1 Самуилы
24 Саул филистимӕгты+ фӕстейӕ асырдта. Ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд ын фӕхабар кодтой, Давид Ен-Гедийы+ ӕдзӕрӕг быдыры ис, зӕгъгӕ.
2 Саул ӕппӕт Израилӕй ракодта ӕртӕ мин хуыздӕр хӕстоны+ ӕмӕ ацыд, дзӕбидыртӕ кӕм вӕййынц, уыцы айнӕг къӕдзӕхты+ Давиды+ ӕмӕ йӕ адӕмы агурынмӕ. 3 Иуафон ӕрхӕццӕ, фӕндаггӕрон цы дурӕй конд фысдӕттӕ уыд, уырдӕм. Сӕ фарсмӕ та уыд лӕгӕт, ӕмӕ Саул уырдӕм йӕхи хъуыдыйы бацыд+. Уыцы рӕстӕг Давид ӕмӕ йӕ адӕм та лӕгӕты+ рӕбынӕй бадтысты. 4 Ӕмӕ Давидӕн йӕ адӕм загътой: «Кӕс, абон дын Йегъовӕ зӕгъы: „Де знаджы дын дӕ къухмӕ дӕттын+ ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый йын бакӕн“»+. Давид сыстад ӕмӕ сусӕгӕй Саулы ӕнӕдыс халаты кӕрон ралыг кодта. 5 Фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт+, Саулӕн йӕ халаты кӕрон кӕй ралыг кодта, уый тыххӕй. 6 Ӕмӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг ӕз нӕ бакӕндзынӕн, мӕ хицаумӕ, Йегъовӕйы сӕрст+ лӕггадгӕнӕгмӕ, мӕ къух нӕ сисдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕг у»+. 7 Гъемӕ Давид йӕ адӕмы ракодта ӕмӕ сӕ нӕ бауагъта Саулмӕ сӕ къух сисын+. Саул та лӕгӕтӕй рахызт ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндагыл ацыд.
8 Ӕмӕ уӕд Давид сыстад, лӕгӕтӕй рацыд ӕмӕ Саулмӕ фӕхъӕр кодта: «Мӕ буц хицау+, паддзах!» Саул фӕстӕмӕ фӕкаст, ӕмӕ Давид йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы+ онг ныллӕг акуывта. 9 Давид ын загъта: «Цӕмӕн хъусыс адӕмы ныхӕстӕм+, Давид дын ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ хъавы, зӕгъгӕ? 10 Дӕхӕдӕг ӕй уыныс, абон дӕ Йегъовӕ лӕгӕты мӕ къухмӕ кӕй радта. Афтӕ мын дзырдтой, амар+, дам, ӕй, фӕлӕ дын ӕз фӕтӕригъӕд кодтон ӕмӕ загътон: „Ӕз мӕ буц хицаумӕ мӕ къух нӕ сисдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый Йегъовӕйы сӕрст+ лӕггадгӕнӕг у“. 11 Кӕс-ма, мӕ фыдыхай+, мӕ къухы цы ис – де ’нӕдыс халаты кӕрон. Куы йӕ лыг кодтон, уӕд дӕ мӕ бон уыди амарын дӕр, фӕлӕ дӕ нӕ амардтон. Ныр ӕй уыныс ӕмӕ зоныс, фыдӕх дӕм кӕй нӕ хӕссын+ ӕмӕ дын ӕвзӕрӕй кӕй ницы ракодтон. Дӕ разы ницы тӕригъӕд сарӕзтон, ды та мӕ фӕдыл зилыс, цӕмӕй мын мӕ цард байсай+. 12 Нӕ дыууӕйӕ зылын чи у, уый Йегъовӕ равзарӕд+, ӕмӕ дӕ мӕ маст Йегъовӕ райсӕд+. Ӕз та дӕм мӕ къух нӕ сисдзынӕн+. 13 Рагон ӕмбисонд афтӕ зӕгъы, фыдгӕнджытӕй цӕуы фыддзинад, зӕгъгӕ+. Фӕлӕ дӕм ӕз та мӕ къух нӕ сисдзынӕн. 14 Кӕй ныхмӕ рацыд Израилы паддзах? Кӕй фӕдыл зилыс? Мард куыдзы фӕдыл?+ Цыдӕр ӕхсӕнчъы фӕдыл?+ 15 Йегъовӕ нын уыдзӕн тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ равзардзӕн, нӕ дыууӕйӕ зылын чи у, уый. Уый мын ӕркӕсдзӕн мӕ хъуыддагмӕ+ ӕмӕ мӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, ӕмӕ мӕ дӕ къухӕй фервӕзын кӕндзӕн».
16 Давид Саулӕн уыдӕттӕ куы загъта, уӕд ӕй Саул бафарста: «Давид, уый дӕ хъӕлӕс у, мӕ лӕппу?»+ Ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта+. 17 Стӕй йын загъта: «Ды мӕнӕй растдӕр дӕ+. Ды мын хорздзинад аразыс+, ӕз та дын ӕвзӕрдзинад аразын. 18 Хорз зӕрдӕ мӕм кӕй дарыс, уый абон равдыстай: Йегъовӕ мӕ дӕ къухмӕ радта+, фӕлӕ мӕ ды нӕ амардтай. 19 Искӕмӕн йе знаг йӕ къухмӕ куы бахауа, уӕд ӕй йӕ фӕндагыл сӕрӕгасӕй ауадздзӕн?+ Абон мын цы хорздзинад ракодтай, уый тыххӕй дын Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн+. 20 Ӕз ӕй зонын, ды ӕнӕмӕнг суыдзынӕ паддзах+ ӕмӕ Израилы паддзахад дӕ къухы уыдзӕн ӕнустӕм. 21 Уӕдӕ мын ныр Йегъовӕйӕ расомы кӕн+, мӕ байзӕддӕгты мын кӕй нӕ ныццӕгъддзынӕ ӕмӕ мын мӕ фыды хӕдзарӕй мӕ ном кӕй нӕ фесафдзынӕ»+. 22 Ӕмӕ Давид Саулӕн расомы кодта. Уый фӕстӕ Саул йӕ хӕдзармӕ аздӕхт+, Давид ӕмӕ йӕ адӕм та ацыдысты, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, ахӕм ранмӕ+.