Псалом
Давиды куывд.
2 Хъахъхъӕн мын мӕ уд, уымӕн ӕмӕ дыл ӕз иузӕрдион дӕн+.
Ды дӕ мӕ Хуыцау. Фервӕзын кӕн дӕ лӕггадгӕнӕджы, дӕуыл дары йӕ зӕрдӕ+.
5 О Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ*+, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ+,
Чи дӕм сиды, уыдоны се ’ппӕты дӕр рӕдауӕй тавыс де ’нувыд уарзтӕй+.
9 Ды кӕй сфӕлдыстай, уыцы адӕмтӕ иууылдӕр ӕрцӕудзысты+
Ӕмӕ дын бакувдзысты, о Йегъовӕ+,
Ӕмӕ дын дӕ ном скадджын кӕндзысты+,
11 О Йегъовӕ, сараз мӕ дӕ фӕндагыл+,
Ӕз цӕудзынӕн дӕ раст фӕндагыл+.
Ӕрбангом мын кӕн мӕ зӕрдӕ, цӕмӕй дын дӕ номӕй тӕрсон+.
12 О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, ӕз дӕ кадджын кӕнын ӕппӕт зӕрдӕйӕ+.
Дӕ ном дын ӕнустӕм бӕрзонд кӕндзынӕн,
13 Уымӕн ӕмӕ стыр у, цы ӕнувыд уарзтӕй мӕ уарзыс, уый+.
14 О Хуыцау, мӕ ныхмӕ сыстадысты, йӕхиуыл чи фервӕссыд, уыдон+.
Ӕгъатыр адӕм мӕ марынмӕ хъавынц+.
Уыдонмӕ ды нымады дӕр нӕ дӕ+.
15 Фӕлӕ ды, о Йегъовӕ, ды дӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау+,
Мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс+, ӕгӕрон у де ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр дӕ раст+.