Матфейы
22 Йесо ма сын радзырдта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр+: 2 «Уӕларвон паддзахад абарӕн ис, йӕ лӕппуйӕн чындзӕхсӕв+ чи кодта, ахӕм паддзахимӕ. 3 Паддзах йӕ цагъарты арвыста, цӕмӕй, чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи уыд, уыцы адӕммӕ фӕдзырдтаиккой+, фӕлӕ уыдоны нӕ бафӕндыд ӕрбацӕуын+. 4 Уӕд та арвыста ӕндӕр цагъарты+, зӕгъгӕ, хуынд адӕмӕн зӕгъут: „Фынгтӕ ӕвӕрд сты+, аргӕвстон галтӕ ӕмӕ хаст фос. Ӕппӕт дӕр цӕттӕ у. Рацӕут чындзӕхсӕвмӕ“+. 5 Фӕлӕ сын уыдон сӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой, ӕмӕ сӕ чи йӕ хуыммӕ ацыд, чи та – базары хъуыддӕгты фӕдыл+. 6 Иннӕтӕ та йын йӕ цагъарты ӕрцахстой, фӕнадтой сӕ ӕмӕ сӕ амардтой+.
7 Паддзах смӕсты, уыцы лӕгмартӕм йе ’фсӕдтӕ арвыста, ӕмӕ сӕ ныццагътой, сӕ горӕт та сын басыгътой+. 8 Уый фӕстӕ йӕ цагъартӕн загъта: „Чындзӕхсӕвы фынгтӕ цӕттӕ сты, фӕлӕ хуынд адӕм аккаг нӕ разындысты+. 9 Уӕдӕ ацӕут, горӕтӕй цы фӕндӕгтӕ цӕуы, уырдӕм, ӕмӕ дзы кӕуылдӕриддӕр сӕмбӕлат,– фӕхонут сӕ чындзӕхсӕвмӕ“+. 10 Цагъартӕ дӕр фӕндӕгтӕм рацыдысты ӕмӕ кӕуыл сӕмбӕлдысты, уыдоны се ’ппӕты дӕр, ӕвзӕрты дӕр ӕмӕ хӕрзты дӕр+, ӕрӕмбырд кодтой. Ӕмӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уыцы уаты фынгтӕ адӕмӕй байдзаг сты+.
11 Паддзах йӕ уазджыты фенынмӕ куы бацыд, уӕд дзы йӕ цӕст ӕрхӕцыд, чындзӕхсӕвы дарӕс кӕуыл нӕ уыд, ахӕм адӕймагыл+.12 Ӕмӕ йӕ бафарста: „Хорз лӕг, чындзӕхсӕвы дарӕс дыл куы нӕй, уӕд ардӕм куыд ӕрбацыдтӕ?“+ Лӕгӕн йӕ дзыхӕй сыбыртт дӕр не схауд. 13 Ӕмӕ уӕд паддзах йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: „Йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ сбӕттут ӕмӕ йӕ ӕддӕмӕ, талынгмӕ аппарут. Уырдыгӕй цӕудзӕн йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ хъӕрзын“+.
14 О, хуынд адӕм бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ та – гыццыл»+.
15 Уӕд фарисейтӕ ацыдысты ӕмӕ бауынаффӕ кодтой, Йесойы ныхасӕй куыд ӕрцахсой, ууыл+. 16 Ӕмӕ йӕм сӕ ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ, Ироды фарс чи уыди, уыдоны барвыстой+, ӕмӕ йын уыдон загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, ды сайгӕ нӕ кӕныс ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг раст амоныс. Иннӕтӕ цы зӕгъдзысты, ууыл нӕ мӕт кӕныс, уымӕн ӕмӕ, адӕмы ’хсӕн чи цавӕр бынат ахсы, уымӕ нӕ кӕсыс+. 17 Зӕгъ-ма нын, уӕдӕ, паддзахӕн* хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»+ 18 Фӕлӕ сын Йесо зыдта сӕ фыдвӕнд ӕмӕ сын загъта: «Цы мӕ къахут, цӕстмӕхъустӕ?+ 19 Равдисут-ма мӕм, хъалон цы ӕхцайӕ фидут, уый». Уыдон ӕм ӕрбахастой динар*. 20 Уӕд сӕ бафарста: «Кӕй ныв ӕмӕ кӕй ном ис ацы ӕхцайыл?»+ 21 Уыдон ын дзуапп радтой: «Паддзахы». Ӕмӕ сын уӕд уый дӕр загъта: «Уӕдӕ, паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн»+. 22 Уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд дисы бафтыдысты, ӕмӕ йӕ ныууагътой ӕмӕ ацыдысты+.
