Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ
Давиды зарӕг.
23 Йегъовӕ у мӕ Фыййау+.
Ӕз ницы цух уыдзынӕн+.
2 Кӕрдӕгджын хизӕнты мӕ ӕрхуыссын кӕны+,
Донджын улӕфӕн бынӕттӕм мӕ акӕны+.
3 Мӕ уды мын хъарутӕ бауадзы+.
Кӕны мӕ рӕстдзинады фӕндӕгтыл йӕ номы тыххӕй+.
4 Саудалынг комы дӕр куы ацӕуон+,
Уӕд дӕр ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн+,
Уымӕн ӕмӕ ды мемӕ дӕ+.
Дӕ лӕдзӕг ӕмӕ мын дӕ хъил сты удӕнцойы хос+.
5 Ды мын фынг ӕрӕвӕрдтай ме знӕгтӕн сӕ тӕккӕ цӕстыты раз+,
Мӕ сӕрыл мын сой рауагътай+,
Мӕ нуазӕн кӕлы йӕ былтӕй+.
6 Хорздзинад ӕмӕ ӕнувыд уарзт мемӕ уыдзысты цӕрӕнбонты+,
Ӕмӕ ӕз Йегъовӕйы хӕдзары цӕрдзынӕн бирӕ бонты+.