Захари
7 Дари цыппӕрӕм аз куы уыд паддзах+, уыцы аз фарӕстӕм мӕйы, ома кислевы мӕйы+, мӕйӕн йӕ цыппӕрӕм бон Захаримӕ Йегъовӕйӕ уыд ныхас. 2 Вефилы адӕм Шарецеры ӕмӕ Регем-Мелехы сӕ адӕмимӕ арвыстой, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кодтаиккой+ 3 ӕмӕ, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы хӕдзары цы сауджынтӕ+ уыд, уыдоны ӕмӕ пехуымпарты бафарстаиккой: «Уал азы дӕргъы куыд кодтон+, афтӕ та хъуамӕ фӕндзӕм+ мӕйы дӕр кӕуон ӕмӕ ком дарон?»
4 Ӕмӕ мын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ загъта: 5 «Ацы бӕстӕйы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ сауджынтӕн дӕр зӕгъ: „Ӕвдай азы+ дӕргъы-иу фӕндзӕм мӕйы ӕмӕ ӕвдӕм+ мӕйы ком куы дардтат+ ӕмӕ куы куыдтат, уӕд-иу ком мӕн тыххӕй дардтат?+ 6 Ӕмӕ-иу куы хордтат ӕмӕ куы нызтат, уӕд дӕр-иу уӕхи тыххӕй нӕ хордтат ӕмӕ нӕ нызтат? 7 Иерусалим ӕмӕ йӕ алыварс горӕттӕ цӕрджытӕй йедзаг куы уыдысты ӕмӕ ӕнцад-ӕнцойӕ куы цардысты, стӕй Негев+ ӕмӕ Шефелӕ+ дӕр цӕрджытӕй йедзаг куы уыдысты, уӕд уын Йегъовӕ раздӕры пехуымпарты уылты цы дзырдта+, уымӕ хъуамӕ ма хъуыстаиккат?“»+
8 Ӕмӕ та Йегъовӕ Захарийӕн загъта: 9 «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ӕцӕг рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнут+, кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй уарзут+ ӕмӕ кӕрӕдзимӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисут+. 10 Идӕдз усы+ ӕмӕ сидзӕры*+, стӕй ӕрцӕуӕггаджы+ ӕмӕ ӕфхӕрд адӕймаджы+ дӕр ма сайут. Ӕмӕ уӕ зӕрдӕты кӕрӕдзийы ныхмӕ фыдвӕндтӕ ма кӕнут“+. 11 Фӕлӕ йын уыдон йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой+, сӕ чъылдым* ӕм сыздӕхтой+ ӕмӕ сӕ хъустӕ сӕхгӕдтой, цӕмӕй мацы хъуыстаиккой+. 12 Сӕ зӕрдӕ+ ныддур кодтой, цӕмӕй ма хъуыстаиккой закъонмӕ+ ӕмӕ сын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ йӕ тыхы*+ фӕрцы раздӕры пехуымпарты+ уылты цы дзырдта, уымӕ. Ӕмӕ сӕм уый тыххӕй ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы маст ссыгъд»+.
13 «„Ӕз сӕм куы дзырдтон, уӕд мӕм нӕ хъуыстой+. Ӕмӕ сӕм уый тыххӕй ӕз дӕр нӕ хъуыстон+, куы мӕм дзырдтой, уӕд“,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.– 14 Кӕй нӕ зыдтой+, уыцы адӕмтыл сӕ тыхдымгӕйау ныппырх кодтон+. Сӕ зӕхх сӕ фӕстӕ дзӕгъӕл баззад – нал ыл цӕуӕг уыди, нал, фӕстӕмӕ чи ӕрбаздӕхтаид+, ахӕм. Бӕллиццаг зӕхх+ диссагӕн дзуринаг фӕкодтой“».