Райдиан
47 Гъемӕ Иосиф фараонмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта+: «Мӕ фыд ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты Ханааны зӕххӕй ӕмӕ ныр сты Гесемы. Семӕ сты сӕ фос ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр ис, уый»+. 2 Иосиф ма йемӕ фараонмӕ бакодта йе ’фсымӕртӕй фондзы+.
3 Ӕмӕ йын фараон йе ’фсымӕрты бафарста: «Цы куыст кӕнут?»+ Уыдон фараонӕн дзуапп радтой: «Дӕ цагъартӕ сты фыййӕуттӕ+. Уыцы куыст кодтой нӕ фыдӕлтӕ дӕр»+. 4 Ӕмӕ йын уый фӕстӕ загътой: «Мах ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй иуцасдӕр ацы зӕххыл ацӕрӕм+, уымӕн ӕмӕ Ханааны зӕххыл тынг ӕххормаг рӕстӕг скодта+, ӕмӕ дӕ цагъартӕн, сӕ фос кӕм хизой, уый нӕй+. Ӕмӕ дӕ курӕг стӕм, дӕ цагъарты бауадз Гесемы ӕрцӕрын»+. 5 Ӕмӕ уӕд фараон Иосифӕн загъта: «Дӕ фыд ӕмӕ дӕм де ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты. 6 Египеты зӕхх иууылдӕр дӕ разы ис+. Дӕ фыды ӕмӕ де ’фсымӕрты ӕппӕты хуыздӕр ран ӕрцӕрын кӕн+. Цӕрӕнт Гесемы+. Ӕмӕ кӕд се ’хсӕн хъӕбатыр адӕймӕгтӕ ис+, уӕд сын мӕ фос сӕ бар бакӕн»+.
7 Уый фӕстӕ Иосиф фараонмӕ бакодта йӕ фыд Иаковы ӕмӕ йын загъта, ай мӕ фыд у, зӕгъгӕ, ӕмӕ Иаков фараонӕн раарфӕ кодта+. 8 Ӕмӕ фараон Иаковы бафарста: «Цал азы дыл цӕуы?» 9 Иаков фараонӕн дзуапп радта: «Алы рӕтты ӕрцӕуӕггагӕй фӕцардтӕн сӕдӕ ӕртын азы+. Гыццыл ӕмӕ тухиаг уыдысты мӕ царды бонтӕ+. Ӕз, мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, уыйбӕрц нӕ фӕцардтӕн – уыдон дӕр алы рӕтты ӕрцӕуӕггагӕй фӕцардысты»+. 10 Уый фӕстӕ Иаков фараонӕн раарфӕ кодта ӕмӕ рацыд+.
11 Гъемӕ фараон куыддӕриддӕр загъта, афтӕ Иосиф йӕ фыды ӕмӕ йе ’фсымӕрты ӕрцӕрын кодта Египеты зӕххыл. Зӕххытӕ сын радта ӕппӕты хуыздӕр ран, Раамсесы+. 12 Ӕмӕ Иосиф йӕ фыдӕн, йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йӕ фыды хӕдзаронтӕн се ’ппӕтӕн дӕр хӕринаг лӕвӕрдта+, кӕмӕн дзы цал сывӕллоны уыди, уымӕ гӕсгӕ+.
13 Фӕстагмӕ ӕгас зӕххыл хӕринаг нал уыди, уымӕн ӕмӕ тынг ӕххормаг рӕстӕг скодта+, ӕмӕ Египеты зӕххыл дӕр ӕмӕ Ханааны зӕххыл дӕр адӕмӕн ӕххормагӕй сӕ бон нал уыд+. 14 Ӕмӕ Иосиф ӕмбырд кодта, Египеты ӕмӕ Ханааны зӕххыл цыдӕриддӕр ӕхцатӕ уыди, адӕм хор кӕмӕй ӕлхӕдтой, уыцы ӕхцатӕ иууылдӕр+, ӕмӕ сӕ фараоны хӕдзары ӕвӕрдта. 15 Гъемӕ цасдӕры фӕстӕ Египеты зӕххыл дӕр ӕмӕ Ханааны зӕххыл дӕр ӕхца никӕмӕуал баззад. Ӕмӕ египетӕгтӕ се ’ппӕт дӕр Иосифмӕ цӕуын байдыдтой ӕмӕ йын дзырдтой: «Ратт нын хойраг!+ Ӕхца нӕм нал ис, ӕмӕ ныр уый тыххӕй хъуамӕ ӕххормагӕй амӕлӕм дӕ разы?»+ 16 Ӕмӕ сын уӕд Иосиф загъта: «Кӕд уӕм ӕхца нал ис, уӕд ӕрбатӕрут уӕ фос, ӕмӕ уын ӕз та дӕтдзынӕн хойраг». 17 Ӕмӕ сӕ фос Иосифмӕ тӕрын байдыдтой, ӕмӕ сын сӕ бӕхты, сӕ фысты, се стурты ӕмӕ сӕ хӕрджыты ныхмӕ Иосиф лӕвӕрдта хойраг+. Гъемӕ йӕм сӕ фос тардтой, ӕмӕ сӕ уыцы аз хойрагӕй цух нӕ уагъта.