23 Уыцы бон ӕм бацыдысты саддукейтӕ,– уыдон дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ,– ӕмӕ йӕ бафарстой+: 24 «Ахуыргӕнӕг, Моисей загъта: „Лӕг ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын йе ’фсымӕр хъуамӕ ракура йӕ усы ӕмӕ йӕ мард ӕфсымӕрӕн зӕнӕг рауадза“+. 25 Не ’хсӕн цардис авд ӕфсымӕры. Хистӕр ус ракуырдта ӕмӕ амарди, ӕмӕ йын зӕнӕг кӕй нӕ рацыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бинойнаг йе ’фсымӕры ус баци+. 26 Афтӕ рауад йӕ хабар дыккагӕн дӕр ӕмӕ ӕртыккагӕн дӕр, стӕй иннӕтӕн дӕр суанг ӕвдӕмы онг+. 27 Се ’ппӕты фӕстӕ амарди сылгоймаг дӕр. 28 Ӕмӕ ныр, мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд авд ӕфсымӕрӕй кӕцыйы ус уыдзӕн, се ’ппӕты бинойнаг дӕр куы уыди?»+
29 Йесо сын дзуапп радта: «Сымах рӕдийут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр Фыстад зонут, нӕдӕр, Хуыцаумӕ цы тых ис, уый+. 30 Мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд нӕдӕр устытӕ курдзысты, нӕдӕр чындзы цӕудзысты+, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдты хуызӕн. 31 Мӕрдты райгасы тыххӕй уын Хуыцау цы загъта, уый нӕ кастыстут+: 32 „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау“?+ Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты»+. 33 Ахӕм дзуапп фехъусгӕйӕ адӕм дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл+.
34 Фарисейтӕ уый куы базыдтой, йӕ ныхӕстӕм саддукейтӕн сӕ бон кӕй ницы баци зӕгъын, уӕд иумӕ ӕрбамбырд сты. 35 Ӕмӕ йӕ сӕ иу, Закъон хорз чи зыдта+, ахӕм лӕг, барӕй бафарста: 36 «Ахуыргӕнӕг, Закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у?»+ 37 Уый йын дзуапп радта: «„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй* ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“+. 38 Уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст. 39 Дыккаг фӕдзӕхст дӕр уый хуызӕн у: „Иннӕты* уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“+. 40 Ацы дыууӕ фӕдзӕхстыл лӕууынц ӕгас Закъон дӕр ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕ дӕр»+.
41 Фарисейтӕ ма иумӕ уыдысты, афтӕ сӕ Йесо бафарста+: 42 «Цы хъуыды кӕнут Чырыстийы тыххӕй? Кӕй фырт у?» Уыдон ын загътой: «Давиды»+. 43 Ӕмӕ та сын уӕд загъта: «Ӕмӕ йӕ уӕд Давид Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разӕнгардӕй+ йӕ Хицау куыд хоны? Афтӕ куы дзуры, зӕгъгӕ, 44 „Йегъовӕ мӕ Хицауӕн загъта: „Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ“+. 45 Уӕдӕ йӕ кӕд Давид йӕ Хицау хоны, уӕд йӕ фырт куыд у?»+ 46 Ӕмӕ йын никӕй бон ницы баци зӕгъын. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ йӕ фӕрсын дӕр ничиуал уӕндыд+.