Иоанны
16 Адӕттӕ уын уый тыххӕй дзурын, цӕмӕй ма фӕрӕдийат*+. 2 Адӕм уӕ ӕмбырдгӕнӕнтӕй сурдзысты+. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уыдон хъуыды кӕндзысты, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц+. 3 Фӕлӕ афтӕ уымӕн кӕндзысты, ӕмӕ нӕдӕр мӕ Фыды базыдтой, нӕдӕр мӕн+. 4 Адӕттӕ та уын уымӕн дзурын, цӕмӕй, уыцы рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд ӕрхъуыды кӕнат, уый тыххӕй уын кӕй дзырдтон, уый+.
Раздӕр уын сӕ нӕ дзырдтон, уымӕн ӕмӕ уемӕ уыдтӕн. 5 Ныр та цӕуын, чи мӕ рарвыста, уымӕ+, ӕмӕ мӕ сымахӕй ничи фӕрсы, кӕдӕм цӕуыс, зӕгъгӕ. 6 Фӕлӕ уын адӕттӕ кӕй дзурын, уый тыххӕй уӕ зӕрдӕтӕ ӕрӕнкъард сты+. 7 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: кӕй цӕуын, уый уӕ пайдайӕн у. Куы нӕ ацӕуон, уӕд уӕм ӕххуысгӕнӕг*+ не ’рцӕудзӕн, куы ацӕуон, уӕд та уӕм ӕй ӕрӕрвитдзынӕн. 8 Ӕмӕ уыцы ӕххуысгӕнӕг куы ’рцӕуа, уӕд дунейӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕсдзӕн тӕригъӕдты тыххӕй, рӕстдзинады тыххӕй ӕмӕ Хуыцауы тӕрхоны тыххӕй+: 9 фыццаг уал тӕригъӕдты тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ мыл не ’ууӕндынц+; 10 стӕй рӕстдзинады тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ ӕмӕ мӕ сымах нал фендзыстут; 11 уый фӕстӕ та Хуыцауы тӕрхоны тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы хицау тӕрхонгонд цӕуы+.
12 Бирӕ цыдӕртӕ ма мын ис сымахӕн зӕгъинаг, фӕлӕ сӕ ныр уӕ бон бамбарын не суыдзӕн+. 13 Уыцы ӕххуысгӕнӕг* – Хуыцауы сыгъдӕг тых, рӕстдзинад*+ цӕй фӕрцы ӕргом кӕны, уый, куы ’рцӕуа, уӕд уын уый уыдзӕн фӕндагамонӕг, ӕххуыс уын кӕндзӕн рӕстдзинад кӕронмӕ бамбарынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕхи фӕндӕй нӕ дзурдзӕн, фӕлӕ дзурдзӕн, цы хъусы, уый, ӕмӕ уын ӕрцӕуинаг хабӕрттӕ фехъусын кӕндзӕн+. 14 Уый мӕ скадджын кӕндзӕн+, уымӕн ӕмӕ йын ӕз цы дзурын, уый уын фехъусын кӕндзӕн+. 15 Хуыцаумӕ цыдӕриддӕр ис, уый мӕн у+. Ӕмӕ уын афтӕ дӕр уымӕн загътон, ӕз ын цы дзурын, уый уын фехъусын кӕндзӕн, зӕгъгӕ. 16 Иу гыццыл ма, ӕмӕ мӕ нал фендзыстут+, ӕмӕ та мӕ цасдӕры фӕстӕ ногӕй фендзыстут».
