Ездрӕ
7 Уыцы хабӕртты фӕстӕ, Персы паддзах Артаксерксы+ рӕстӕджы, цард иу адӕймаг, Ездрӕ+, зӕгъгӕ. Уый уыд Серайӕйы фырт+, Серайӕ та уыд Азарийы фырт, Азари – Хелкийы фырт+, 2 Хелки – Шаллумы фырт+, Шаллум – Садокы фырт, Садок – Ахитувы фырт+, 3 Ахитув – Амарийы фырт+, Амари – Азарийы фырт+, Азари – Мераиофы фырт+, 4 Мераиоф – Зерахийы фырт+, Зерахи – Уззийы фырт+, Уззи – Буккийы фырт+, 5 Букки – Авишуйы фырт+, Авишуй – Финеесы фырт+, Финеес – Елеазары фырт+, Елеазар – хистӕр сауджын+ Аароны фырт+. 6 Гъемӕ Ездрӕ рацыд Вавилонӕй. Ездрӕ уыд дӕсны писыр+ ӕмӕ-иу Моисейы закъон+, Израилы Хуыцау Йегъовӕ кӕй радта, уыцы закъон рафыста. Ӕмӕ йын йӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кодта*, уымӕ гӕсгӕ йын паддзах сарӕзта, цыдӕриддӕр дзы ракуырдта, уый+.
7 Ӕмӕ, Артаксеркс+ ӕвдӕм аз куы уыд паддзах, уӕд Израилы фырттӕй ӕмӕ сауджынтӕй+, левиттӕй+, зарӕггӕнджытӕй+, дуаргӕстӕй+ ӕмӕ нефинейтӕй+ чидӕртӕ Иерусалиммӕ араст сты. 8 Гъемӕ Ездрӕ Иерусалиммӕ ӕрцыд фӕндзӕм мӕйы, ома Артаксеркс ӕвдӕм аз куы уыд паддзах, уыцы аз. 9 Ездрӕ Вавилонӕй рацыд фыццаг мӕйы фыццаг бон ӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрхӕццӕ фӕндзӕм мӕйы фыццаг бон, уымӕн ӕмӕ йын йӕ Хуыцау ӕххуыс кодта*+. 10 Ездрӕ йӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кодта+, цӕмӕй Йегъовӕйы закъон+ ахуыр кодтаид, ӕххӕст ӕй кодтаид+ ӕмӕ Израилӕн уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ рӕстдзинад+ амыдтаид+.
11 Паддзах Артаксеркс сауджын Ездрӕмӕ, Йегъовӕ Израилӕн цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон-иу чи рафыста+, уымӕ, радта ахӕм фыстӕг:
12 «Паддзӕхты паддзах+ Артаксеркс+ фыссы сауджын Ездрӕмӕ, уӕлӕрвты Хуыцауы закъон чи рафыссы, уымӕ+. Ӕгӕрон фарнӕй хайджын у!+ 13 Ӕз дӕттын бардзырд+: мӕ паддзахады Израилы адӕмӕй, сӕ сауджынтӕй ӕмӕ левиттӕй чи цӕры+, уыдонӕй Иерусалиммӕ демӕ ацӕуын кӕйдӕриддӕр фӕнды, уый ацӕуӕд+. 14 Паддзах ӕмӕ йӕ авд уынаффӕгӕнӕджы+ бардзырд дӕттынц, цӕмӕй фенай+, Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы адӕм дӕ Хуыцауы+ закъон+, дӕ къухы чи ис, уыцы закъон, ӕххӕст кӕнынц ӕви нӕ. 15 Стӕй Израилы Хуыцауӕн, йӕ цӕрӕнбынат Иерусалимы кӕмӕн ис+, уыцы Хуыцауӕн паддзах ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджытӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ+ цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин радтой, уый дӕр демӕ ахӕсс. 16 Демӕ ма ахӕсс, дӕлбар бӕстӕ Вавилоны цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин ӕрӕмбырд кӕнай, стӕй адӕм+ ӕмӕ сауджынтӕ сӕ Хуыцауы хӕдзарӕн+, Иерусалимы чи ис, уыцы хӕдзарӕн сӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ цы лӕвар кӕнынц, уый дӕр. 17 Уыцы ӕхцатӕй-иу ӕвӕстиатӕй балхӕн галтӕ+, фырытӕ+, уӕрыччытӕ+, стӕй, хоры кувинӕгтӕн+ ӕмӕ кувинаг нозтӕн+ цы хъӕуы, уый дӕр ӕмӕ-иу сӕ Иерусалимы+ уӕ Хуыцауы хӕдзары+ нывондхӕссӕныл ӕрхӕсс.
