2 Азфыстыты
17 Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иосафат+ ӕмӕ Израилы йӕ бартӕ фидар кодта. 2 Иудӕйы фидаргонд горӕтты се ’ппӕты дӕр сӕвӕрдта ӕфсӕдтӕ. Стӕй ӕфсады къордтӕ сӕвӕрдта Иудӕйы зӕххыл ӕмӕ, йӕ фыд Асӕ Ефремы зӕххыл кӕй байста, уыцы горӕтты дӕр+. 3 Йегъовӕ уыд Иосафатимӕ+, уымӕн ӕмӕ уый цыди, йӕ фыдӕл Давид+ цы фӕндӕгтыл цыд, уыдоныл ӕмӕ Ваалтӕн нӕ куывта+. 4 Иосафат агуырдта+ йӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ цард йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ+, ӕмӕ, Израил куыд кодта, афтӕ нӕ кодта+. 5 Ӕмӕ йын Йегъовӕ паддзахад йӕ къухы ӕрфидар кодта+. Ӕгас Иудӕйы адӕм Иосафатӕн лӕвӕрттӕ хастой+, ӕмӕ тынг схъӕздыг ӕмӕ йын уыди стыр кад+. 6 Йегъовӕйы фӕндӕгтыл цӕугӕйӕ йӕ зӕрдӕ сси хъӕбатыр+, ӕмӕ, Иудӕйы цы кувӕн бынӕттӕ+ ӕмӕ кувӕн цӕджындзтӕ+ уыд, уыдон ныппырх кодта.
7 Паддзах ӕртыккаг аз куы уыд, уӕд йӕ кънйӕзты, Бенхаил, Овади, Захари, Нафанаил ӕмӕ Михейы, арвыста, цӕмӕй Иудӕйы горӕтты адӕмы ахуыр кодтаиккой. 8 Семӕ ма ацыдысты левиттӕ Шемайӕ, Нефани, Зевади, Асаил, Шемирамоф, Ионафан, Адони, Тови, Тов-Адони, стӕй сауджынтӕ Елишамӕ ӕмӕ Иорам+. 9 Семӕ ахастой Йегъовӕйы закъоны чиныг+ ӕмӕ Иудӕйы адӕмы ахуыр кӕнын райдыдтой+. Уыдон зылдысты Иудӕйы ӕппӕт горӕттыл ӕмӕ адӕмы ахуыр кодтой.
10 Ӕмӕ, Иудӕйы алыварс цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны Йегъовӕ тас бауагъта+, ӕмӕ Иосафатимӕ нӕ хӕцыдысты+. 11 Филистимӕгтӕ йын ӕрвыстой лӕвӕрттӕ+ ӕмӕ йын фыстой хъалон+. Аравиӕгтӕ+ дӕр ын-иу фос ӕрбатардтой: авд мин авдсӕдӕ фыры ӕмӕ авд мин авдсӕдӕ цӕуы+.
12 Иосафат кодта фидарӕй-фидардӕр ӕмӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр+. Иудӕйы арӕзта фидаргонд горӕттӕ+ ӕмӕ горӕттӕ тыллӕг ӕфснайынӕн+. 13 Иудӕйы горӕтты бирӕ хъуыддӕгтӕ арӕзта. Иерусалимы йын уыди хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын+ хӕстонтӕ+. 14 Мӕнӕ сӕ хӕстӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Иудӕйы мыггаджы минты сӕргъы лӕууыдысты: хистӕр Аднӕ ӕмӕ йемӕ ӕртӕсӕдӕ мин хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын хӕстоны+. 15 Йӕ дӕлбар уыди хистӕр Йегъоханан ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ ӕстай мин адӕймаджы. 16 Йӕ дӕлбар ма ноджыдӕр уыд Зихрийы фырт Амаси, йӕхи Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн чи радта, уый+, ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ мин хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын хӕстоны. 17 Вениамины+ мыггагӕй дзы уыд хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын хӕстон Елиадӕ ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ мин хӕстоны, ӕрдын ӕмӕ уарт кӕмӕ уыд, ахӕмтӕ+. 18 Уый дӕлбар та уыди Йегъозавад ӕмӕ йемӕ сӕдӕ ӕстай мин гӕрзифтонг хӕстоны. 19 Паддзах ӕгас Иудӕйы фидаргонд горӕтты+ кӕй сӕвӕрдта, уыцы хӕстонтӕй уӕлдай ма йын лӕггад кодтой ацы хӕстонтӕ дӕр.