17 Уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Афтӕ нын цӕмӕн зӕгъы: „Иу гыццыл ма, ӕмӕ мӕ нал фендзыстут, ӕмӕ та мӕ цасдӕры фӕстӕ ногӕй фендзыстут“ ӕмӕ: „Уымӕн ӕмӕ ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ“?» 18 Ӕмӕ афтӕтӕ дзырдтой: «Цӕмӕн нын зӕгъы, иу гыццыл ма, зӕгъгӕ? Цытӕ дзуры, уымӕн ницы ӕмбарӕм». 19 Йесо йӕ зыдта+, цыдӕр бафӕрсын сӕ кӕй фӕнды, ӕмӕ сын загъта: «Афтӕ уын кӕй загътон, иу гыццыл ма, ӕмӕ мӕ нал фендзыстут, ӕмӕ та мӕ цасдӕры фӕстӕ ногӕй фендзыстут, зӕгъгӕ, уый тыххӕй фӕрсут уӕ кӕрӕдзийы? 20 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут, дуне та цин кӕндзӕн. Сымах маст кӕндзыстут+, фӕлӕ уӕ маст цинмӕ раивдзӕн+. 21 Сылгоймагӕн сывӕллон куы фӕгуыры, уӕд фӕтухӕн кӕны*, уымӕн ӕмӕ йӕ афон ӕрхӕццӕ+. Фӕлӕ сывӕллон куы райгуыры, уӕд дзы йӕ тухитӕ бынтондӕр ферох вӕййынц, дунемӕ адӕймаг кӕй фӕзынд, уый цинӕй. 22 Афтӕ сымах дӕр ныр маст кӕнут, фӕлӕ та уӕ ӕз фендзынӕн, ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг уыдзысты+, ӕмӕ уын уӕ цин ничиуал байсдзӕн. 23 Уыцы бон+ мӕ ӕппындӕр ницӕмӕйуал фӕрсдзыстут. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: мӕ Фыдӕй цыфӕнды ма ракурат+ мӕ номӕй,– ратдзӕн уын ӕй+. 24 Абоны онг дзы мӕ номӕй никуыма ницы ракуырдтат. Уӕдӕ дзы курут, ӕмӕ уын ратдзӕн, цӕмӕй уӕ цинӕн кӕрон ма уа+.
25 Адӕттӕ уын дзурын фӕсномыгӕй+. Фӕлӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уын фӕсномыгӕй ницыуал дзурдзынӕн – уӕд уын мӕ Фыды тыххӕй ӕргом радзурдзынӕн. 26 Уыцы бон мӕ Фыдӕй курдзыстут мӕ номӕй. Мӕн нӕ хъӕудзӕн мӕ Фыдӕн алы хатт сымах тыххӕй лӕгъстӕ кӕнын. 27 Фыд уӕ йӕхӕдӕг уарзы, уымӕн ӕмӕ сымах мӕн бауарзтат+ ӕмӕ баууӕндыдыстут, ӕз мӕ Фыды номӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ууыл+. 28 Ӕз рацыдтӕн мӕ Фыдӕй ӕмӕ ӕрцыдтӕн ацы дунемӕ. Ӕмӕ та ныр уадзын дуне ӕмӕ цӕуын фӕстӕмӕ мӕ Фыдмӕ»+.
29 Уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ загътой: «Ныр нын алцыдӕр дзурыс ӕргом, ӕмӕ фӕсномыгӕй ӕппындӕр ницы дзурыс. 30 Ныр ӕй зонӕм: ды алцыдӕр зоныс+ ӕмӕ дӕ нӕ хъӕуы, цӕмӕй дӕ исчи истӕмӕй фӕрса+. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ уырны, ды Хуыцауӕй кӕй ӕрцыдтӕ»+. 31 Йесо та сын загъта: «Ныр уӕ уырны? 32 Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ уӕ алчи йӕ хӕдзармӕ фӕлидздзӕн+, ӕмӕ мӕ иунӕгӕй ныууадздзыстут. Фӕлӕ ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ Фыд мемӕ ис+. 33 Адӕттӕ уын уый тыххӕй дзурын, цӕмӕй мӕ фӕрцы фарнӕй хайджын уат+. Ацы дунейы уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындзинӕдтӕ, фӕлӕ фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл»+.