18 Уӕдмӕ уыцы аз фӕци, ӕмӕ та иннӕ аз адӕм Иосифмӕ цӕуын байдыдтой ӕмӕ йын дзырдтой: «Цы йӕ ӕмбӕхсӕм дӕуӕй, нӕ буц хицау: не ’хца ӕмӕ нӕ фос дӕр иууылдӕр нӕ буц хицауӕн радтам+. Ницыуал нӕм баззад, нӕхицӕй ӕмӕ нӕ зӕххытӕй фӕстӕмӕ+. 19 Дӕ разы цӕмӕн хъуамӕ фесӕфӕм+ нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ зӕххытӕ дӕр? Балхӕн нӕ, хойрагыл дын дӕттӕм нӕхи ӕмӕ нӕ зӕххытӕ+, ӕмӕ нӕ зӕххытимӕ фараонӕн цагъартӕ уыдзыстӕм. Ӕмӕ нын ратт мыггаг тауынӕн, цӕмӕй аирвӕзӕм, кӕннод ӕххормагӕй амӕлдзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕххытӕ дӕр дзӕгъӕл баззайдзысты»+. 20 Гъемӕ Иосиф египетӕгты зӕххытӕ иууылдӕр фараонӕн балхӕдта+, уымӕн ӕмӕ адӕм ӕххормагӕй мардысты, ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ зӕхх ауӕй кодта. Ӕмӕ афтӕмӕй зӕхх иууылдӕр баци фараоны.
21 Египеты бӕстӕйы иу кӕронӕй иннӕмӕ цыдӕриддӕр адӕм цард, уыдоны та сыстын кодта ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кодта горӕтты+. 22 Ӕрмӕст дзуарылӕгты зӕххытӕ нӕ балхӕдта+, уымӕн ӕмӕ дзуарылӕгтӕ цардысты, фараон сын цы лӕвӕрдта, уымӕй+. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыдон сӕ зӕххытӕ нӕ ауӕй кодтой+. 23 Ӕмӕ Иосиф адӕмӕн загъта: «Ӕз уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ зӕххытӕ дӕр фараонӕн балхӕдтон. Мӕнӕ уын мыггаг, ӕмӕ йӕ уӕ хуымты байтаут+. 24 Цы тыллӕг дзы сисат+, уымӕн йӕ фӕндзӕм хай ратдзыстут фараонӕн+, цыппар хайы та баззайдзысты уӕхицӕн – хуымтӕ тауынӕн, стӕй уын уыдзӕн хӕринаг дӕр уӕхицӕн, уӕ хӕдзӕртты чи ис, уыдонӕн ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕн»+. 25 Гъемӕ йын уыдон загътой: «Нӕ буц хицау, ды нӕ аирвӕзын кодтай+. Дӕ хорзӕх нӕ уӕд, ӕмӕ цагъартӕ дӕр уыдзыстӕм фараонӕн»+. 26 Ӕмӕ Иосиф рауагъта закъон Египеты зӕххыты тыххӕй, цӕмӕй тыллӕджы фӕндзӕм хай дӕттой фараонӕн, ӕмӕ уыцы закъон йӕ тыхы ис абоны онг дӕр. Ӕрмӕст дзуарылӕгты зӕххытӕ нӕ баисты фараоны – уыдонӕн сӕ хабар ӕндӕр уыд+.
27 Гъемӕ израилӕгтӕ цардысты Египеты зӕххыл, Гесемы+. Уым ӕрбынӕттон сты, цот уагътой ӕмӕ тынг сбирӕ сты+. 28 Иаков Египеты фӕцард ӕвддӕс азы. Ӕдӕппӕтӕй та фӕцард сӕдӕ цыппор авд азы+.
29 Ӕмӕ ӕрхӕстӕг Израилӕн йӕ мӕлӕты сахат+. Ӕмӕ фӕдзырдта йӕ фырт Иосифмӕ ӕмӕ йын загъта: «Кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон, уӕд дӕ курӕг дӕн, дӕ къух мын мӕ быны*+ бакӕн ӕмӕ мын расомы кӕн, де ’нувыд уарзтӕй мӕ ӕнӕхай кӕй нӕ фӕкӕндзынӕ ӕмӕ мыл дӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивдзынӕ+. Курӕг дӕ дӕн, Египеты мӕ ма баныгӕн+. 30 Ӕз дӕр мӕ фыдӕлтау куы амӕлон+, уӕд-иу мын мӕ мард Египетӕй рахӕсс ӕмӕ-иу мӕ сӕ фарсмӕ бавӕр»+. Иосиф ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзынӕн». 31 Уӕд ын Израил загъта: «Расомы мын кӕн». Ӕмӕ йын Иосиф расомы кодта+. Ӕмӕ уӕд Израил йӕ нывӕрзӕнырдӕм разылд ӕмӕ йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта+.