18 Ӕвзистӕй ӕмӕ уӕм сызгъӕринӕй цы баззайа, уымӕн та ды ӕмӕ де ’фсымӕртӕ, растдӕр уӕм куыд кӕсы+, уӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ+, афтӕ бакӕнут+. 19 Дӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн дын цы мигӕнӕнтӕ+ ратдзысты, уыдон иууылдӕр Иерусалиммӕ+ фӕхӕццӕ кӕн ӕмӕ сӕ Хуыцауы раз ӕрӕвӕр. 20 Кӕд ма дӕ дӕ Хуыцауы хӕдзарӕн исты бахъӕуа, уӕд-иу уый та паддзахы хӕзнадонӕй райс+.
21 Ӕз, паддзах Артаксеркс, бардзырд дӕттын+, Стыр цӕугӕдоны+ иннӕ фарс цы хӕзнадонгӕстӕ+ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр: сауджын Ездрӕйӕн+, уӕлӕрвты Хуыцауы закъон чи рафыссы, уымӕн-иу ӕвӕстиатӕй раттут, цыдӕриддӕр уӕ ракура, уый – 22 сӕдӕ таланты*+ ӕвзист, сӕдӕ стыр дурыны*+ мӕнӕу, фӕйнӕ сӕдӕ дурыны*+ сӕн+ ӕмӕ сой+, цӕхх+ та, цас хъӕуа, уыйбӕрц. 23 Уӕлӕрвты Хуыцау цыдӕриддӕр зӕгъы+, уый уӕлӕрвты Хуыцауы хӕдзарӕн+ зӕрдиагӕй аразут+, цӕмӕй паддзахы бӕстӕмӕ ӕмӕ паддзахы фырттӕм йӕ маст ма ссудза+. 24 Стӕй йӕ зонут: сауджынтӕй+, левиттӕй+, зарӕггӕнджытӕй+, дуаргӕстӕй+, нефинейтӕй+ ӕмӕ, Хуыцауы хӕдзары чи кусы, уыдонӕй иу хъалон+ дӕр нӕй исӕн.
25 Ездрӕ, ды та архай, дӕ Хуыцау дӕ цы зондӕй+ схайджын кодта, уымӕй, ӕмӕ ӕхсӕны лӕгтӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ сӕвӕр, цӕмӕй тӕрхон кӕной+, Стыр цӕугӕдоны иннӕ фарс цыдӕриддӕр адӕм цӕры, уыдонӕн, дӕ Хуыцауы закъӕттӕ чи зоны, уыдонӕн. Чи сӕ нӕ зоны, уыдонӕн та сӕ амонут+. 26 Дӕ Хуыцауы закъон+ ӕмӕ паддзахы закъон чи не ’ххӕст кӕна, уый та хъуамӕ ӕвӕстиатӕй ӕфхӕрд ӕрцӕуа – кӕнӕ йӕ хъуамӕ маргӕ акӕной+, кӕнӕ йӕ хъуамӕ йӕ зӕххӕй хауӕггаг фӕкӕной+, кӕнӕ хъуамӕ ӕхца бафида+, кӕнӕ та йӕ хъуамӕ ахӕстоны бакӕной».
27 Табу нӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйӕн+, паддзахы зӕрдӕйы ахӕм хъуыды чи сӕвӕрдта+, цӕмӕй Иерусалимы Йегъовӕйы хӕдзар срӕсугъд кӕна!+ 28 Уый мӕ йе ’нувыд уарзтӕй барӕвдыдта+ – афтӕ бакодта, ӕмӕ мӕм паддзах ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджытӕ+, стӕй паддзахы хъомысджын кънйӕзтӕ се ’ппӕт дӕр хорз цӕстӕй ракастысты. Ӕмӕ мын мӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кодта+, уый фӕрцы мӕ ныфс бацыд, ӕмӕ Израилы хистӕрты ӕрӕмбырд кодтон, цӕмӕй мемӕ рацыдаиккой.