ЙсН 22:5; Йез 11:20
Дык. з. 10:12Д.з 30:16
Дык. з. 10:12Д.з 6:5; 11:13; Лк 10:27
Дык. з. 10:13Рц 24:7
Дык. з. 10:13Д.з 6:24
Дык. з. 10:14Пс 89:11; 115:16; Ис 66:1
Дык. з. 10:141Аз 29:11; Пс 24:1; 1Кр 10:26
Дык. з. 10:15Д.з 4:37; Пс 105:6
Дык. з. 10:16Д.з 30:6; Йер 4:4; Ро 2:29; Фп 3:3; Кл 2:11
Дык. з. 10:16Рц 34:9; Д.з 9:6; 31:27
Дык. з. 10:17Рц 18:11; 2Аз 2:5; Пс 97:9
Дык. з. 10:17Пс 136:3
Дык. з. 10:17Д.з 7:21; Не 1:5; 9:32
Дык. з. 10:17Иов 34:19; Хъд 10:34; Ро 2:11; Еф 6:9
Дык. з. 10:172Аз 19:7
Дык. з. 10:18Пс 68:5; 146:9; Иак 1:27
Дык. з. 10:18Лв 19:10; Д.з 24:14
Дык. з. 10:19Лв 19:34
Дык. з. 10:19Рц 22:21
Дык. з. 10:20Д.з 6:13
Дык. з. 10:20Лк 4:8
Дык. з. 10:20Д.з 13:4
Дык. з. 10:20Д.з 6:13
Дык. з. 10:21Рц 15:2; Пс 105:45; Рар 19:6
Дык. з. 10:212См 7:23
Дык. з. 10:22Рд 46:27; Рц 1:5; Хъд 7:14
Дык. з. 10:22Рд 15:5; Д.з 1:10; Не 9:23
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Дыккаг закъон 10:1–22

Дыккаг закъон

10 Уыцы рӕстӕг мын Йегъовӕ загъта: „Райс дыууӕ дуры ӕмӕ сӕ слӕгъз кӕн, фыццаг дыууӕ къӕйдуры хуызӕн куыд уой, афтӕ+, ӕмӕ мӕм хохмӕ ссу. Стӕй-иу сараз хъӕдын чырын*+ дӕр. 2 Къӕйдуртыл ӕз ныффысдзынӕн, кӕй ныппырх кодтай, уыцы къӕйдуртыл цы ныхӕстӕ уыди фыст, уыдон. Ӕмӕ-иу сӕ стӕй бадзырды чырыны сӕвӕр“. 3 Гъемӕ ӕз дӕр акъацийӕ чырын сарӕзтон. Слӕгъз кодтон дыууӕ дуры – уыдысты фыццаг къӕйдурты хуызӕн+, ӕмӕ хохмӕ ссыдтӕн, мемӕ ахастон уыцы дыууӕ къӕйдуры дӕр. 4 Ӕмӕ Хуыцау къӕйдуртыл ныффыста, фыццӕгтыл фыст чи уыди, уыцы ныхӕстӕ+ – Дӕс дзырды*+, уе ’ппӕт дӕр хохы раз куы ӕрӕмбырд стут+, уыцы бон уын Йегъовӕ хохыл арты астӕуӕй+ кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ. Уый фӕстӕ Йегъовӕ къӕйдуртӕ мӕнмӕ радта. 5 Ӕмӕ хохӕй куы ӕрхызтӕн+, уӕд къӕйдуртӕ сӕвӕрдтон, кӕй сарӕзтон, уыцы чырыны, цӕмӕй уым уой, Йегъовӕ мын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.

6 Израилы фырттӕ Беероф-Бене-Иаканӕй+ ацыдысты Мозермӕ. Уым Аарон амард, ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой+. Ӕмӕ йӕ бӕсты сауджын сси йӕ фырт Елеазар+. 7 Уырдыгӕй ацыдысты Гудгодмӕ, Гудгодӕй та – Иотвафӕмӕ+, йӕ дӕлвӕзты дон кӕмӕн кӕлы, уыцы зӕхмӕ.

8 Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ рахицӕн кодта Левийы+ мыггаг, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын хӕссой+, Йегъовӕйы раз лӕууой ӕмӕ йын лӕггад кӕной+, стӕй йӕ номӕй адӕмӕн арфӕ кӕной, ӕмӕ афтӕ у абоны онг дӕр+. 9 Левийы мыггагӕн уый тыххӕй нӕй хай ӕмӕ бынтӕ+ йе ’фсымӕртимӕ. Йегъовӕ у сӕ бынтӕ, уӕ Хуыцау Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 10 Ӕмӕ та хохыл раздӕрау фӕдӕн цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы+, ӕмӕ та мӕм Йегъовӕ ацы хатт дӕр байхъуыста+. Йегъовӕйы нӕ бафӕндыд уӕ фесафын+. 11 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ загъта: „Адӕмӕн сӕ разӕй ацу, цӕмӕй, сӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодтон, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуой ӕмӕ йӕ бацахсой“+.

12 О Израил, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?+ Цӕмӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсай+, йе ’ппӕт фӕндӕгтыл ын цӕуай+, уарзай+ йӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнай+, 13 ӕххӕст кӕнай Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ+, ӕз дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыдон, цӕмӕй дын уа хорз – ӕндӕр ма дӕм истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?+ 14 Мӕнӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы сты уӕлӕрвтӕ+, суанг арвы кӕрӕттӕ дӕр, зӕхх+ ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон. 15 Йегъовӕйӕн ӕрмӕстдӕр дӕ фыдӕлтӕ систы зынаргъ, уыдоны бауарзта, ӕмӕ сын сӕ байзӕддӕгты+, ома сымах, равзӕрста ӕппӕт адӕмты ’хсӕнӕй, ӕмӕ афтӕ у абон дӕр. 16 Уӕдӕ уӕ зӕрдӕтӕн сунӕт скӕнут+ ӕмӕ хивӕнд мауал ут*+. 17 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ у хуыцӕутты Хуыцау+ ӕмӕ хицӕутты Хицау+, адӕймагыл тас чи ’фтауы+, уыцы стыр ӕмӕ хъомысджын Хуыцау. Уый хъулон никӕй кӕны+ ӕмӕ гӕртам нӕ исы+, 18 рӕстӕй тӕрхон кӕны сидзӕрӕн* ӕмӕ идӕдзӕн+, уарзы ӕрцӕуӕггаджы+ ӕмӕ йын дӕтты дзул ӕмӕ уӕлӕдарӕс. 19 Ӕмӕ сымах дӕр хъуамӕ уарзат ӕрцӕуӕггаджы+, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр Египеты зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут+.

20 Хъуамӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсай+, хъуамӕ уымӕн лӕггад кӕнай+, хъуамӕ ууыл уай ӕнувыд*+ ӕмӕ уый номӕй сомы кӕнай+. 21 Уый хъуамӕ кадджын кӕнай+, уый у дӕ Хуыцау. Уый дӕу тыххӕй сарӕзта стыр ӕмӕ, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ сӕ ды дӕхи цӕстӕй федтай+. 22 Дӕ фыдӕлтӕ Египетмӕ куы ’рцыдысты+, уӕд ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвдай уды, фӕлӕ уӕ Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, сбирӕ кодта ӕмӕ уын ныр, арвыл цы стъалытӕ ис, уыдонау нымӕц дӕр нӕй+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын