Руф
1 Адӕмӕн тӕрхонгӕнджытӕ+ куы уынаффӕ кодтой, уыцы бонты зӕххыл скодта ӕххормаг заман+. Ӕмӕ иу лӕг йӕ ус ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртимӕ Вифлеемӕй+, Иудӕйы зӕххӕй, ацыд Моавы зӕхмӕ+, цӕмӕй уал иуцасдӕр уым ацардаид. 2 Уыцы лӕгӕн йӕ ном уыди Елимелех, йӕ усы ном та – Ноемин, йӕ дыууӕ фырты та хуындысты Махлон ӕмӕ Хилеон. Уыдон уыдысты Ефремы+ мыггагӕй, Иудӕйы цы Вифлеем ис, уырдыгӕй. Гъемӕ Моавы зӕхмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ уым ӕрцардысты.
3 Иуцасдӕры фӕстӕ Елимелех, Ноемины лӕг, амард, ӕмӕ Ноемин баззад йӕ дыууӕ фыртимӕ. 4 Уӕдмӕ лӕппутӕ моаваг чызджытӕ ракуырдтой+. Иуы ном дзы уыди Орфӕ, иннӕйы ном та – Руф+. Ӕмӕ уым иу-дӕс азы фӕцардысты. 5 Стӕй Махлон ӕмӕ Хилеон дӕр амардысты, ӕмӕ уыцы сылгоймагӕн нал дӕр йӕ дыууӕ хъӕбулы уыдысты, нал дӕр йӕ лӕг. 6 Уӕд сыстад ӕмӕ йӕ чындзытимӕ Моавы зӕххӕй фӕстӕмӕ раздӕхт, уымӕн ӕмӕ ма Моавы зӕххыл куы уыди, уӕд фехъуыста, Йегъовӕ йӕ адӕммӕ+ кӕй ӕркаст ӕмӕ сын хойраг кӕй радта+.
7 Ноемин рацыд, кӕм царди, уырдыгӕй+, ӕмӕ йӕ дыууӕ чындзы дӕр уыдысты йемӕ. Ӕмӕ фӕстӕмӕ Иудӕйы зӕхмӕ иумӕ цыдысты. 8 Ӕмӕ Ноемин йӕ дыууӕ чындзӕн загъта: «Ацӕут, уӕ дыууӕ дӕр уӕ мадӕлты хӕдзармӕ аздӕхут. Йегъовӕ уӕ йе ’нувыд уарзтӕй барӕвдауӕд+, сымах уӕхӕдӕг дӕр, чи амард, уыдоны, стӕй мӕн дӕр уе ’нувыд уарзтӕй куыд рӕвдыдтат, афтӕ+. 9 Йегъовӕ уын ахӕм лӕвар ракӕнӕд+, ӕмӕ уӕ алчидӕр йӕ мойы хӕдзары ӕнцойдзинад+ куыд ссара». Уый фӕстӕ сын апъа кодта+, ӕмӕ уыдон тынг ныккуыдтой. 10 Ӕмӕ йын райдыдтой дзурын: «Нӕ! Мах дӕр демӕ цӕуӕм дӕ адӕммӕ»+. 11 Фӕлӕ сын Ноемин загъта: «Аздӕхут, мӕ чызджытӕ. Цӕмӕн цӕут мемӕ? Исты ма мӕ хуылфы фырттӕ ис, цӕмӕй сӕм смой кӕнат?+ 12 Аздӕхут, мӕ чызджытӕ. Ӕз моймӕ цӕуынӕн ӕгӕр зӕронд дӕн. Ӕниу, афтӕ дӕр куы зӕгъин, нырма мӕ ныфс ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ тӕккӕ ахсӕв дӕр лӕгимӕ ӕмуат куы ’рцӕуин ӕмӕ фырттӕ куы ныййарин+, 13 уӕд дӕр, цалынмӕ уыдон сыстыр уой, уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсиккат? Ӕмӕ уыдоны тыххӕй иунӕгӕй ӕрвитдзыстут уӕ бонтӕ ӕмӕ не смой кӕндзыстут? Нӕ, мӕ чызджытӕ! Куы уыл фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ зӕрдӕ мастӕй фӕцӕйтоны, Йегъовӕ мӕ ныхмӕ кӕй сси, уый тыххӕй»+.
14 Ӕмӕ та ногӕй хъӕрӕй ныккуыдтой. Стӕй Орфӕ йе ’фсинӕн апъа кодта ӕмӕ ацыд. Руф та йемӕ баззад+. 15 Уӕд ын Ноемин загъта: «Уыныс, дӕ идӕдз файнуст аздӕхт йӕ адӕммӕ ӕмӕ йӕ хуыцӕуттӕм+. Ацу, ды дӕр йемӕ аздӕх»+.
16 Фӕлӕ йын Руф загъта: «Ма мын дзур, цӕмӕй дӕ ныууадзон ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхон. Ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн, ӕмӕ ӕхсӕв ды кӕм ӕрлӕууай, уым ӕрлӕудзынӕн ӕз дӕр+. Дӕ адӕм уыдзысты мӕ адӕм дӕр+, ӕмӕ дӕ Хуыцау уыдзӕн мӕ Хуыцау дӕр+. 17 Ды кӕм амӕлай, уым амӕлдзынӕн ӕз дӕр+, ӕмӕ мӕ уым баныгӕндзысты. Йегъовӕйы фыдӕх мӕ баййафӕд+, мӕн дӕуӕй мӕлӕт йеддӕмӕ исты куы фӕхицӕн кӕна, уӕд».
18 Ноемин уый куы федта, ӕмӕ Руф йемӕ цӕуын фидарӕй сфӕнд кодта+, уӕд ын ницыуал загъта. 19 Ӕмӕ афтӕ дыууӕйӕ адарддӕр кодтой сӕ фӕндаг суанг Вифлеемы онг+. Куыддӕр Вифлееммӕ ӕрхӕццӕ сты, афтӕ ӕнӕхъӕн горӕт базмӕлыд+. Сылгоймӕгтӕ дзырдтой: «Ай Ноемин у, ӕви?»+ 20 Фӕлӕ сын Ноемин дзуапп лӕвӕрдта: «Ма мӕ хонут Ноемин*. Хонут мӕ Марӕ*, уымӕн ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомысджын+ стыр мӕстытӕ бавзарын кодта+. 21 Ардыгӕй дзагхӕдзарӕй ацыдтӕн+, фӕлӕ мын Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ афтидкъухӕй ӕрыздӕхтӕн+. Цӕмӕн ма мӕ хонут Ноемин, Йегъовӕ мӕ куы фегад кодта+ ӕмӕ мӕ Ӕппӕтхъомысджын бӕллӕхы хай куы бакодта, уӕд?»+
22 Афтӕ Ноемин Моавы зӕххӕй+ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ йемӕ ӕрцыд йӕ чындз дӕр – моаваг сылгоймаг Руф. Ноемин ӕмӕ Руф Вифлееммӕ+ ӕрцыдысты, хъӕбӕрхор кӕрдыны афон куы райдыдта, уӕд+.