1 Самуилы
20 Давид алыгъд+ Навафӕй, Рамӕйӕ, ӕмӕ Ионафанмӕ ’рцыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы сарӕзтон ӕвзӕрӕй?+ Цы фӕрӕдыдтӕн ӕмӕ цавӕр тӕригъӕд ракодтон дӕ фыды раз, цӕмӕн мӕ хъавы марынмӕ?» 2 Ионафан ын загъта: «Уый цытӕ дзурыс!+ Ды нӕ амӕлдзынӕ. Мӕ фыд цыфӕнды хъуыддаг дӕр, стыр хъуыддаг уа ӕви гыццыл, нӕ сараздзӕн, цалынмӕ йӕ мӕнӕн нӕ зӕгъа, уӕдмӕ+. Ӕмӕ мӕ ацы хъуыддаг дӕр цӕмӕн хъуамӕ басусӕг кӕна?+ Афтӕ никуыма уыд». 3 Фӕлӕ Давид расомы кодта+ ӕмӕ загъта: «Дӕ фыд ӕй зоны, хорз цӕстӕй мӕм кӕй кӕсыс+, уый, ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, уадз ӕмӕ Ионафан мацы зона, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ ма фӕрисса. Фӕлӕ дын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз+ ӕмӕ дӕхи раз сомы кӕнын+: мӕлӕтмӕ мӕ иу къахдзӕф йеддӕмӕ нӕ хъӕуы!»+
4 Уӕд Ионафан Давидӕн загъта: «Цыфӕнды ма зӕгъай,– сараздзынӕн дын ӕй». 5 Ӕмӕ Давид Ионафанӕн загъта: «Райсом мӕй сног уыдзӕн+, ӕмӕ ӕз хъуамӕ паддзахимӕ фынгыл бадон. Фӕлӕ мӕ ды ауадз, ӕмӕ ӕз быдыры бамбӕхсдзынӕн+ ӕмӕ уым уыдзынӕн иннӕбон изӕрмӕ. 6 Кӕд ӕй дӕ фыд бафиппайа, уым кӕй нӕ дӕн, уӕд-иу ын зӕгъ: „Давид мӕ йӕхи ракуырдта, нӕхимӕ, дам, Вифлееммӕ+, ацӕуон, уымӕн ӕмӕ, дам, уым ӕгас бинонтӕй ӕрвылазон нывонд хӕссӕм“+. 7 Ӕмӕ кӕд зӕгъа, гъемӕ хорз, зӕгъгӕ, уӕд дӕ цагъарӕн тӕссаг ницӕмӕй у. Кӕд смӕсты уа, уӕд та йӕ зон, фыдвӕнд кӕй скодта+. 8 Ӕмӕ дӕ цагъары де ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕн+, уымӕн ӕмӕ дӕ цагъаримӕ Йегъовӕйы раз бадзырд скодтай+. Кӕд ӕвзӕрӕй исты ракодтон+, уӕд та мӕ дӕхӕдӕг амар – дӕ фыдмӕ ма мӕ цӕмӕн кӕныс?»
9 Уый фехъусгӕйӕ Ионафан загъта: «Афтӕ куыд ахъуыды кодтай?! Фӕлӕ уый куы базонон, ӕмӕ мӕ фыд дӕ ныхмӕ фыдвӕнд скодта, уӕд дын ӕй, ау, нӕ зӕгъдзынӕн?»+ 10 Уӕд Давид Ионафанӕн загъта: «Дӕ фыд дын тызмӕгӕй куы ратта дзуапп, уӕд мын ӕй чи фӕхабар кӕндзӕн?» 11 Ионафан ын загъта: «Цом-ма, быдырмӕ ацӕуӕм». Ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр быдырмӕ рацыдысты. 12 Ионафан Давидӕн загъта: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ+ ӕвдисӕн+: райсом ацафон йе та иннӕбон ӕз мӕ фыдимӕ аныхас кӕндзынӕн. Ӕмӕ кӕд Давидмӕ хорз зӕрдӕ дары, уӕд дӕм ӕнӕмӕнг арвитдзынӕн ӕмӕ дын ӕй фехъусын кӕндзынӕн. 13 Уый куы базонон, ӕмӕ дӕ мӕ фыд фесафынвӕнд скодта, ӕмӕ дын ӕй куы нӕ зӕгъон ӕмӕ дӕ фарнимӕ куы нӕ ауадзон, уӕд Ионафаны Йегъовӕйы фыдӕх баййафӕд+. Ӕмӕ Йегъовӕ демӕ уӕд+, мӕ фыдимӕ куыд уыди, афтӕ+. 14 Фӕлӕ мын ды дӕр, кӕд ма ӕгас уон+, уӕд бахай кӕн, Йегъовӕмӕ цы ӕнувыд уарзт ис, ахӕм ӕнувыд уарзтӕй, цӕмӕй ма амӕлон+. 15 Ды мын мӕ бинонты де ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай никуы фӕкӕндзынӕ+. Ӕмӕ Йегъовӕ Давиды знӕгты куы фесафа, иу дӕр дзы куы нал ныууадза зӕххыл, 16 уӕд Ионафаны ном баззайдзӕн Давиды хӕдзары+. Давиды знӕгтӕй та Йегъовӕ дзуапп ӕрдомдзӕн». 17 Ӕмӕ Ионафан Давидӕн ногӕй расомы кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзта – уарзта йӕ йӕхи удау+.
18 Стӕй ма йын загъта: «Райсом мӕй сног уыдзӕн+, ӕмӕ уым кӕй нӕ дӕ, уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзысты, уымӕн ӕмӕ дӕ бынат афтид уыдзӕн. 19 Иннӕбон та дӕ ӕнӕмӕнг фӕрсын райдайдзысты. Ды та бамбӕхс, уый размӕ бон* кӕм ӕмбӕхстӕ+, уыцы ран ӕмӕ уым дуры цур лӕуу. 20 Ӕз дуры иувӕрсты ӕртӕ фаты ауадздзынӕн, кӕдӕм ныхъхъавон, уырдӕм. 21 Стӕй мӕ лӕггадгӕнӕгӕн зӕгъдзынӕн, ацу ӕмӕ фаттӕ ссар, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын кӕд афтӕ зӕгъон: „Уӕртӕ дӕ цуры сты, сис сӕ“, уӕд-иу рацу, уымӕн ӕмӕ уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ алцыдӕр хорз у ӕмӕ дын тӕссаг ницӕмӕй у. Уый дын зӕгъын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз+. 22 Фӕлӕ лӕппуйӕн афтӕ куы зӕгъон: „Дарддӕр ацу, фалдӕр сты“, уӕд цӕугӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ Йегъовӕ ауагъта. 23 Ӕз ӕмӕ ды цӕуыл баныхас кодтам+, уыцы хъуыддаджы та нын Йегъовӕ ӕвдисӕн уӕд ӕнустӕм»+.
24 Гъемӕ Давид быдыры бамбӕхст+. Мӕй куы сног, уӕд паддзах фынгыл ӕрбадт+. 25 Иннӕ хӕттыты куыд уыд, афтӕ ныр дӕр паддзах бадт къулрӕбын, Ионафан бадти Саулы акомкоммӕ, Авенир+ та – Саулӕн йӕ фарсмӕ. Давиды бынат та уыд афтид. 26 Саул ахъуыды кодта: «Ӕвӕццӕгӕн, истӕй тыххӕй фӕчъизи+ ӕмӕ йӕхи нӕма ссыгъдӕг кодта». Ӕмӕ уыцы бон ницы загъта. 27 Мӕй куы сног, уый фӕстӕ та дыккаг бон дӕр Давиды бынат уыдис афтид. Ӕмӕ уӕд Саул йӕ фырт Ионафаны бафарста: «Йессейы+ фырт знон дӕр ӕмӕ абон дӕр фынгмӕ цӕуылнӕ ӕрбацыд?» 28 Ионафан Саулӕн загъта: «Давид мын ныллӕгъстӕ кодта, Вифлееммӕ+, дам, мӕ ауадз. 29 Афтӕ мын загъта: „Дӕ хорзӕхӕй, ауадз мӕ. Нӕ бинонтӕ горӕты нывонд хӕсдзысты ӕмӕ мӕм ме ’фсымӕр фӕдзырдта, ӕрцу, дам. Гъемӕ дын кӕд дӕ хорзӕх ссардтон, уӕд дӕ курӕг дӕн, ауадз мӕ, цӕмӕй мӕ куыд ничи базона, афтӕ ацӕуон ӕмӕ ме ’фсымӕрты фенон“. Ӕмӕ паддзахы фынгмӕ дӕр уый тыххӕй не ’рбацыд». 30 Уӕд Саул Ионафанмӕ мӕстӕй рафыхт+ ӕмӕ йын загъта: «Гъӕ, налат сылгоймагӕй гуырд!+ Ӕнхъӕлыс, ӕмӕ йӕ нӕ зонын, Йессейы фыртимӕ ӕмвӕнд кӕй дӕ, ӕмӕ уымӕй дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ мады дӕр кӕй худинаг кӕныс?!+ 31 Цалынмӕ Йессейы фырт а зӕххыл цӕра, уӕдмӕ дӕ паддзахад фидар нӕ фӕлӕудзӕн+. Ныртӕккӕ йӕм арвит, ӕмӕ йӕ ӕрбакӕной, уымӕн ӕмӕ уый хъуамӕ амӕла»+.
