97 Йегъовӕ сси паддзах!+ Зӕхх фырцинӕй райӕд+.
Ӕнӕнымӕц сакъадӕхтӕ цин кӕнӕнт+.
2 Мигътӕ ӕмӕ саудалынг – йӕ алыварс+,
Рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон – йӕ паддзахбадӕны бындур+.
3 Йӕ разӕй цӕуы арт+
Ӕмӕ ныхъуыры йе знӕгты алырдыгӕй+.
4 Йӕ арвӕрттывдтытӕй бӕстӕ ныррухс+,
Зӕхх уый федта, ӕмӕ тухӕн кӕнын райдыдта+.
5 Хӕхтӕ мыдадзау атадысты Йегъовӕйы раз+,
Ӕгас зӕххы Бардарӕджы раз+.
6 Уӕлӕрвтӕ дзурынц йӕ рӕстдзинады тыххӕй+,
Ӕмӕ йын ӕппӕт адӕмтӕ дӕр уынынц йӕ кад+.
7 Фӕхудинаг уӕнт, гуымирытӕн чи кувы, уыдон+,
Сӕ ницӕйаг хуыцӕуттӕй чи ӕппӕлы, уыдон се ’ппӕт дӕр+.
Уымӕн бакувут, хуыцӕуттӕ иууылдӕр+.
8 Сион уый фехъуыста, ӕмӕ ныццин кодта+.
Иудӕйы гыццыл горӕттӕ цин кӕнын райдыдтой+
Дӕ тӕрхӕттыл, о Йегъовӕ+.
9 О Йегъовӕ, ды дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн+.
Ды ссыдтӕ тынг бӕрзонд – ӕппӕт хуыцӕуттӕй дӕр уӕлдӕр+.
10 Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон+, ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут+.
Уый хъахъхъӕны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны удтӕ+,
Фыдгӕнджыты къухӕй сӕ ирвӕзын кӕны+.
11 Рухс сӕрттывта рӕстгӕнӕгӕн+,
Ӕмӕ циндзинад ӕрцыд рӕстзӕрдӕ адӕммӕ+.
12 Рӕстгӕнджытӕ, Йегъовӕ уӕд уӕ цин+.
Арфӕ кӕнут йӕ сыгъдӕг номӕн+.