Амонӕгӕн. Хъисфӕндыртыл. Давиды псалом.
61 О Хуыцау, фехъус мын мӕ дзыназын+,
Дӕ хъус ӕрдар мӕ куывдмӕ+.
2 Зӕххы кӕронӕй дӕр дӕм хъӕр кӕндзынӕн, мӕ зӕрдӕ куы ’рлӕмӕгъ уа, уӕд+.
Скӕн мӕ бӕрзонд къӕдзӕхмӕ+.
3 Ды уыдтӕ ме ’мбӕхсӕн+,
Мӕ фидар мӕсыг знаджы раз+.
4 Ды мӕ ӕнустӕм суазӕг кӕндзынӕ дӕ цатыры+.
Ӕз бамбӕхсдзынӕн дӕ базырты бын+. (Села́)
5 Уымӕн ӕмӕ ды, о Хуыцау, фехъуыстай мӕ сомытӕ+.
Ды мын бахай кодтай, дӕуӕй чи тӕрсы, уыдон цы бынтӕй сты хайджын, уыдонӕй+.
6 Ды бафтаудзынӕ паддзахӕн йӕ царды бонтыл+,
Йӕ азтӕ уыдзысты бирӕ фӕлтӕрты азтау+.
7 Уый ӕнустӕм цӕрдзӕн Хуыцауы раз+.
Ӕнувыд уарзт ӕмӕ йын иузӕрдиондзинад хъахъхъӕнджытӕй сӕвӕр+.
8 Ӕз та ӕнустӕм зардзынӕн дӕ номӕн+,
Цӕмӕй мӕ сомытӕ алы бон дӕр ӕххӕст кӕнон+.