Райдиан
12 Йегъовӕ Аврамӕн загъта: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ дӕ фыды хӕдзар, ӕмӕ дын ӕз цы бӕстӕмӕ бацамондзынӕн, уырдӕм ацу+. 2 Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм, раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ* скадджын кӕндзынӕн, ӕмӕ иннӕтӕн хъуамӕ суай арфӕдзинад+. 3 Ӕз арфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕн чи арфӕ кӕна, уыдонӕн, чи дӕ ралгъита, уый та ме ’лгъыст баййафдзӕн+, ӕмӕ дӕ фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты* зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр»+.
4 Ӕмӕ уӕд Аврам Харранӕй рацыд, Йегъовӕ йын куыд загъта, афтӕ. Йемӕ рацыд Лот дӕр. Аврам Харранӕй+ куы рацыд, уӕд ыл цыди ӕвдай фондз азы. 5 Аврам йемӕ ракодта йӕ ус Сарӕйы+, йе ’фсымӕры лӕппу Лоты+, семӕ рахастой сӕ фӕллӕйттӕ+, стӕй ма ракодтой, Харраны сӕм цы лӕггадгӕнджытӕ* уыди, уыдоны дӕр, ӕмӕ араст сты Ханааны зӕхмӕ+. Ӕмӕ Ханаанмӕ куы ’рцыдысты, 6 уӕд Аврам ӕрзылд уыцы зӕххыл, суанг, Сихем+ кӕй хуыдтой, уыцы бынаты онг – уый ис Морейы+ стыр бӕлӕсты цур. Уыцы рӕстӕг дзы цардысты ханаайнӕгтӕ. 7 Уӕд Йегъовӕ фӕзынд Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн+ дӕ байзӕддагӕн»+. Уый фӕстӕ Аврам уым сарӕзта нывондхӕссӕн, чи йӕм фӕзынд, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕн. 8 Стӕй уырдыгӕй араст, Вефилӕй+ скӕсӕнырдыгӕй цы хӕхбӕстӕ ис, уырдӕм, ӕмӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта Вефил ӕмӕ Гайы+ ’хсӕн. Вефил уыди ныгуылӕнырдыгӕй, Гай та – скӕсӕнырдыгӕй. Уым Йегъовӕйӕн сарӕзта нывондхӕссӕн+ ӕмӕ Йегъовӕйы ном ссардта+. 9 Цасдӕры фӕстӕ Аврам уырдыгӕй сыстад ӕмӕ араст Негевы+ ’рдӕм – куы-иу иу ран ӕрӕвӕрдта йӕ цатыртӕ, куы – иннӕ ран.
10 Уыцы бӕстӕйы скодта ӕххормаг заман. Ӕмӕ Аврам ацыд Египетмӕ, цӕмӕй уал иуцасдӕр+ уым ацардаид, уымӕн ӕмӕ тынг ӕххормаг заман скодта+. 11 Аврам Египетмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд йӕ ус Сарӕйӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм. Рӕсугъд сылгоймаг дӕ+, 12 ӕмӕ дӕ египетӕгтӕ куы феной, уӕд зӕгъдзысты, ай йӕ ус у, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕ амардзысты, дӕу та удӕгасӕй ныууадздзысты. 13 Ӕмӕ дӕ курын, зӕгъ-иу сын, йӕ хо+ дӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕй мыл мацы фыдбылыз ӕрцӕуа ӕмӕ дӕ фӕрцы удӕгасӕй баззайон*»+.
14 Аврам Египетмӕ куы ’рцыд, уӕд египетӕгтӕ федтой, Сарӕ тынг рӕсугъд сылгоймаг кӕй у. 15 Сӕ цӕст ыл ӕрӕвӕрдтой фараоны кънйӕзтӕ дӕр ӕмӕ дзы фараонӕн раппӕлыдысты. Уӕд Сарӕйы акодтой фараоны хӕдзармӕ. 16 Ӕмӕ фараон Сарӕйы тыххӕй Авраммӕ дӕр хорз цӕстӕй ракаст, ӕмӕ йын радта фыстӕ, стуртӕ, хӕрджытӕ, теуатӕ, стӕй лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгты ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты+. 17 Фӕлӕ Йегъовӕ Аврамы ус Сарӕйы+ тыххӕй фараоныл ӕмӕ йӕ хӕдзаронтыл уӕззау низтӕ*+ бафтыдта. 18 Ӕмӕ уӕд фараон Авраммӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Дӕ ус кӕй у, уый мын цӕуылнӕ загътай?+ 19 Афтӕ мын цӕмӕн загътай, мӕ хо+ у, зӕгъгӕ? Гыццыл ма, ӕмӕ дзы мӕхицӕн ус скодтаин. Мӕнӕ дӕ ус. Акӕн ӕй ӕмӕ ацу!» 20 Ӕмӕ йӕ фараон йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, ӕмӕ йӕ уыдон ахизын кодтой – йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ усы дӕр, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уыдон дӕр йемӕ, афтӕмӕй+.