116 Мӕ зӕрдӕ уарзондзинадӕй байдзаг, уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ хъусы+
Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ мӕ лӕгъстӕтӕ+.
2 Йӕ хъус мӕм ӕрдардта+,
Ӕмӕ йӕм ӕз ӕххуысмӕ сиддзынӕн, цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ+.
3 Мӕлӕты бӕндӕнтӕ мыл ӕртыхстысты+.
Къуындӕг уавӕрты бахаудтӕн, цыма ингӕны уыдтӕн, афтӕ+.
Ӕз бавзӕрстон бирӕ бӕллӕхтӕ ӕмӕ мӕстытӕ+.
4 Фӕлӕ Йегъовӕмӕ йӕ номӕй скуывтон+:
«О Йегъовӕ, мӕ уд мын фервӕзын кӕн!»+
5 Йегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ рӕстаг Хуыцау+,
Нӕ Хуыцау у фӕлмӕнзӕрдӕ+.
6 Йегъовӕ хъахъхъӕны ӕвӕлтӕрдты+.
Хъару мӕм нал баззад, ӕмӕ мӕ фервӕзын кодта+.
7 Ӕрсабыр у, мӕ уд+,
Уымӕн ӕмӕ дын Йегъовӕ хорздзинад ракодта+.
8 Ды мын бахызтай мӕ уд мӕлӕтӕй+,
Мӕ цӕстытӕ – цӕссыгӕй, мӕ къах мын фӕцудын нӕ бауагътай+.
9 Ӕз цӕудзынӕн+ Йегъовӕйы раз удӕгӕсты зӕххыл+.
10 Мӕнмӕ уыд уырнындзинад+, ӕмӕ дзырдтон+.
Ӕз уыдтӕн тынг уынгӕджы.
11 Ӕмӕ мӕ фыртыхстӕй загътон+:
«Алы адӕймаг дӕр у мӕнгард»+.
12 Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдтӕ+
Цӕмӕй бафиддзынӕн?+
13 Стыр ирвӕзындзинады нуазӕн райсдзынӕн+
Ӕмӕ Йегъовӕмӕ йӕ номӕй скувдзынӕн+.
14 Йегъовӕйӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уыдон сӕххӕст кӕндзынӕн+,
Сӕххӕст сӕ кӕндзынӕн йӕ адӕмы раз.
15 Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы
Йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты мӕлӕтмӕ+.
16 О Йегъовӕ+,
Ӕз дӕн дӕ лӕггадгӕнӕг+.
Ӕз дӕн дӕ лӕггадгӕнӕг, дӕ цагъар-сылгоймаджы фырт+.
Ды мын райхӕлдтай мӕ бӕттӕнтӕ+.
17 Дӕуӕн ӕрхӕсдзынӕн арфӕйы нывонд+,
Йегъовӕмӕ йӕ номӕй скувдзынӕн+.
18 Йегъовӕйӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уыдон сӕххӕст кӕндзынӕн+,
Сӕххӕст сӕ кӕндзынӕн йӕ адӕмы раз+,
19 Йегъовӕйы хӕдзары кӕртыты+,
Дӕ астӕу, о Иерусалим+.
Кадджын кӕнут Йагъы!+