32 Фӕлӕ Ионафан йӕ фыд Саулӕн загъта: «Цӕмӕн ӕй хъӕуы марын?+ Цы сарӕзта ахӕмӕй?»+ 33 Уӕд ыл Саул йӕ арц фехста, цӕмӕй йӕ амардтаид+. Ӕмӕ ма уӕд Ионафаны цы базонын хъуыд, йӕ фыд Давиды марынвӕнд кӕй скодта, уый+. 34 Уӕд Ионафан мӕстӕй судзгӕйӕ+ фестад фынгӕй. Ӕмӕ, мӕй куы сног, уый фӕстӕ дыккаг бон йӕ дзыхмӕ къӕбӕр не схаста, уымӕн ӕмӕ маст кодта Давиды+ тыххӕй ӕмӕ йӕ йӕ фыд кӕй фегад кодта, уый тыххӕй+.
35 Райсомӕй Ионафан лӕггадгӕнӕг-лӕппуимӕ ацыд быдырмӕ, Давид кӕм уыд, уырдӕм+. 36 Ионафан йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, азгъор-ма ӕмӕ, цы фаттӕ фехсон, уыдон ссар»+. Лӕггадгӕнӕг азгъордта. Ионафан та фат афтӕ фехста, цӕмӕй лӕппуйӕ дарддӕр ӕрхаудаид. 37 Фат кӕм ӕрхауд, лӕггадгӕнӕг уый онг куы бахӕццӕ, уӕд ӕм Ионафан фӕстейӕ ныхъхъӕр кодта: «Дарддӕр ацу, фалдӕр ис фат»+. 38 Стӕй Ионафан ныхъхъӕр кодта: «Фӕтагъд кӕн! Рӕвдздӕр! Ма ’рлӕуу!» Ӕмӕ лӕггадгӕнӕг фаттӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ йӕ хицаумӕ ӕрбаздӕхт. 39 Лӕггадгӕнӕг ницы зыдта. Ӕрмӕстдӕр Ионафан ӕмӕ Давид зыдтой, хъуыддаг цӕй мидӕг уыд, уый. 40 Ионафан йӕ хӕцӕнгӕрзтӕ йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ радта ӕмӕ йын загъта: «Цу, горӕтмӕ сӕ ахӕсс».
41 Лӕггадгӕнӕг куы ацыд, уӕд уым хӕстӕг ранӕй, хуссарырдыгӕй, рацыд Давид. Ӕмӕ йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ ӕртӕ хатты зӕххы онг ныллӕг акуывта+. Ӕмӕ Давид ӕмӕ Ионафан кӕрӕдзийӕн фӕпъатӕ кодтой+ ӕмӕ кӕрӕдзийыл фӕкуыдтой, фӕлӕ тынгдӕр Давид куыдта+. 42 Стӕй Ионафан Давидӕн загъта: «Фарнимӕ цу+, уымӕн ӕмӕ мах нӕ дыууӕ дӕр Йегъовӕйы номӕй расомы кодтам+, зӕгъгӕ: „Йегъовӕ ӕвдисӕн уӕд ӕнустӕм мӕн ӕмӕ де ’хсӕн ӕмӕ мӕ байзӕддӕгты ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты ’хсӕн“»+.
Уый фӕстӕ Давид сыстад ӕмӕ ацыд, Ионафан та горӕтмӕ аздӕхт.