Давиды псалом.
26 О Йегъовӕ, тӕрхон мын кӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕз цардтӕн рӕстӕй+,
Ӕз мӕ зӕрдӕ дардтон Йегъовӕйыл, цӕмӕй ма фӕцудон+.
2 Ныккӕс мын мӕ зӕрдӕмӕ, о Йегъовӕ, ӕмӕ мӕ бафӕлвар+.
Ссыгъдӕг мын кӕн мӕ уыргтӕ ӕмӕ мӕ зӕрдӕ+.
3 Де ’нувыд уарзт ис мӕ цӕстыты раз,
Ӕмӕ ӕз цыдтӕн дӕ раст фӕндагыл+.
4 Ӕз никуы бадтӕн мӕнгард адӕмимӕ+
Ӕмӕ, йе ’цӕг цӕсгом чи ӕмбӕхсы, уыдонимӕ нӕ лымӕн кӕнын+.
5 Ӕз ме сӕфт уыдтон фыдгӕнджытӕй+,
Ӕмӕ ӕвзӕр адӕмимӕ нӕ фӕбадын+.
6 Ӕз мӕ къухтӕ ӕхсдзынӕн ӕнаххосдзинады+
Ӕмӕ зилдзынӕн дӕ нывондхӕссӕны алыварс, о Йегъовӕ+,
7 Цӕмӕй айзӕла мӕ арфӕйы ныхас+,
Цӕмӕй хъусын кӕнон де ’ппӕт диссаджы хъуыддӕгтӕ+.
8 Йегъовӕ, ӕз бауарзтон дӕ хӕдзар, дӕ цӕрӕнбынат+,
Ӕмӕ дӕ кад кӕм ис, уыцы бынат+.
9 Ма мын фесаф мӕ уд тӕригъӕдджынтимӕ+,
Ӕмӕ мӕ цард, ӕнаххос туг чи калы, уыдонимӕ+,
10 Йӕ къухтӕ фыдхъуыддӕгтӕй змӕст кӕмӕн сты+
Ӕмӕ йӕ рахиз къух гӕртӕмттӕй йедзаг кӕмӕн у, уыдонимӕ+.
11 Ӕз та – ӕз цӕрдзынӕн рӕстӕй+.
Курын дӕ, фервӕзын мӕ кӕн+ ӕмӕ мын дӕ хорзӕхӕй бахай кӕн+.
12 Мӕ къах лӕудзӕн лӕгъз ран+.
Стыр ӕмбырды Йегъовӕйӕн арфӕ кӕндзынӕн+.